Иу æнус… Геноцид æмæ йæ фæстиуæгæн фыдæвзарæнты сæдæ азы… 1920 азæй бирæ уæззау азтæ рацыд, фæлæ иу трагеди иннæйы фæдыл кæм æййæфтам æмæ æвзæрстам, уыцы  хъизæмайраг азты рыст нæ сабыр кæны абоны онг дæр, нæма байгас сты ирон адæмы тугæрхæм хъæдгæмттæ. Уæлдай риссаг нын уый у, 1920 азы æрцæугæ æвирхъау цаутæн дунеон æмæхсæнады æрдыгæй абоны онг дæр æмбæлон аргъ кæй не ‘рцыд…

    Рагзаманты ирон адæмæн цы иууон паддзахад уыд – Аланыстон, уый искæй дæлбар никуы уыд, не ‘нусон знаг Гуырдзыстон цæрæнбонты персæгты æмæ осмайнаг империйы къæхты бын куыд уыд, афтæ. Фæлæ нæ рагфыдæлтæ, нæ куырыхон хистæртæ сæхицæн агуырдтой хæлæрттæ, æмцæдисонтæ. Уый тыххæй нæ, цæмæй искæй дæлбар уой, цæмæй сæ бæсты исчи хæца, исчи сæ дара, хъахъхъæна… Нæ, уый тыххæй æмæ йæ æмбæрстой, хæлардзинад æмæ аккаг æмцæдисонимæ адæмæн сæ хъысмæтыл æууæндындзинад тыхджындæр у. Уый тыххæй сбастой сæ хъысмæт стыр Уæрæсеимæ, уый тыххæй бацыд иууон Ирыстон Уæрæсейы империйы скондмæ 1774 азы, æнæ хуссар хай æмæ цæгат хайыл дихгæнгæйæ…

Фæлæ 1917 азы Уæрæсейы цы революцион фæфæлдæхт æрцыд, уый бындуронæй нызмæлын кодта, куыд уырыссаг адæмæн сæхи, афтæ Фæскавказы цæрæг адæмты цард дæр. Стыр империйы ныппырх йæ фæдыл расайдта Фæскавказы националон-паддзахадон арæзтадтæ. Гуырдзыстон  гермайнаг хицауады æндæвдадæй йæхи схуыдта демократон республикæ æмæ сæ бафæндыд, цæмæй ирон адæм дæр се сконды смидæг уой, фæлæ 1918 азы Ирыстоны æртыккаг уанелы делегаттæ не сразы сты ног гуырдзиаг разамынды фæндоныл, йæ хицауиуæгад ын банымайыны тыххæй. Ирон адæм хайад нæ райстой Гуырдзыстоны парламентмæ æвзæрстыты.

Уый кæцæй фæцыдаид ног гуырдзиаг хицауады зæрдæмæ æмæ сфæнд кодтой, хуссайраг ирæтты ныццæгъдгæйæ, Уæрæсеимæ ирæтты арæнгонд территоритæ ссæрибар кæныны фæрцы сæ историон территориалон проблемæ аскъуыддзаг кæнын.

     Афтæмæй райдыдта ирон адæмы ныхмæ тугуарæн геноцид. 1918 азы Гуырдзы райдыдтой хуссайраг ирæтты ныхмæ гарзджын, куынæггæнæн операци цæттæ кæнын. Гуырдзиаг «демократон» сæрбостæ сидтысты сæ адæммæ, хæстонтæм, цæмæй «гуырдзиаг адæмы хæрзиуæгæн» куынæг æрцæуой ирон адæм, сæ коммæ кæй нæ бакастысты æмæ бакæсдзысты, уый тыххæй… Сæ мыхуыры фæрæзты, фæстæдæр Жордания æмæ Джугъелийы фæдон Гамсахурдияйы рæстæджы куыд уыд, афтæ сидтысты гуырдзиаг адæммæ, цæмæй  ирæтты фæсхохмæ амæрзой æфсæн цъылынæй…

1920 азы 20 июны куынæг æрцыдысты Хуссар Ирыстоны политикон къухдариуæггæнджытæ. Уыцы бон – растæндæр сæдæ азы размæ – гуырдзиаг лæджыфыдхортæ фехстой 13 коммунары Згъудеры къуылдымыл… Æниу цæй коммунартæ уыдысты, хуымæтæджы ирон лæппутæ, кæцытæ æнувыд уыдысты сæ фыдыбæстæйыл, сæ туг се мыстæг адæмыл æмæ сæ фехстой, бабын кодтой, æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Ирыстоны хуссар хайы цыдæриддæр хъæутæ уыд, уыдоны фæнык фестын кодтой.

Адæм сæргой æмæ хауæггаг фесты. Удæгасæй аирвæзын ма кæмæн бантыст, уыдон та цагъды кодтой хæххон æвадат фæндæгтыл, скъуыдысты æххормагæй, мардысты алыгъуызон низтæй.

Ахæм рæстæджы кæй æвдæлд, гуырдзиаг адæм нын цы æвирхъау геноцид расидтысты, уый фæстиуджытæ нымайынмæ, кæй æндæв-той уыдæттæ, фæлæ фæстæдæр, сæрмагонд къамисы нымадмæ гæсгæ æрмæст гуырдзиаг æфсады къухæй фæмард 5 279 адæймаджы. Уыдонæй сылгоймæгтæ – 1375, сывæллæттæ – 1844. Иумиагæй сисгæйæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн куынæг æрцыд сæ 20%, астæуккаг нымадæй сæ фыдæлты уæзгуытæй фæхауæггаг æмæ фæсхохмæ лидзинаг фесты 50 мин адæймаджы…

Ирон туджы ад чи банкъардта æмæ дзы æфсис чи нал зыдта, уыцы гуырдзы басыгътой 1588 цæрæн хæдзары æмæ 2639 хæдзарадон агъуысты; атардтой 32 460 сæры – ставдкъах фос, 78 485 сæры та – лыстæгкъах фос. Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уый та дын – рæхуыст: Хуссар Ирыстоны хуыздæр æмæ дзадджындæр зæххытыл та æрцæрын кодтой, Гуырдзыстоны алы къуымтæй æрбацæуæг гуырдзиæгты. Кæцыты байзæттаг нын суанг 1989 азæй 2008 азы онг нæ туг дойныйæн нуæзтой, гадзрахатæй ныл цыдысты, нæ фæндæгтæ, нæ ацæуæнтæ, не ‘рбацæуæнтæ нын æхгæдтой…

Ирон адæмы геноцидыл иу аз сæххæсты фæсты Гуырдзыстоны дæр расидтæуыд Со-ветон хицауад, цы ран батъыстой мах, хуссайраг ирæтты дæр, бæлвырддæр зæгъгæйæ, ирон адæмæй ма чи баззад, уыдоны дæр сын кæронмæ ауагътой сæ хъуыры… Сæ фыдæлты зæххимæ иумæ! Цæмæй цагъдуæлдай ирон адæмы дарддæр куынæг кæной культурон геноциды фæрцы: се ‘взаг сын исой, сæ мыггæгтæ сын гуырдзиагау фыссын кæной, сæ с-æртыл сæ хæрдмæ схæцын ма уадзой,  цыхты хуыздæр сын æрвитой, хырхой сын, æмæ та сын искуы фадат куы фæуа, уæд та сын æргом геноцид дæр саразой… Уый нын сарæзта, мæнæ абон дæр махæй бирæтæ кæй райгасмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы Советон Цæдис…

  XX æнусы райдианы революцион цæвæнтæ  Уæрæсейы импери ныппырх кæн-гæйæ фæахъаз сты стыр æхсæнадон-полтикон ивындзинæдтæн, кæцытæ ссæрибар кодтой Уæрæсейы цæрæг адæмты националон-паддзахадон арæзтадмæ фæндаг. Фæлæ Советон хицауиуæгады æрлæудæй махыл æрцыд, æвæццæгæн, нæ фæстагæттæ дæр кæмæй рисдзысты æмæ хъæрздзысты, ахæм æнамонддзинад – Ирыстон дих æрцыд дыууæ хайыл  йæ цæгат хай Уæрæсейы сконды, йæ хуссар хай та – кæй фыдæлты зæхх уыд, уыцы ирон адæмæн сæхи  фæндон ницæмæ æрдаргæйæ – тугмондаг Гуырдзыстоны сконды… Кæрных, цæмæ, дам, бæллыс æмæ – мæйдар æхсæвмæ. Уый фадат радта  гуырдзиаг адæмæн ирæтты ныхмæ геноциды политикæ адарддæр кæнынæн, кæцыйы фæстæдæр схуындæуыд «культурон» геноцид.

Ууыл дæр ма нæ куы ныууагътаиккой, уæддæр, цы нæ вæййы – чизоны афтæ тынг нæ судзиккам æмæ нæ риссиккам, фæлæ ма уыцы оккупацигонд Ирыстонæн йæ дзадджындæр æмæ рæсугъддæр хай Тырсыгом дæр атона кодтой æмæ ауагътой, «мицъайæ» æфсис чи никуы базондзæн, уыцы Гуырдзыстоны хъуыры! Ахæм лæг сын уыд Кремлы – куыднæ сыл аудыдтаид, куыднæ сын хъуамæ бауарзтаид йæ цæст Ирыстоны адджындæр къуым ад-джын комдзагæн радтын йæ мыггаджы «швили» фæсæфтуанимæ!

 1937-1938 азты репресситæ дæр æвыдæй уымæн нæ ныууагътой Хуссар Ирыстоны. Геноцидæн сфæразæг цагъдуæлдай адæмы ‘хсæн ма цыдæриддæр  «лæджы хуызæн лæг» кæмæй зæгъай, ахæм разагъды адæм фæзынд, уыдон та тугуарæн æртынæм азты кæрон æрцыдысты куынæг – ныццагътой  ирон адæмы хуыздæр минæвæртты. Советон хицауады знæгты ныхмæ тох кæныны æфсон бынтондæр скуынæг кодтой Ирыстоны интел-лигенцийы. Чидæриддæр 1920 азы гуырдзиаг геноциды ныхмæ æрлæууыд, уыдоны кæнæ фехстæуыд,  кæнæ лагертæм хаст æрцыдысты.

1938 азы Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæттæн, Цæгат Ирыстоны цæрæг ирæттæй сæ ноджы адарддæр кæныны сæраппонд, тыхæй ныббастой гуырдзиаг дамгъуаты бындурыл фыссынад. 1944 азы, Гуырдзыстонæн Тырсыгом ныллæвар кæныны аз, Хуссар Ирыстоны æхгæд æрцыдысты ирон скъолатæ, фæстæдæр та æппæт хъуыддагарæзтад дæр конд æрцыд гуырдзиаг æвзагмæ. Уымæй гуырдзыйы къухы бафтыд зонадон-культурон æмбарынадмæ гæсгæ иу адæмы бынтондæр адих кæнын.

Æппæт уыдæттæ фæлхатгонд цыдысты сусæг-æргомæй æмæ фæдфæдылонæй, нæ иумиаг Райгуырæн бæстæйы къухдариуæгады æрдыгæй æфхæрд нæ, фæлæ иу  фæлмæн уайдзæф дæр никуы райсгæйæ. Æрмæстдæр, 1956 азы, уый дæр, Хрущев Сталины культы тæригъæдтæ рухсмæ калын кæй райдыдта, уый фæрцы, Советон Цæдисы Коммунистон Партийы Централон Комитет райста уынаффæ «Об ошибках и недостатках в работе Центрального Комитета Компартии Грузии». «…признать, что в Грузии умышленно про-водилась линия на ликвидацию национальной культуры местного абхазского, армянского и осетинского населения, осуществлялась его насильственная ассимиляция». Æндæр ницы, никуы сын ницы бадардтой сæ цæстмæ, никуы сæ бахъыгдардтой уыцы культурон геноциды политикæ сусæгæй-æргомæй æххæст кæнын. Цалынмæ уыцы Райгуырæн бæстæ йæхæдæг дæр нæ ныппырх, уæдмæ. Стæй та сын, йæ ныппырхы фæстæ фæцис, æргом хæстæй нæм рацæуыны фадат дæр.

Абон йæ сæдæ азы кæмæн нысан кæнæм, уыцы геноцид та ногæй сфæлхатт æвдай азы фæстæ, Хуссар Ирыстоны адæмы та æнæ Советон Цæдисæй се зноны лæгмартимæ иу паддзахады сконды цæрын кæй нæ бафæндыд, уый тыххæй. 1989 æм азы, 1920 азы куыд уыд, афтæ та нæ æрдомдтой сæ коммæ кæсын, афтæ куы нæ бакодтаиккам, уæд та ныфс æвæрдтой, «куыд брæттæ, афтæ нæ амæрзынæй».

Гуырдзиаг неофашизмы агрессивон политикæйæн йæ кульминаци ссис 2008 азы Хуссар Ирыстонæй бынтондæр фервæзынмæ ног бафæлвæрд, фæлæ ацы хатт стæгау ныффи-дар стæм йæ хъуыры. Ацы хатт дæр та стыр Уæрæсейы фæрцы, фæлæ ацы хатт – кæронмæ, нæ хæдбардзинад нын банымайыны онг. Диссаг уый у, æмæ 1918 азæй суанг абоны онг Гуырдзыстоны иунæг ахæм хицау дæр кæй нæ разынд, кæцы йæхимæ бæрндзинад райстаид ирон адæмы ныхмæ 1920-2008 азты бакæнгæ фыдракæндты тыххæй… Куыд-нæ стæй – халон халоны цæст нæ къахы, кæ-нæ: бирæгътæ – иууылдæр къуыбырхъустæ!

Фæлæ нæхæдæг хъуамæ бафæрсæм нæхи: алцы дæр сарæзтам уый тыххæй, цæмæй дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй нымад æрцæуа, сæдæ азы размæ нын гуырдзиаг адæм кæй сарæзтой, уыцы геноцид? Нæ, нæ сарæзтам. Нæ фыдты æмæ уыдон фыдты азымджын кæнæм, уый дæр бынтон аив æмæ раст нæ уыдзæн, хуыздæр уаид дзуапп нæхицæй, ома, абоны фæлтæрæй домын…

 Цал хатты бахатыдыстæм адæммæ нæ газеты фæрстыл, цæмæй ирон адæмы гено-цидыл сæдæ азы сæххæсты бонмæ уæддæр базмæлæм æмæ срисæм не ‘нусон риссæг-тæй… Цас диссаг уыд æмæ нæ республикæйы æхсæнадон организацитæ, партитæ, баиугæндтæ, цæдистæ, змæлдтытæ, сфæлдыстадон организацитæ, ветерантæ, фæ-сивæд, зонадон-сфæлдыстадон интеллигенци, педагогон æхсæнад æмæ афтæ дарддæр – Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ уæддæр арвыстаиккой сидтытæ, цæмæй нын нæ геноцид банымайой, политикон аргъ ын скæной. Уадз, мацы дзы рауадаид, фæлæ нæ рæстдзинад кæмæндæрты уæлдай хатт базонын кодтаиккам, уымæй ма ныл уæлдай цы рцыдаид?!.  Фæлæ… Алцæй тыххæй дæр искæй æххуысмæ æнхъæлмæ кæсын ахуыр стæм, алцæмæй дæр Хуыцауæн лæгъстиаг хъуамæ уæм!..

Хуыцау зæгъæд, цæмæй Ирыстоны зæххыл макуыуал сфæлхат уой, сæдæ азы размæ йыл цы æвирхъау диссæгтæ æрцыд, уыдон!!!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.