Ирон адæмыл ивгъуыд æнусы райдианы цы стырдæр цау æрцыд æмæ сын зæрдылдаринагдæр чи сси, уыдонæй сæ иу уыд мадæлон æвзагыл фыццаг газеты фæзынд. Мæгуыр, æфхæрд æмæ талынг уæвгæйæ, уыдонæн, газеты фæзынд уыдис, рухс цардмæ сæ чи хуыдта, ахуырдзинады, зонды фæндагыл сæ чи лæууын кодта, ахæм хуры фæзындау. Газет мыхуыр æрцыд Дзæуджыхъæуы, 3. Шуваловы типографы æмæ рухс федта 1906 азы 23 июлы. Кæд йæ тираж 500 экземпляры йедтæмæ нæ уыдис, уæддæр йæхицæн фæндæгтæ айгæрста Ирыстоны бирæ къуымтæм æмæ батавта, барæвдыдта мингай ирон адæймæгты зæрдæтæ. Цыдис къухæй-къухмæ æмæ кæсын чи зыдта, уыдон æй кастысты — цы æрмæджытæ дзы мыхуыр уыд, уыдонимæ зонгæ кодтой æндæрты дæр. Мадæлон æвзагыл кæй рацыд, йæ ном дæр ын фырбуцæн, сæрыстырæй «Ирон газет» уымæн схуыдтой, йæ рауадзыныл чи куыста, уыдон. Уыцы адæймæгтæ та уыдысты, сæ адæмы хъысмæтыл, фидæныл сæ зæрдæ кæмæн рысти, ахæм фарны лæгтæ. Номхуындæй та — Гæздæнты Дзыбын, Æмбалты Цоцко, Кочынаты Сабан, Гæдиаты Цомахъ, Хъаныхъуаты Алмахсидт, Бутаты Аслæнбег æмæ Уыртаты Хъамболат. Уæдмæ уыдонæй иутæн бантыст Ирыстоны раззагдæр интеллигенцийы рæнхъытæм рахизын, иннæтæ та сæ царды райдиан фæндагыл лæуд уыдысты. Се ’хсæн уыдис дохтыр, ахуыргæнæг, агроном, ирон «Райдайæн чиныг» аразæг, студент-юрист, студент-медик, студент-филолог. Æндæр æмæ æндæр дæсныйæдты адæймæгтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ газеты мыхуыргонд æрмæджытæ дæр уыдысты алыгъуызон темæтыл фыст æмæ сæхимæ здæхтой газеткæсджыты.

Ам ма зæгъын æмбæлы уый тыххæй, æмæ ацы зынгæ цауы агъоммæ, бæрцæй цыппар мæйы размæ Ирыстон, стæй æрмæст Ирыстон нæ, фæлæ æгас Кавказ дæр кæй бавзæрстой фыдохы бонтæ. Йе ’нæрынцой, тохгæнæг зæрдæ йæ кусынæй банцад ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, генион поэт Хетæгкаты Къостайæн. Æмæ кæд Къоста йæ къухмæ нал райста «Ирон газет», уæддæр йæ фæзынд æнгом баст у поэты номимæ. Къостайæн йæ цыбыр царды бантыст дуджы раз æмæ йæ адæмы раз дæр йæ историон хæс бафидын. Дуг домдта, цæмæй ирон адæмæн дæр уыдаид бакуыстгонд литературон æвзаг æмæ дзы пайда кодтаиккой, кастаиккой йыл аивадон уацмыстæ. Къоста бакуыста ирон аив дзырдыл æмæ йыл сфæлдыста йæ æнæмæлгæ уацмыстæ. «Ирон фæндыры» фæзынд нæ адæмæн ссис ирон чиныджы стыр бæрæгбон. Фæлæ дарддæр хъуыды кæнын хъуыд, ирон аив, мыхуырон дзырд адæммæ куыд хæццæ кæна, ууыл. Æрмæст чиныг фаг нæ уыд. Уымæн та иууыл хуыздæр амал уыд мадæлон æвзагыл газет уадзын. Æмæ генион поэтæн йæ мæлæты хæдфæстæ скъуыддзаг æрцыдис ацы фарст. Зын зæгъæн у, зæгъгæ, Къоста нæ уыд, уæд уыдаид «Ирон газет», уый. Фæлæ нæ адæмы амондæн уыд Къоста, æмæ æнцондæрæй райгуырд «Ирон газет» дæр.

«Ирон газет» уадзынмæ æрывналгæйæ, йæ кусджытæ сæ разы цы хæстæ æвæрдтой, цы сæ æндæвта тынгдæр æмæ йæ кæсджыты, адæмы размæ цы ахсджиаг хъуыддæгтæ рахæссинаг уыдысты? Уыдæтты газеты фыццаг номыры фыццаг фарсы райдианы йæ редактор цыбыртæй, тезисты хуызы загъта. Ахсджиагдæр фарстыл уый банымадта, зæгъгæ, газет «æххуыс кæндзæн, йæ бон æмæ йæ рæстæг уæвгæйæ, Ирыстоны дзыллæйæн, цæмæй сæ астæу ахуырдзинад стыхджын уа, араздзæн сæ хорз зонды фæндагыл». Афтæ ма йæ сæйрагдæр хæстыл нымадта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы цард æвдисын, йæ кæсджытæн Кавказ, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты цы хабæрттæ цæуы, уыдон хъусын кæнын.

Хæххон ирон адæмы ’хсæн æнæахуырдзинад скуынæг кæныны газеты тых стыр уыд. Цæмæй газет кæсай, уый тыххæй зонын хъæуы кæсын, фыссын. Æмæ мæгуыр, æнæахуыр адæмы ’хсæнмæ бахаугæйæ, газет разæнгард кодта хохаг лæджы, цæмæй кæд йæхæдæг нæ, уæддæр йæ кæстæр базона газеты кæсын, бафтауа йæ ахуыры фæндагыл.

Ацы хъуыддаджы фыццаг егъау къахдзæфтæ сарæзта «Ирон газет», кæд дзы бæрцæй фараст номыры йедтæмæ нæ рацыд, уæддæр.

Газеты фæрстыл куыд сæ аивадон уацмыстæ, афтæ публицистон уацтæ дæр фыстой Гæдиаты Секъа, Цомахъ, Гулиты Ефим, Хъаныхъуаты Инал. Фыццаг номыры мыхуыр æрцыд Къостайы æмдзæвгæ «Ныббар мын», «Æхсины лæг» та ныммыхуыр æндæр номыры.

Газетæн кæд уацхæсджыты актив нæ уыд, сæхæдæг æмбырд кодтой æрмæджытæ, уæддæр, номыртыл цæст ахæсгæйæ, зыны, сæ ныхас адæмы раз сæ бон цас уыд, сæ уавæртæ сæ куыд амыдтой, афтæ кæй æххæст кодтой.

Фæлæ газеты коллективæн, хъыгагæн, цы бирæ стыр фæндтæ сæм уыдис, уыдон сæххæст кæнын нæ бантыст. Революцион-демократон мидисы æрмæджытæ — иу дзы кæй фæзынд, уымæ гæсгæ æхгæд æрцыд.

Цæрæццаг нæ разындысты, «Ирон газет»-ы фæстæ цы ног газеттæ æмæ журналтæ рацыдис кæрæдзийы фæстæ, уыдон дæр. Æрмæстдæр Октябры революцийы фæстæ фæзындысты Ирыстоны сæйрагдæр газеттæ («Рæстдзи-над» æмæ «Хурзæрин») æмæ журналтæ («Мах дуг» æмæ «Фидиуæг»). Уыдонæй дарддæр мадæлон æвзагыл цæуынц æндæр газеттæ æмæ журналтæ дæр.

Нæ республикæйы фæллойгæнджытæн ныр 90 азæй фылдæр лæггад кæны газет «Хурзæрин». Уæззау дуджы райдыдта цæуын нæ газет. Лæгъз нæ уыд, цы фæндагыл рацыд, уый дæр, фæлæ кæддæриддæр уыд йæ адæмимæ, цард сæ цинтæ æмæ сæ хъыгтæй.

Йæ уæвынады дæргъы иууыл зындæр фæлварæн систы 1989-1992 азтæ, Ирыстон æмæ уыимæ йæ адæм уой æви ма уой, уый хæсты руаджы скъуыддзаг куы цыдис, уæд. Фæлæ уыцы уæззау фæлварæн сфæрæзтой адæм, сфæрæзта йæ газет дæр. Уыцы æндыгъд азты йæ цæуынæй никуы æрлæууыд. Афтæмæй газет абон дæр дарддæр кæны, «Ирон газет» кæддæр бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы кадджын традицитæ.

«Ирон газет»-ы райгуырæн боны, нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты профессионалон бæрæгбоны цытæн мах арфæ кæнæм нæ коллегæтæн иууылдæр æмæ сын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ.

23 июль æрмæст «Ирон газет»-ы фыццаг номыры рацыды бон нæу. Абон ма у Дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты бон дæр. Раздæр, советон дуджы ацы бæрæгбон, ома, Мыхуыры бон нысан цыдис 5 майы, Советон Цæдисы сæйраг газет «Правда»-йы фыццаг номыры рацæуæн бон. Фæлæ фехæлд Советон Цæдис æмæ мах дæр нæ бæрæгбон рахастам ацы зæрдылдарæн бонмæ. Цы уæззау фыдæвзарæнтыл рацыдыстæм ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй фæстæмæ, уыдоны, фадæттæ æмæ уавæртæ куыд амыдтой, афтæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ хастой адæмы размæ. Абон та нæ республикæйы цæрджыты газеты, телеуынынады, радиойы, информацийы электронон фæрæз-ты руаджы зонгæ кæнынц, республикæ куыд æндидзы, царды æмвæзад дзы бæрзондæй бæрзонддæр куыд кæны, уыдæттимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.