ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 11-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» хъазыд чемпионаты аутсайдер Астраханы «Волгарь»-имæ. Ирыстоны спортуарзджытæ æнхъæл уыдысты алайнæгтæ æнцонтæй кæй фæуæлахиз уыдзысты. Фæлæ афтæ нæ рауад. Кæд пурти фылдæр уыд «Алани»-йы хъазджытæм æмæ атакæйы дæр арæхдæр цыдысты, уæддæр фыццаг хыгъд байгом кæнын бантыст астрахайнæгтæн. Фембæлды 73-æм минутыл сæ размæбырсæг Юсупов лæгæй-лæгмæ рахызт «Алани»-йы кулдуаргæс Ростислав Солдатенкоимæ. Ростислав йæ размæ багæпп кодта æмæ йын йæ разæй пурти къухæй раппæрста,  Юсупов ын сæмбæлд йæ къухыл æмæ сфæлдæхт. Тæрхонгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ Солдатенко фехæлдта фæтк æмæ снысан кодтой 11-метрон цæф. Уыцы хъуыддагимæ цæхгæр разы нæ уыдысты «Алани»-йы хъазджытæ æмæ йæ сæйраг тренер Гогниты Спартак. Фæлæ тæрхонгæнæг уæддæр нæ фæивта йæ хъуыды. Хыгъд 1:0 куы ссис, уæд алайнæгтæ ноджы стырдæр тыхтæй абырстой раз-мæ æмæ сын 88-æм минутыл бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Расгуыхт Хæбæлаты Алан. Хъазты уæлæмхас рæстæджы дзæджыхъæуккæгты футболист Гуырцъыты Батраз æввахс уыд йæ командæйæн уæлахиз æрхæссынмæ. Фæлæ йæ цæфы фæстæ пурти сæмбæлд штангæйыл. Афтæмæй хъазт фæцис 1:1 хыгъдæй.

Радон туры «Алани» 19-æм сентябры Грознæйы хъаздзæн Липецкы «Металлург»-имæ.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Дæллаг Новгороды областы уагъд æрцыд Олимпион чемпион Анатолий Парфеновы номарæн æппæтуæрæсейон трунир грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. 120 кг уæзы категорийы ерысты уæлахиздзау ссис Дзабиты Алан. Æвзист майдан рамбылдта Беслехъоты Зауыр (55 кг). Бронзæйон призертæ та систы Дзасохты Чермен (65 кг), Цоциты Азæмæт (80 кг) æмæ Хуыбиаты Азæмæт (110 кг).

                      ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.