Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры Советон Цæдисы, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæйы юбилейы цытæн уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт Уæрæсейы паддзахадон академион Стыр театры балеты артистты хайадистæй.  Адырхаты Светланæйæ дарддæр ма концерты хайад райстой Стыр театры солисттæ, Адырхаты чызджы ахуыргæнинæгтæ – Уæрæсейы сгуыхт артисттæ Екатеринæ Крысанова, Анастасия Сташкевич, Вячеслав Лантратов, Артем Овчаренко, Вячеслав Лопатин, Семен Чудин æмæ æндæртæ. Сценæмæкæсджыты размæ рахастæуыд дæс номырæй фылдæр, уыдон æхсæн уыдысты балетæй «Щелкунчик», «Лебединое озеро», «Спящая красавица», «Укрощение строптивой», «Пахита», «Птица и охотник», «Легенда о любви» æмæ æндæртæй скъуыддзæгтæ.

Балеринæ æмæ ахуыргæнæг, Советон Цæдисы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæйыл 12 майы сæххæст 85 азы. Йе сфæлдыстадон цард Стыр театримæ баст у 1960-æм азтæй фæстæмæ. Æртын азæй фылдæр Светланæ сценæйыл æххæст кодта сæйраг партитæ. Уый акафыд, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм бирæнымæц партиты, куыд зæгъæм «Легенда о любви», «Спартак», «Дон Кихот», «Спящая карасавица», «Бахчисарайский фонтан» æмæ бирæ æндæрты. Ныртæккæ Светланæ Дзантемыры чызг кусы Стыр театры балетмейстер-репетиторæй.

Концерт стыр балеринæйы юбилейы цытæн

Адæмон артистæн йæ юбилейы цытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ балетæн аргъгæнджытæ. Концерт æрæмбырд кодта æнæхъæн зал, сценæмæкæсджытæ алы номыры фæстæ дæр кодтой тыхджын къухæмдзæгъд æмæ афтæмæй æвдыстой сæ эмоцитæ.

Паддзахады сæргълæууæг зынгæ балеринæйæн йæ юбилейы цытæн раарфæ кодта æмæ йын радта «РХИ-йы Аивæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном аивады йе стыр  лæггæдты тыххæй. «Абон нæ республикæйы паддзахадон драмон театры сценæйыл фыццаг хатт ралæууыдысты Уæрæсейы паддзахадон академион Стыр театры балеты артисттæ. Хуссар Ирыстонæн уый у нысаниуæгджын цау, кæцы баст у не ‘мбæстаг, зынгæ балеринæ, ССРЦ адæмон артисткæ Адырхаты Светланæйы номимæ», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта артисткæйæн, классикон кафты размæцыды хъуыддаджы егъау хайбавæрд кæй бахаста, уый тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон йе сфæлдыстадон архайды.

Адырхаты Светланæ дæр бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн, афтæ хъармæй йыл кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны ныр ис дыккаг хатт. «Æз Хуссар Ирыстонмæ фыццаг хатт концертимæ æрцыдтæн, мæхæдæг ма куы кафыдтæн, уæд. Мæ зæрдыл баззад ме ‘мзæххноты уæды хъарм ахаст. Ацы хатт та мæ тынг фæндыдис мæ ахуыргæнинæгтимæ æрцæуын æмæ уын сценæйыл сæ æнтыстытæ фенын кæнын», – дзырдта артисткæ.

Концерт стыр балеринæйы юбилейы цытæн

Балеринæйæн бузныджы ныхæстæ загъта Марат Кулахметов дæр. «Хуссар Ирыстоны уазæгуарзон зæхх абон уазæгуаты йæхимæ райста диссаджы адæймаджы, кæцыйы цард баст у балеты стыр аивадимæ. Светланæ Дзантемыры чызг йæ цард æнæхъæнæй дæр снывонд кодта аивадæн лæггад кæнынæн. Уый у диссаджы миниуджыты хицау, куыд граци, рæсугъд миддуне, ахуыргæнæджы стыр курдиаты хицау», – загъта æххæстбарджын минæвар.

Мадзал организацигонд æрцыд Хуссар Ирыстоны Президент, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад æмæ РХИ-йы Культурæйы министрады æххуысæй.

КОКАЙТЫ Зæринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.