Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл Федералон службæйы къухдариуæггæнæг Анна Поповайы.

Барамынды дзырдæуы, Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг паддзахадон санитарон дохтыр хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстад рæзын æмæ фидар кæныны хъуыддаджы сæрмагонд сгуыхтдзинæтæ, ног коронавирусон инфекци COVID-19  ма апарахат кæнынимæ тох кæныны рæстæджы  республикæйæн цы æххуыс бакодта, уый тыххæй.

Фембæлды ма хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ Юго-Осетпотребнадзоры сæргълæууæг Коцты Маринæ.

Æруынаффæ кодтой COVID-19 ныхмæ тох кæныны фæдыл дарддæры мадзæлттæ æмæ æмархайды фарстытыл.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Анна Поповайæн бæрæг службæты раз цы фарстатæ лæууынц, уыдон оперативонæй скъуыддзаг кæй цæуынц, уый тыххæй.

«Марина Мухары чызг мæнæн хъусын кодта, ды æдзухдæр кæй уыдтæ семæ бастдзинадыл æмæ æппæт фарстатæ дæр кæй скъуыддзаг кæнут онлайн режимы. Æппæт дунейы цы уавæр сæвзæрд, уымæ мах, æцæгæйдæр, цæттæ нæ уыдыстæм, райдианы нæ уыд æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ, æмæ ацы фарстытæ ды оперативонæй кæй скъуыддзаг кодтай, уымæн уыд егъау позитивон нысаниуæг», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Сæйраг санитарон дохтыры хайадистæй Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæнынмæ æрвыст æрцыдысты дохтыртæ Ставрополь æмæ Цæгат Ирыстонæй.

«Æз æй зонын, ды алы хатт дæр æххуысмæ кæй æрбацæудзынæ, уымæ гæсгæ мæ фæнды дæуæн бузынджы ныхæстæ зæгъын», – загъта Президент.

ЙÆ ХÆЛАР АХАСТÆН – ХÆЛАРДЗИНАДЫ  ОРДЕН

Анна Попова бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн, йæ архайдæн ын ахæм аргъ кæй скодта, уый тыххæй æмæ банысан кодта, Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты ‘хсæн хæлардзинадæн æндæр хуызы уæвæн нæй æмархайдтытæн кæрæдзийæн æххуыскæнынæй дарддæр.

Уый стыр аргъ скодта Коцты Маринæ æмæ Юго-Осетпотребнадзоры куыстæн, банысан кодта, райгонд кæй у ведомствойы къухдариуæггæнæг æмæ йæ кусджыты архайдæй.

Роспотребнадзоры сæргълæууæг, йæ рады, йæ коллегæйы схорзæхджын кодта сæйраг ведомствойон хорзæхæй, æмæ банысан кодта, Коцты Маринæ кæй у «санэпиднадзоры системæйы стыр командæйы уæнг».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.