Дзæвгар фыст æмæ загъд æрцыд не ʻвзаг æмæ не ʻгъдæуттæ раздахын æмæ сфидар кæныны фæдыл.

Æрцыд, фæлæ зæгъæн ис, уыцы «дойнаг дур» лæууы йæ бынаты. Мæ зæрды фыссын дæр нал уыд, фæлæ куы бакастæн Бæдтиаты Григорийы уац, «Хъæуы нæ ирон æгъдæутты галуан», зæгъгæ, уæд та мæ ныфс бацыд, кæй ис раздахæн фыдæлты æгъдæутты, не ‘взаджы (газ. «Рæстдзинад». 23 VI-20 аз).

   Не ʻвзаг æмæ не ʻгъдæуттыл бирæ ныхас фæцыд, фæлæ ныхас ныхасæй баззайы, Григорийы уац та нын амоны, ныхасæй хъуыддагмæ рахизын. Иронау нæм иу æмбисонд ис: «Кæд мын æххуыс кæныс, уæд задæй дон мæхимæ дæр ис».

 Нарты уынаффæгæнæн уыд сæ ныхас, фæлæ ма уый æдтейæ сарæзтой иумæ-йаг хæдзар – Уынаффæгæнджытæн.

 Григорийы фæндон – «Æгъдæутты галуан» арæзт куы æрцæуа, уæд нæ адæм се ʻвзаг æмæ се ʻгъдæуттæм акæсдзысты æндæр цæстæй.

Хорз сты алыгъуызон музейтæ, фæлæ æгъдæутты галуанæн йæ хæстæ æндæр сты. Дзырд «Æгъдау» къабазджын у, нæ фыдæлтæ йæ бирæ æмбисæндты загътой: «Æгъдау кæм нæй, уым цард дæр нæй», «Æгъдау царды рахæцæн у», «Æгъдау лæггæнæг у», «Æгъдау дзыхы ныхæстæй аразгæ нæу, фæлæ хъуыддагæй», «Æгъдауыл мæлæт кад у», «Æгъдауыл æппæт дæр бæззы» æмæ æнд.

 Æгъдау йæ раны куы уа, уæд хауы иу лæгмæ дæр, стæй уæд æнæхъæн нацимæ дæр.

«Æгъдау» æмæ «æнæгъдау» дардыл дзуринаг хъуыддæгтæ сты æмæ уыдон фенын æмæ бамбарынæн ацы «галуан» сараздзæн нæ адæмы къух.

Æгъдау нæ алы къахдзæфы дæр хъæуы. Кæуылты у сæ нысаниуæг нæ фынджы æгъдæуттæн. Уыцы фынгтæ вæййынц: дзуары бонты, куывдты, чындзæхсæвты, зианы рæстæджы. Мах уыцы  фынгтæ аразæм нæхицæн нæ, фæлæ æрцæуæг адæмæн, уазджытæн æгъдауыл хъуыдыгæнгæйæ.

Зæххы къорийыл махæн æмбал нæй Уазæг райсыны хъуыддаджы. Ирон лæг йæ уазæгыл æмбæлд – уазæг хуыцауы уазæг, зæгъгæ, ахæм дзырдтимæ.

Уазæгыл хи атигъ кæнын, уазæг æгадæй аздахын – худинаг уыд нæ адæммæ. Афтæ кæй уыд, уый æргомæй зыны нæ фыдæлты æмбисонды: «Уазæг æрбацыд кæй фæнды, иу уымæй амæлæт, чи йыл бахъуыр-хъуыр кæна, дыууæ та уымæй амæлæт».

 Абайты Уасо ирон фынджы схуыдта академи. Нæ нуазæны кад æмæ æгъдау Иры уæларвмæ систой, æрхæццæ нæм Скифтæй. Абон сæ раны кæй нал сты, ууыл нæ дзурдзынæн, æгъдæутты галуан сæ йæ гаччы кæй сбадын кæндзæн, уый та мæ фидарæй уырны.  Кæуылты у не ʻмбисонды нысаниуæг: «Кад æгады хос нæу», зæгъгæ.

Йæ рæстæджы Къоста æнæхъуаджы нæ загъта: «Кадмæ бæлгæйæ, æгадæй мæлæм». Номы фыдæлтæ нын уыд, се ʻгъдау, сæ кад æмæ уаг цæмæ æрхаудтой, уый федта Къоста æмæ фæдисы хъæр  кодта канд сæ уæззау цард æмæ æбардзинады тыххæй нæ, фæлæ ма не ‘взаг æмæ не ʻгъдæутты тыххæй дæр: «Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй, нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг». «Нæ фыдæлты хорз кой мыггагмæ цæрæт» (Къоста). Сæ кой сын фæлтæргай кæнæм (Скифтæ, Сарматтæ, Алантæ), фæлæ нын цы лæгаулæджы хуынтæ æрхастой, уыдо-ныл уæлæхох кæнын байдыдтам.

 Нæ фыдæлтæ нын цы кувæндæттæ ныууагътой, уыдон хæрд æмæ нуæзты тыххæй нæ уыдысты, уыдысты æгъдау æмæ фарны тыххæй. Фарн æмæ Æгъдау алы нацийæн дæр дзуринаг сты йæхи æвзагыл. Æнæхъуаджы нæ баззад нæ адæммæ ныхас – дзуаримæ йæхи æв-загыл дзурын хъæуы, стыр Хуыцау æмæ йе скондон зæдтæй, цы курыс, уый йын  хъуамæ бамбарын кæнæм иронау. Фаг нын у бамбарынæн – Уастырджы æмæ Святой Георги иу не сты æмæ нæ фынгыл Уастырджийы бынаты Георгийы куы æрывæрай, уæд уый цæй æгъдау у (Святой Георги у историон фæлгондз, Уастырджи та мифологон, йæ фæзынд тынг рагон у).

Цыдæриддæр ирон лæджы царды хорзæй ис, уыдон се ʻппæт дæр æгъдаумæ хауынц, сæ сæххæст кæнын та домынц кад æмæ рад.

Æгъдаумæ цыдæриддæр хауы, уыдоны мах хонæм царды рахæцæнтæ дæр.

 Æгъдауыл ныхас, дæ фадыбарцы конд, дæ ацыд, де ‘рбацыд, дæ бадт, дæ улæфт, дæ салам – се ‘ппæт дæр царды рахæцæнтæ сты æмæ  домынц æгъдау.

Æппæтæй æххæст адæймаг нæй цар-ды, уый гæнæн нæдæр ис, фæлæ алчи дæр хъуамæ архайа ууыл, цæмæй йæ йæ адæм хорзæн мысой.

Нигер æвзонг Мысостимæ куы базонгæ, уæд ыл сæрæй къæхтæм йæ цæст æрхаста æмæ афтæ зæгъы: «Аив йе ‘рбацыд, аив йæ ныхас, аив йæ ацыд». Нигеры зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ Мысост æгъдауыл хæст уыд.

Æгъдау йæ уагыл куы нæ уа, ирон цардуаг цы домы хорзæй, уый куынæ æххæст кæнай, уæд æгад дæ адæмы цæсты. Хансиаты æвзагæй йæ загъта Брытъиаты Елбыздыхъо афтæ: «Дæ хорзæхæй, рæсугъд æхсадæй, быдыры йе хæхты балцы цал хатты уыдтæ? Кæй зоныс? Чи дæ зоны? Адæмы ʻхсæн цал зондджын ныхасы ракодтай?».

«Кад æгады хос нæу», – дзырдтой нæ фыдæлтæ, кады сæрыл  тох та уыд æмæ у æгъдæутты ратæдзæн.

 Тынг раст æй зæгъы Бæдтиаты Григори: «Мах куы зониккам, нæ фыдæлтæ нын цы бирæ рæсугъд æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон, уæд  ирон ном ноджы бæрзонддæр уаид иннæ адæмты ‘хсæн, фæлæ дзы иутæй ферох сты».

Æз ма йæм бафтауин: «Ферох сты сæ ахъаззагдæртæ». Брытъиаты Елбыздыхъо «Уæрæседзау»-ы канд не ʻвзаджы арвистоныл нæ дзуры, йеу додой кæны нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæутты сæфтыл дæр.

Комедийы сæйраг архайæг Муссæ фæцыд Уæрæсемæ фæллой агурæг, сыз-дæхт 5 азы фæстæ: æмæ цы? – нал зоны хистæр, кæстæр, æгъдæутты йæ сæрмæ нал хæссы, ферох кодта ныййарджыты, уырыссаг æвзаг æмæ æгъдæуттæн ницы бамбæрста, ирон æвзаг æмæ æгъдæутты та йæ сæрмæ нал хæссы. Елбыздыхъойы фæдзæхст нын у: кæдæм фæцæуай, уым дæ зонд æмæ дæ лæгдзинад ма хъуамæ ныууадзай.

Канд æвзаджы сæфт нæ, æгъдауы сæфт дæр нацийы сæфт у.

Æргомæй йæ зæгъæм: чи рæдийы, уымæн уайдзæф нæ кæнæм. Уый нæм куы уаид, уæд къухылхæцæг сылгоймаг кæм уыд, уыцы чындзæхсæвы чи ʻрбадт, уыдон цæуыл хъуыды кодтой, цæмæ сæ ферох – сæр уæле кæй ис, гуыбын та –  бынæй.

Ирон адæм сæ зæнæгыл мæгуырау, ницæйаг нæмттæ (Бардюр, Ковш, Трак-тор æмæ æнд.) кæй æвæрынц (сты иу 140 бæрц), уый фæдыл мæ хъуыдытæ мыхуыры рацыдысты газеттæ «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад»-ы. Æмæ куыд æнхъæлут: нæмттæм нæ февнæлдтой, мыггæгты систой. Алы мыггаг дæр загътаид, уый махмæ нæ хауы, зæгъгæ, кæмæ хауы, уыцы мыггæгтæ сæхи куы федтаиккой, уæд сæ зæнæгыл ахъуыды кодтаиккой. Уæд сæм бахъардтаид нæ фыдæлты æмбисонды тых: «Ном – лæггæнæг, ном – кадгæнæг».

Æгъдау халджытыл фыссынц «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин». Зылынджыны бандоныл цæмæ æрбадынц, уый арæхстджынæй сныв кæнынц, фæлæ чи сты, уы-доны койгæнæг нæй. Нæй æмæ та дон – хиды бынты, алчи дæр дзы йæ мидбылты бахуды.

Григори йæ уацы амоны, Цæгат Ирыс-тоны кæй ис 509 æхсæнады. Цъус не сты Хуссары дæр. Уыдон сæ тыхтæ куы раттаиккой не ʻгъдау æмæ не ʻвзаджы бындурмæ, уæд кæуылты хъуыддаг уаид.

Бæдтиайы фырты сидт нæм бахъарæт. Ацы галуан арæзт куы ‘рцæуа, уæд йæ куыст цы хорз фæстиуджытæ ратдзæн, уый Григори  раст æмæ уæндонæй зæгъы:

«Ирон адæм сæрыстыр цы ʻгъдæуттæй сты, уыдон хъуамæ нæ кæстæртæ уыной æмæ зоной. Кæд уыцы ʻгъдæутты галуан ирон адæмы æнгомдæр кæнид, иу дин æмæ иу æгъдаумæ æрцæуиккам.  Ирыстоны фæсивæд ард хæриккой, хорздзинад йеддæмæ æгаддзинад кæй не ʻрхæсдзысты Ирыстонмæ. Рæзгæ фæсивæдмæ æфсарм, намыс æмæ лæгдзинад цæмæй уа, уымæн стыр ахъаз уаид ацы галуан».

Галуанæн Григори цы бынат домы, уый дæр зæрдæмæдзæугæ у. Иугæр кинотеатр «Октябрь» нал ис, уæд уый у тынг диссаджы бынат «Æгъдæутты галуан»-æн. Æввахс у Хицауады хæдзармæ, Къостайы номыл фæлладуадзæн паркмæ, Иссæйы цыртмæ. Йæ фæрсты цæуиккой трамвайтæ, йæ разы бæлыуæтты дзыгуыртæ адæмыл цин кæниккой, ууылты у адæмы фæндаг Къоста æмæ Абайты Уасойы цыртытæм.

Не ʻвзаг, не ʻгъдæуттæ цæмæй сæ гаччы сбадой, уымæн у диссаджы фæрæз. Схониккам æй Ирон Хæдзар. Ирон хæдзары фарн нæ фыдæлтæм домбай уыд, нæ Къонайы Рæхыс æгъдæутты рахæцæн уыд. Кæуылты уаид, сæ цард чи баиу кодта, уыцы чызг æмæ лæп-пуйы Ирон хæдзары, Къонайы рæхысы цур бафæдзæхсын Мадымайрæм, лæгтыдзуар æмæ Стыр Хуыцауыл.

Галуан нæ базонгæ кæнид Сæрзæты къуымимæ. Цыбыр дзырдæй – не ʻвзаг æмæ не ʻгъдæутты тых, нæ иузонд, иу фæндагмæ куынæ æркæна, уæд нæ сомбон цæуыл банцайдзæн, уый зын зæгъæн у.

Нæ галуан та нæ æркæндзæн уыцы фæндагмæ. Цæмæй райдайæм, цытæ нæ саразын хъæуы, Галуан куыд æмæ цæмæйты кусдзæн, ууыл развæлгъау бæс-тон ныхъхъуыды хъæуы. Хорз уаид, Стыр Ныхас, йæ сæргълæууæг Кучиты Руслан, йæ радон рабадты ацы ахсджиаг фарст рæгъмæ куы рахæссид. Ма рох кæнæм Къостайы ныхæстæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг!».

    ПЛИТЫ Гацыр, Хетæгкаты

Къостайы номыл паддзахадон

премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.