Ирыстоны адæм! Æфсымæртæ æмæ хотæ!

Абон Ирыстоны у 1920 азы Гуырдзыстоны саразгæ геноцидыл 100 азы сæххæсты бон, ирæтты историйы иууыл трагикондæр фæрстæй сæ иуы мысæн бон. Уæд геноциды амæттæгтæ систы дæсгай мин адæймæгтæ – сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ: Хуссар Ирыстон фесæфта ирон цæрджыты æртыккаг хай.

Ирæтты геноцид бацæттæ кодтой æмæ æххæст æрцыд гуырдзиаг хицауады комкоммæ бацамындмæ гæсгæ æмæ къухдариуæгады бын. Æнæхъæн адæм сæ райгуырæн зæххыл сплангондæй куынæг цыдысты. Гуырдзиаг куынæггæнджытæ æнæ равзаргæйæ мардтой æнæаххос адæмы – сывæллæтты, зæрæдты, сылгоймæгты, æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Йæ бон йæхи бахъахъхъæнын кæмæн бацис, уыдон æвдисæнтæ систы куынæггæнджыты æнæадæймагон æгъатырдзинадæн, се ‘ввахс хиуæтты амæлæтæн, бæстæйы æххæстæй гæныстон æмæ скуынæг.

Гуырдзыстоны хицауад сæххæст кодта, сæрæгасæй чи аирвæзт, уыцы ирæтты депортацийы æмæ Хуссар Ирыстоны организацигондæй бастигъыны план. Геноциды фыдракæнды хайад истой æрмæст гуырдзиаг æфсады æфсæддон службæгæнджытæ æмæ гуырдзиаг паддзахад нæ, фæлæ ма ирæтты мулк хæлæттаг кæныны активон хайад райстой æмарæн территориты цæрæг гуырдзиаг цæрджытæ дæр, кæцыты гуырдзиаг хицауад æрцæрын кодта ирон зæххыл. Хуссар Ирыстоны карзæй кæй бафхæрдтой, уый гуырдзиаг æмæхсæнад уæрæхæй хорзыл банымадта.

Гуырдзыстоны советизацийы фæстæ Хуссар Ирыстоны тыхæй бакодтой йе скондмæ. «Пролетарон интернационализмы» концепцийæ цæуæг официалон пропагандæ, ирæтты геноциды цауты æвдыста, куыд большевикты ныхмæ Гуырдзыстоны Демократон Республикæйы антиадæмон режимы тох, афтæ. Бæрндзинадмæ конд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны куынæггæнæг операцийы хайадисджыты нымæцæй æрмæст-дæр иуæй-иу адæймæгтæ, æмæ æппæт паддзахадон архивтæ та бæстонæй сыгъдæг æрцыдысты ирæтты геноциды документалон бæрæггæнæнтæй.

Кæй сæ нæ бафхæрдтой æмæ сыл стæрхон кодтой, уый гуырдзиаг  ног лидерты сразæнгард кодта ирæтты æндæр формæты дарддæр басæттынмæ, æмæ сæ дæсгай азты фæстæ та æркодтой комкоммæ геноцид сног кæнынмæ æмæ та ногæй  национ æмразыйæ. Дыууæ хатты – 1989-1992 азты æмæ 2008 азы, Хуссар Ирыстоны адæмы куынæг кæнын урæд æрцыд æрмæстдæр Уæрæейы Федерацийы фæндвидар архайдтыты фæрцы.

Гуырдзиаг хицауад дарддæр дæр фидарæй лæууынц ирæтты геноциды Гуырдзыстоны аххос банымайыны ныхмæ. Сæ ныллæг цинизмæй уыдон цъыф калынц амæттæгты рухс нæмттыл æмæ удæгæсты æнкъарæнтыл, уымæй ныфс æвæргæйæ, зæгъгæ, абон дунейы цъус адæмæн сты зындгонд 100 азы размæ адæймагады ныхмæ Гуырдзыстоны саразгæ фыдракæндты тыххæй.

Гуырдзыстон стыр тыхтæй архайы, цæмæй ма бауадза ирæтты геноциды тыххæй рæстдзинад апарахат кæнын, фæлæ сæ фыдракæндты истори ферох кæнын йæ къухты нæ бафтдзæн. Нæ адæм бузныг сты хæлар фæндондзинады алы адæймагæй дæр, кæцы загъта рæстдзинады ныхас, уыцы адæймæгтæй, кæцытæ систы æвдисæнтæ рæстдзинады сæраппонд æмæ сæ хъуыды загътой ирæтты геноциды баны-майыны æмæ йыл стæрхон кæныны тыххæй. Гуырдзыстоны саразгæ фыдракæндон фактты тыххæй абон дунейы базыдтой фылдæрæй. Раджы уа æви æрæджы, уæддæр дунеон æмæхсæнад банымайдзæн æмæ стæрхон кæндзæн ирон геноцидыл.

Мах фæнд кæнæм, цы гæнæн ис, уый саразын, цæмæй  дунейы фылдæр адæм базоной адæймагады ныхмæ Гуырдзыстоны саразгæ фыдракæндты тыххæй. Рæстдзинадмæ æн-хъæлмæ кæсынц нæ адæм, рæстдзинад домы ирон геноциды алы амæттаджы мысынад. Æмæ æрмæстдæр рæстдзинад раргомгæнгæйæ, геноциды алы фактыл стæрхон  æмæ рæстдзинад сæндидзын кæнгæйæ, гæнæн суыдзæн дунейы ахæм трагедиты эскалаци æруромын æмæ адæймагады ныхмæ фидæны фыдракæндтæ аиуварс кæнын.

Хуссар Ирыстоны адæм 100 азæй чысыл къаддæрмæ бавзæрстой æнæбауырнинаг хъизæмæрттæ, æрцыд сыл стыр зиæнттæ, фæлæ бафæрзтой æмæ фæуæлахиз сты, сæ национ сæрыстырдзинад бахъахъхъæнгæйæ, сæ паддзахаддзинад саразгæйæ æмæ сфидар кæнгæйæ. Нæ адæм бахъахъхъæдтой сæ бартæ фидæнмæ ныфсджынæй кæсыны, сæрбæрзондæй цæрыны æмæ диссаджы Райгуырæн бæстæ саразыны тыххæй æмæ ирон зæххыл цæрыны сæраппонд. Уым ис фæлтæрты æнæфæхицæнгæнгæ бастдзинад, уый у, адæймаг а-дунемæ цæй тыххæй фæзыны, уый у, нæ мысынад нæм цæмæ æнхъæлмæ кæсы, уый.

***

Цытджын æмбæстæгтæ!

Ацы аз сæдæ азы æххæст кæны нæ историйы æбуалгъ трагедийыл – ирон адæмы геноцидыл, национ миниуæгмæ гæсгæ  æнæхъæн адæммæ куынæг кæнынмæ куы æрхъавыдысты. Уыцы æфхæрæн операцийы фæстиуæгæн, сабыр цæрджытæн сырдон митæ æмæ хъизæмæрттæ  куы æвзарын кодтой, уæд куынæг æрцыдысты  цалдæр мин адæймаджы, дыууæ мин адæймагæй фылдæр та  фæмард сты уазал æмæ низтæй, хæххон къахвæндæгтыл знагæй куы лыгъдысты æмæ хъæдты куы æмбæхстысты, уæд, басыгъдæуыд сæдæгай хъæутæ, 50 мин адæймаджы та лигъдæттæ систы. Мах бынтон скуынæг кæнынмæ хъавыдысты, ирæттæ кæй уыдыстæм, æрмæстдæр уый тыххæй, хъуамæ нын скуынæг кодтаиккой нæ культурæ, æвзаг æмæ традицитæ. Фæлæ мах бафæрæзтам æмæ удæгасæй баззадыстæм.

Нæ хæс у нæ историйы трагикон азты, геноциды æнæаххос амæттæгты  нæ зæрдыл дарын. Гуырдзыстоны ниционалистон политикæ нæ адæмæн цы æгæрон æнамонддзинæдтæ æрхаста, уыдонæн ферохгæнæн нæй, уыцы мысынад лæвæрд цæудзæн фæлтæрæй фæлтæрмæ. Æнæаххос амæттæгты рыст æнустæм баззайдзæн нæ зæрдæты.

Абон мах цæхгæр æвзæрыл нымайæм Гуырдзыстоны неонацистон политикæ, кæцы нæ сæтты геноциды фактыл. Дунеон прогрессивон æмæхсæнад хъуамæ банымайа ирæтты геноциды факт æмæ саргъ кæна гуырдзиаг националистты архайдæн, цæмæй адæймагады ныхмæ ахæм фыдракæндтæ макуы æмæ макæд æрцæуой фæлхатт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны    Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫАлан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.