Президент Гаглойты Алан Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстонæй рацæугæ, Ростовы ирон æхсæнады минæвар Гасситы Максимы.

Паддзахады сæргълæууæджы Барамындмæ гæсгæ уæлдæр хорзæх лæвæрд æрцыд Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы Хуссар Ирыстоны æфсæддон службæгæнджытæ æмæ бархионтæй хайад чи исы, уыдонæн баххуыс кæныны сæрмагонд хайбавæрды тыххæй.

«Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй ды æххуыс кæныс Хуссар Ирыстоны хæстонтæн. Уый егъау æххуыс у не ’мзæххонтæн. Уæ тыхтæ дæттут уæлахиз æрбаввахс кæнынæн. Бузныг», — загъта Президент.

Гасситы Максим раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæгæн ахæм уæлдæр хорзæхы тыххæй.