Æвæдза, диссаг у ирон лæджы хъысмæт, фыдбылызæй нæ тæрсгæйæ, лæгдзинад равдисыны охыл фæдисы уадæй кæм нæ балæууыд æмæ хъæбатырдзинад кæм нæ равдыста, æвæццæгæн, Зæххы къорийыл ахæм къуым нал баззад, Европæйæ зæгъай, Азийæ, суанг иннæ континенттæм дæр бахæццæ, дард Америчы дæр балæууыд.

Се ‘фсæддон службæйы рæстæг йæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодта ирон лæппутæ Тедеты Георги (Жора) æмæ Цоциты Эльбрусæн. Службæ кодтой Ныгуылæн Украинæйы Житомиры областы. Дыууæ азы куыд агæпп кодтой, уый хатгæ дæр нæ фæкодтой. Дыууæ дæр уыдысты хæстон цæттæдзинады отличниктæ. Бирæ сын нал баззад æртыккаг азæй дæр. Уый тыххæй æхсызгонæй фыстой сæ ныййарджытæм Цхинвалы районмæ. Георги цард Тамаршены æмæ Эльбрус та – Стыр комы.

Фæлæ иу бон куы уыд, уæд  æнæнхъæлæджы сæ балцы фæндаг куы фæивид. Кæдæм цыдысты, уый райдианы сæхæдæг дæр нæ зыдтой. Уыцы æнæнхъæлæджы балцы цауты тыххæй лыстæггай  хъуыды кæны Цоциты Эльбрус, кæд 50 азæй фылдæр рацыд, уæддæр.

Ирæттæ хайад райстой Карибаг кризисы дæр

КÆДÆМ ЦÆУÆМ?

1962 аз. Цыд не ‘фсæддон службæйы æртык-каг аз.  Райдианы уыдыстæм авиацийы, фæстæдæр та – ракетон дæлхайы, цыран нæ ахуыр æмæ зонгæ кодтой ядерон ракетæйы ифтонгады сусæгдзинæдтимæ, кæцы уыд бынтон сусæггаг. Георгиимæ не службæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, æмæ нæхи сындæггай цæттæ кодтам нæхимæ, Ирыстонмæ. Фондз мæйы ма нын куыд баззад, афтæ нæ иу æхсæв фестын кодтой фæдисы.  Поездыл нæ бамидæг кодтой горæт Николаевскмæ. Бакодтой нæ иу æфтауцдонмæ æмæ нын загътой, цæмæй нæ алчидæр йæхицæн равзара йæхи аккаг æмбæстагон дарæс суанг костюмты онг. Сбадын нæ кодтой нау – «Металлург-Бардин»-ыл æмæ ленк кæнæм, фæлæ кæдæм, уый нæ зонæм. Науы дæргъ уыд 175 метры æмæ йæ уæрх та -75 метры. Æнхъæлдтам, æфсæддон ахуыртæм цæуæм. Науты палубæтыл уыд алыгъуызон хъæууон-хæдзарадон техникæ, йæ хуылфы та – хæстон фæрæзтæ, мах дæр уым, афтæмæй. 27-æм сентябры нæ сæрты æрбатахт америкæйаг хæдтæхæг æмæ нын нæ нывтæ систа. 30-æм сентябры бахæццæ стæм Гибралтары донкъубалмæ. Уæд нын æй схъæр кодтой дард Кубæмæ кæй цæуæм, уый. Не ‘фсæддон дарæс нын раивын кодтой æмбæстагон дарæсæй, ома, мах æфсæддонтæ нал стæм, фæлæ адæмон хæдзарады специалисттæ, æмæ хъуамæ баххуыс кæнæм кубæйаг тыхст адæмæн. Хиирхæфсыны тыххæй нын æрвылбон дæр æвдыстой дыууæ кинонывы. Æрмæст фурды ленк кæнгæйæ, тынг фæлмæцыдыстæм «денджызы низæй». Уый тыххæй фылдæр кодтам хуысгæ. Экватор нæм уыд тынг хæстæг – 36 км., уымæ гæсгæ палубæйыл дæр уыд тæвд. Тæхгæ кæсæгтæ бирæ, иу дзы махмæ дæр æрбахаудта донæй. Авд суткæйы дæргъы денджыз æмæ арв йедтæмæ ницы федтам.

ДÆ БОН ХОРЗ, КУБÆ

8-æм октябры бахæццæ стæм сакъадах Кубæйы цурмæ. Ленк кæнæм йæ рахиз фæрсты. У æхсæвы фыццаг сахат, ома, Мæскуыйы рæс-тæгмæ гæсгæ та æхсæз сахаты. Дунейы алы-гъуызон рæсугъд рекламæтæ нæм зынынц Гава-нæйæ. Цалынмæ Гаванайы цурмæ бахæц-цæ стæм, уæдмæ нын америкæйæгтæ хъавыдысты нæ нау басгарынмæ (гуырдзиæгтæ ирæттæн блокадæ куыд сарæзтой, афтæ уыдон та Кубæйы ныхмæ сарæзтой блокадæ, æрæхгæдтой йын йæ  бацæуæнтæ, куыд доны, афтæ уæлдæфы дæр), фæлæ сын дзы ницы рауад, мах уыдыстæм æрмæстдæр «хъæууонхæдзарадон специалисттæ» æмæ цыдыстæм Кубæйæн æххуыс кæнынмæ. Уый онг нæ фæндараст кодтой доны бынты цæуæг Советон дыууæ атомон науы.

10-æм октябры нæ нау æрлæууыд порт Ма-риелы цур. Рæсугъд бынат. Ермакимæ (цæгатирыстойнаг лæппу) кæсæм биноклтæй. Цæстытæ фæхицæн кæнын нал комынц æрдзы рæсугъддзинадæй. Чысыл алæууыны фæстæ æрæвнæлдтам нæ уæзтæ – «хъæууонхæдзарадон техникæ» æвдæлон кæнынмæ. Уым бирæ уыд кубæйаг салдаттæ. Ахæм сауцъар адæймæгтæ дзы ис, æмæ чысылдæр куы æрталынг вæййы, уæд сын сæ дæндæгты йедтæмæ ницыуал фендзынæ. Дуканитæ бирæ, сæ дуæрттæ гом. Кубæйæгтæ нæм худгæ сæ къухтæ тилынц, бæрæг уыд, не ‘рцыд сын тынг æхсызгон кæй уыд, уый. Нæ уæлæ ис æмбæстагон дарæс, фæлæ нæм ис автоматтæ æмæ æндæр хæстон хæцæнгæрзтæ. Нæ хæстон техникæ аластам горæты иуварсмæ. Æмæ ныр та æрæвнæлдтам пальматы ‘хсæн цатыртæ аразынмæ, техникæ, ракетæтæ та – хæстæввонг æркæнынмæ. Къахæм акъоппытæ, блиндажтæ. Уыдонимæ иумæ райдыдтой нæ зындзинæдтæ дæр. Фæцух стæм хæлцæй, нæ сæйраг хæринаг – дзулы хус къæбæртæ, фæлæ уыцы уавæры уыдыстæм рæстæгмæ. Хæлц нын тагъд æрластой Советон наутæ, сæ разæй «Гагарин», афтæмæй. Нау «Гагарин»-ы капитанæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном, канд йæ дæлбар нау нæ, фæлæ ма иннæты дæр йæ фæдыл Кубæмæ нейтралон фæндагыл ныфсджынæй кæй баленк кæнын кодта, уый тыххæй.

Се ‘фсæддон службæйы рæстæг йæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодта ирон лæппутæ Тедеты Георги (Жора) æмæ Цоциты Эльбрусæн. Службæ кодтой Ныгуылæн Украинæйы Житомиры областы. Дыууæ азы куыд агæпп кодтой, уый хатгæ дæр нæ фæкодтой. Дыууæ дæр уыдысты хæстон цæттæдзинады отличниктæ. Бирæ сын нал баззад æртыккаг азæй дæр. Уый тыххæй æхсызгонæй фыстой сæ ныййарджытæм Цхинвалы районмæ. Георги цард Тамаршены æмæ Эльбрус та – Стыр комы.

Фæлæ иу бон куы уыд, уæд  æнæнхъæлæджы сæ балцы фæндаг куы фæивид. Кæдæм цы-дысты, уый райдианы сæхæдæг дæр нæ зыдтой. Уыцы æнæнхъæлæджы балцы цауты тыххæй лыстæггай  хъуыды кæны Цоциты Эльбрус, кæд 50 азæй фылдæр рацыд, уæддæр.

КÆДÆМ ЦÆУÆМ?

1962 аз. Цыд не ‘фсæддон службæйы æртыккаг аз.  Райдианы уыдыстæм авиацийы, фæстæдæр та – ракетон дæлхайы, цыран нæ ахуыр æмæ зонгæ кодтой ядерон ракетæйы ифтонгады сусæгдзинæдтимæ, кæцы уыд бынтон сусæггаг. Георгиимæ не службæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, æмæ нæхи сындæггай цæттæ кодтам нæхимæ, Ирыстонмæ. Фондз мæйы ма нын куыд баззад, афтæ нæ иу æхсæв фестын кодтой фæдисы.  Поездыл нæ бамидæг кодтой горæт Николаевскмæ. Бакодтой нæ иу æфтауцдонмæ æмæ нын загътой, цæмæй нæ алчидæр йæхицæн равзара йæхи аккаг æмбæстагон дарæс суанг костюмты онг. Сбадын нæ кодтой нау – «Металлург-Бардин»-ыл æмæ ленк кæнæм, фæлæ кæдæм, уый нæ зонæм. Науы дæргъ уыд 175 метры æмæ йæ уæрх та -75 метры. Æнхъæлдтам, æфсæддон ахуыртæм цæуæм. Науты палубæтыл уыд алыгъуызон хъæууон-хæдзарадон техникæ, йæ хуылфы та – хæстон фæрæзтæ, мах дæр уым, афтæмæй. 27-æм сентябры нæ сæрты æрбатахт америкæйаг хæдтæхæг æмæ нын нæ нывтæ систа. 30-æм сентябры бахæццæ стæм Гибралтары донкъубалмæ. Уæд нын æй схъæр кодтой дард Кубæмæ кæй цæуæм, уый. Не ‘фсæддон дарæс нын раивын кодтой æмбæстагон дарæсæй, ома, мах æфсæддонтæ нал стæм, фæлæ адæмон хæдзарады специалисттæ, æмæ хъуамæ баххуыс кæнæм кубæйаг тыхст адæмæн. Хиирхæфсыны тыххæй нын æрвылбон дæр æвдыстой дыууæ кинонывы. Æрмæст фурды ленк кæнгæйæ, тынг фæлмæцыдыстæм «денджызы низæй». Уый тыххæй фылдæр кодтам хуысгæ. Экватор нæм уыд тынг хæстæг – 36 км., уымæ гæсгæ палубæйыл дæр уыд тæвд. Тæхгæ кæсæгтæ бирæ, иу дзы махмæ дæр æрбахаудта донæй. Авд суткæйы дæргъы денджыз æмæ арв йедтæмæ ницы федтам.

ДÆ БОН ХОРЗ, КУБÆ

8-æм октябры бахæццæ стæм сакъадах Кубæйы цурмæ. Ленк кæнæм йæ рахиз фæрсты. У æхсæвы фыццаг сахат, ома, Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ та æхсæз сахаты. Дунейы алы-гъуызон рæсугъд рекламæтæ нæм зынынц Гаванæйæ. Цалынмæ Гаванайы цурмæ бахæццæ стæм, уæдмæ нын америкæйæгтæ хъавыдысты нæ нау басгарынмæ (гуырдзиæгтæ ирæттæн блокадæ куыд сарæзтой, афтæ уыдон та Кубæйы ныхмæ сарæзтой блокадæ, æрæхгæдтой йын йæ  бацæуæнтæ, куыд доны, афтæ уæлдæфы дæр), фæлæ сын дзы ницы рауад, мах уыдыстæм æрмæстдæр «хъæууонхæдзарадон специалисттæ» æмæ цыдыстæм Кубæйæн æххуыс кæнынмæ. Уый онг нæ фæндараст кодтой доны бынты цæуæг Советон дыууæ атомон науы.

10-æм октябры нæ нау æрлæууыд порт Мариелы цур. Рæсугъд бынат. Ермакимæ (цæгатирыстойнаг лæппу) кæсæм биноклтæй. Цæстытæ фæхицæн кæнын нал комынц æрдзы рæсугъддзинадæй. Чысыл алæууыны фæстæ æрæвнæлдтам нæ уæзтæ – «хъæууонхæдзарадон техникæ» æвдæлон кæнынмæ. Уым бирæ уыд кубæйаг салдаттæ. Ахæм сауцъар адæймæгтæ дзы ис, æмæ чысылдæр куы æрталынг вæййы, уæд сын сæ дæндæгты йедтæмæ ницыуал фендзынæ. Дуканитæ бирæ, сæ дуæрттæ гом. Кубæйæгтæ нæм худгæ сæ къухтæ тилынц, бæрæг уыд, не ‘рцыд сын тынг æхсызгон кæй уыд, уый. Нæ уæлæ ис æмбæстагон дарæс, фæлæ нæм ис автоматтæ æмæ æндæр хæстон хæцæнгæрзтæ. Нæ хæстон техникæ аластам горæты иуварсмæ. Æмæ ныр та æрæвнæлдтам пальматы ‘хсæн цатыртæ аразынмæ, техникæ, ракетæтæ та – хæстæввонг æркæнынмæ. Къахæм акъоппытæ, блиндажтæ. Уыдонимæ иумæ райдыдтой нæ зындзинæдтæ дæр. Фæцух стæм хæлцæй, нæ сæйраг хæринаг – дзулы хус къæбæртæ, фæлæ уыцы уавæры уыдыстæм рæстæгмæ. Хæлц нын тагъд æрластой Советон наутæ, сæ разæй «Гагарин», афтæмæй. Нау «Гагарин»-ы капитанæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном, канд йæ дæлбар нау нæ, фæлæ ма иннæты дæр йæ фæдыл Кубæмæ нейтралон фæндагыл ныфсджынæй кæй баленк кæнын кодта, уый тыххæй.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.