Ныры  дуджы  адæймаг  газеттæ,  журналтæ æмæ  чингуытæ куы нæ кæса, уæд дунейы цы цаутæ цæуы, уыдонæй иппæрд уыдзæн.  Газеттæ æнгом баст сты нæ цардимæ дæр. Зæгъæм, адæймаг лæмбынæг æмæ арфдæр базонгæ вæййы нæ ирон æгъдæутты мидисимæ, фæзминаг адæмты цардвæндагимæ, хъомыладон фарстатимæ… Ацы хабæрттæ къухы бафтынц постхæссæджы руаджы дæр.

Кæрчиты Верæ постхæссæгæй кусын æрæджы райдыдта. Уый адæмæн лæггад кæны, сæ зæрдæтæм сын хæссы фарны æнкъарæнтæ, афоныл сын байуары, цы газеттæ æмæ журналтæ рафыссынц, уыдон. Хæссы сын сæ пенситæ æмæ пособитæ дæр. Верæ ацы бæрнон куысты цы цыбыр рæстæг кусы, уым ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой, ирон сылгоймаджы миниуджытæ йæ туджы кæй сты, куыстуарзаг, хæрзæгъдау, хæрзæфсарм кæй у, уый тыххæй. Кæд иудадзыг къахыл лæууы, уæддæр æй фæлладгъуызæй ничима федта, адæмимæ дзуры фæлмæнæй, раст цыма йæ хиуæттæ сты, уыйау.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ куыст иууыл æнцонтæй нæу, уый удуæлдай фыдæбон домы сæрдæй, зымæгæй, æнтæф уа æви къæвда уара, уый нæ хатгæйæ. Уыцы уæззау хызын, газеттæ æмæ журналтæ йедзагæй сæккой кæнын æмæ йæ уынгты æрвылбон цалдæр километры хæссын бирæты бон нæ бауыдзæн. Ам, фыццаджыдæр, адæймаг хъуамæ уа æнæниз, куыстхъом, стæй йæ исты хъуамæ разæнгард кæна, ома, адæмæн хорздзинад хæсса æмæ йын хорз мызд фидой йæ фыдæбонæн», – зæгъы Верæ.

Дæргъвæтин æмæ цымыдисаг у постæн йæ истори. Адæм ын йæ лæггæдтæй пайда кæнынц 18-æм æнусæй фæстæмæ, æмæ абон дæр у ахадгæ.

Цард бирæвæрсыг у, æмæ дзы алы къабазы дæр чи цы куыстыл хæст у, уыдонæй иуæй дæр æвзæр зæгъæн нæй, иууылдæр хъæугæ кæнынц нæ царды æмæ сæрмæ хæсгæ сты. Сæрмæ хæсгæ не сты, кусгæ чи нæ кæны, магусайæ, æввонгхорæй йæ царды бонтæ чи æрвиты, уыдон. Нæ республикæйы адæмыл чи хъуыды кæны, сæ цин æмæ сын сæ зын зæрдæйæ чи æнкъары, фарны хабæрттæ сын чи хæссы сæ хæдзæрттæм, уыдонæн зæрдæбын арфæтæ. Уæнгрогæй ма бирæ азты афтæ куыд лæггад кæной сæ адæмæн, уый сын Стыр Хуыцауы цæст бауарзæд!

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.