Ивгъуыд къуырийы Знауыры районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ бавнæлдтой Гомарты кувæндоны алфæмблай сыгъдæг кæнынмæ.

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан уый размæ бахæс кодта Культурæйы министрадæн, цæмæй хæрзарæзт æрцæуой культурæйы цыртдзæвæнтæ æмæ рагон кувæндæттæ. Гомарты дзуар хауы XII азы цыртдзæвæнтæм æмæ нымад у туристон объектыл, уый дæр бахауд  культурон бынты номхыгъдмæ. Æфснайæн куыстытæ дзуары алфæмблай цыдысты цалдæр боны æмæ 4-æм июны Гомарты дзуары Æртæиууоны бæрæгбон куы нысан кодтой йæ алфæмблай хъæуы цæрджытæ, уæд йе ссæуæн фæндаг уыд æнцонвадат.

Цымыдисон у йæ равзæрд Гомарты дзуарæн. Легендæмæ гæсгæ Хуыцауыл суæлхох сты адæм, нал ын кувтой. Ницæмæуал æй дардтой. Æмæ сыл уæд Хуыцау дæр рахæтыд. Ахæм къæвдатæ рауагъта æмæ сыл хъаймæты бон æркодта. Зæххыл цыдæриддæр зынг уыди, уыдон иууылдæр ахуыссыдысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ зынг, æнæ артæй цæрæн нæй æмæ сæфты къахыл ныллæууыдысты. Уæд адæм бауынаффæ кодтой, цæмæй Хуыцаумæ арвитой минæвар, балæгъстæ йын кæной æмæ сын зынг радта фæстæмæ. Агуырдтой, кæй арвитой минæвар æмæ сфæнд кодтой, цæмæй Хуыцауы уарзон цъиу –  зæрватыккæн бахæс кæной ацы хъуыддаг. Зæрватыкк Хуыцауæн радзырдта адæмы хъизæмæрттæ. Хуыцау адæммæ мæсты уыд, фæлæ сæ уæддæр уарзта æмæ сын фæтæригъæд кодта, бæрзонд ран ссыгъта арт. Цæмæй ракæсгæйæ, йæ алыварс цы хъæутæ ис, уыдон æй иууылдæр феной. Адæм арт куы ауыдтой, уæд кæрæдзимæ цингæнгæ лыгъдысты, мæнæ, дам, «æргом арт» æмæ уæдæй фæстæмæ уыцы бынат ссис кувæндон. Йæ ном та йын схуыдтой – Гомарты дзуар.

Ацы бæрæгбон нысан кæнынц Знауыры районы бирæ хъæутæ. Йæ сæйрагдæр кувæндæттæ сты Цъорбис æмæ Уахтанайы хъæуты.

Дзуарыбонтæм-иу сæхи развæлгъау фæцæттæ кодтой адæм. Æнæмæнг бахсидын хъуыд бæгæны, рауадзын хъуыд арахъ. Хæрзæфснайд кæнын хъуыд хæдзар. Дзуары бын кæд нæ, уæддæр хæдзары хъуыд кусæрттаг акæнын. Бафæдзæхстой-иу сæ бинонты, сæ хиуæтты. Дзуары бынмæ цыдысты куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Бирæтæ дзуæрттæм цыдысты бон раздæр дæр, цæмæй дзы æхсæв сбон кæной. Йæ бынмæ та-иу цыдысты бæгъæмвадæй, дзабыртимæ бацæуын нæ фæтчыдис. Йæ быны хистæр кары адæм архайдтой уæзбынæй. Кувгæ-кувын дæр дзырдтой хиуылхæцгæ хъæлæсæй. Уæлдай хъæлæба, тыхст ныхас кæныны бар нæ уыд.

Гомарты дзуары бон раздæр адæм бирæ цымыдисонæй нысан кодтой. Скуывтой-иу алчи йæхи хæдзары, фæлæ арæзтой иумæйаг куывд дæр йæ быны. Фæсивæд-иу сарæзтой хъазт – уыдон фынгыл нæ бадтысты. Алы хъæуæн дæр уыдис йæхи фæндырдзæгъдæг æмæ-иу уымæ гæсгæ алы ранæй дæр хъуыст музыкæйы зæлтæ. Хъæутæ-иу кæрæдзиимæ ерыс кодтой кафынæй, зарынæй. Нозтджын адæймагæн дзы фенæн нæ уыд.

Ныр хъазгæ ничиуал кæны, кафгæ дæр афтæ. Ныггуыбыр вæййынц сæ гаджеттыл, кæнæ нывтæ фæисынц æмæ сæ хæдзæрттæм афардæг вæййынц.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.