Дмитрий Иваны фырт Менделеевы райгуырдыл 190 азы сæххæсты æмæ химион элементты периодикон таблицæйы байгомыл 155 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд юбилейон изæр.

Мадзал бацæттæ кодта ацы скъолайы химийы ахуыргæнæг Марина Муратова. Хуынд æм æрцыдысты нæ горæты æмæ районты скъолаты химийы ахуыргæнджытæ, афтæ ма дзы хайад райстой скъолайæн йæхи ахуыргæнджытæ дæр.

Ивгъуыд æнусы зындгонд ахуыргонды цард æмæ зонадон архайдыл уæрæхæй æрдзырдтой 10-æм къласы ахуырдзаутæ, бакастысты æмдзæвгæтæ. Дмитрий Иваны фырт Менделеев райгуырд 1834 азы 27-æм январы горæт Тобольскы. 1869 азы Менделеев сарæзта химион элементты периодикон таблицæ æмæ афтæмæй дунейыл айхъуыст йæ ном. Абоны онг дæр актуалон у Менделеевы таблицæ. Растдæр йæ фæрцы базыдта дуне æрдзы бирæ элементтæ, уæды онг иртæстгонд чи нæ уыдысты, уыдоны тыххæй.

Йæ царды фæстаг азты Менделеев, йæ фыдау, хъизæмар кодта цæстыты низæй, æгæрыстæмæй цыдæр рæстæг куырм дæр бацис. Хъуыддаджы гæххæттытæ-иу ын кастысты хъæрæй, бардзырдтæ та фыссын кодта секретарæн. Йæ цæстытыл ын операци бæргæ скодтой, фæлæ йе нæниздзинад кæронмæ нал сæндидзыдта. Менделеев йæ цардæй ахицæн 1907 азы 20-æм январы рæуджыты низæй. Менделеевы цытæн уырыссаг физикон-химион æхсæнад сфидар кодта дыууæ премийы химийæ хуыздæр куыстыты тыххæй. Ахуыргонды библиотекæ йæ кабинеты дзаумæттимæ иумæ радтой  Петрограды университетæн æмæ æвæрд сты сæрмагонд бынаты, ома йæ кæддæры фатеры.

Менделеев æнувыд уыд зонадыл, уарзта йæ райгуырæн бæстæ æмæ йын йæ сомбо-нæн дæр тынг бирæ сарæзта. Фæлтæртæ ивынц, фæлæ йæ хъуыдытæ æмæ диссаджы æрхъуыдыдзинæдтæ абоны онг дæр адæймагадæн сты хъæуæг, ахсджиаг. Дмитрий Менделеевы цытæн Уæрæсейы хицауад рауагъта майдан дæр, кæцы лæвæрд æрцæуы химийы фадыджы æнтыстытæ кæмæн вæййы, ахæм ахуыргæндтæн.

Мадзал рауад тынг цымыдисон, хорз тæлмæнтæ ныууагъта куыд уазджытыл, афтæ мадзалмæ æрбамбырдуæвджытæй алкæуыл дæр.

Ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты хистæр методист Строгонова Наталья загъта, зæгъгæ, стыр æхцондзинад кæй райса мадзалæй, сывæллæтты зонындзинæдтæ йæ дисы кæй бафтыдтой.

Скъолайы директор Туаты Мадинæ бузныг загъта уазджытæн, афтæ йæ организатортæн дæр.

Мадзал фæцис зынгæ ахуыргонды ныхæстæй: «Наука только тогда благотоворна, когда мы его принимаем не только разумом, но и сердцем!».

КОКАЙТЫ Зæринæ  

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.