Æрæджы дæр ма æппæты ахсджиаг æмæ ахадгæ информацион фæрæзыл нымад цыд газет. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ иууыл æххæстдæр æмæ бæлвырддæр хъусинæгтæ æрмæстдæр газеты фæрцы уыд базонæн. Рæстæг цæуы æмæ газетæн йæ рафыссджытæ æмæ кæсджыты нымæц дзæвгар фæкъаддæр. Уымæн йæ сæйраг аххосæгтæ сты, дзыллон информацион фæрæзтæ кæй фылдæр кæнынц, уыимæ ма социалон хызæгтæ дæр.

Уымæ гæсгæ мыхуыры фæрæзтæ зындзинæдтæ æвзарынц газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны тыххæй. Ахæм хъуыды сæвзæрд æмæ сфидар, цыма национ æвзæгтыл цæуæг газеттæ æмæ журналтæ кæйдæр «æккойы бадынц», æнæхъуаджы сæ дарынц. Ома, уыдон сæхæдæг хъуамæ бавналой сæхи фæдарынмæ, кæной амалхъомадон архайд. Афтæмæй та газеттæ æмæ журналтæ сты, адæмтæ кæрæдзийæн аргъ цæй фæрцы кæнынц, æмуд цæй руаджы сты, уыцы национ политикæйы ахъаззаг фæрæзтæ.

Фæстаг заман карзæй лæууы мадæлон æвзагыл журналтæ æмæ газеттæм фæсивæды æргом раздахыны домæн. Фæлæ, æцæгдæр, патриотон, рæсугъд ныхæстыл хъуамæ ма баззайæм. Кæд æмæ   скъолаты мадæлон æвзаг ахуыр кæнынц, алыхуызон фæсивæдон, культурон-ахуырадон æмæ æхсæнадон хъуыддæгтæ мадæлон æвзагыл конд цæуынц, уæддæр горæты фæсивæды ‘хсæн мадæлон æвзагмæ ис уазал ахаст.

Хъуамæ арф ахъуыды кæнæм æмæ бацæттæ кæнæм рæзгæ фæлтæрты ‘хсæн кæсджыты аудиторитæ фидар кæныны мадзæлттæ.

Рæстæг куыд дарддæр цæуы, афтæ дунейы змæлд тынгæй-тынгдæр кæны, æмæ адæймаджы цард, адæймаджы хуыз зына-нæзына ивгæ цæуынц, уымæ гæсгæ та адæм се сфæлдисæг æрдзæй дарддæрæй-дарддæр кæнынц. Фæлæ, Зæххы къорийыл цыдæриддæр рантысы, уый вæййы комкоммæ зæххыл цæрыны аккаг, æмæ йын уымæй дард фæлидзæн нæй. Цард, æнæмæнг, хъуамæ размæ цæуа, æз афтæ нæ зæгъын, фæстæмæ ногæй рагдунемæ раздæхæм, зæгъгæ. Уæддæр, дардмæ тырнгæйæ, рохгæнæн нæй, кæцæй стæм æмæ нын кæм цæргæ у, уый: зæххæй æмæ зæххыл.

Электронон информацион фæрæзтæ кæд, иуæрдыгæй, тыхджын æмæ хъæугæ сты, нырыккон царды кæд æнæ уыдонæй «иу къахдзæф» акæнæн дæр нал ис, уæддæр традицион мыхуыры фæрæзтæн пайдайы хос не сты.

Чингуытæ, журналтæ, газеттæ æмæ иннæ ахæм дзыллон информацион фæрæзтæн бонæй-бонмæ уæззаудæр у сæ уавæр, сæ кæсджыты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Афтæмæй та газет,  чиныг кæнæ журнал,   йæ «удæй» æрдзмæ æввахсдæр у, афтæ йæ, хуымæтæг хуызы, дæ къухтæм куы райсай, уæд ын йæ уæз, цыдæр æнахуыр æхсызгон хъарм æмæ рухсимæ йæ фæлмæн баныдзæвдæй æнкъарыс. Электрон хуызы кæсын дæр хорз у, фæлæ адæймагмæ афтæ фæкæсы, журнал кæнæ газет къухмæ куы райсай, уæд дзы  фылдæр хъару ис.

Алчи дæр нæ хъуамæ нæ ирон газет «Хурзæрин» рафыссын йæ хæсыл банымайа. Уымæн æмæ уый у ирон дзырды фарн æмæ культурæ парахатгæнæг.

Абон у æвзарæн бон – хъæуы æви нæ нæ хъæуы нæ мадæлон æвзаг?  Æппæт дунейыл зындгонд ахуыргонд Абайты Васо куыд фæдзæхста, афтæмæй национ хиæмбарынады хицæнгæнæн нæй мадæлон æвзагæй, æмæ, æвзæгтæй искæцы куы амæла, уæд йемæ фесæфдзæн адæмыхатт дæр, куыд этнос, афтæ. «Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у адæмы фесæфт. «Нæй æвзаг – нæй адæм», – загъта Абайты Васо. Абон куыд сарæхсæм, абон куыд бацархайæм нæ фыдæлтæй баззайгæ стырдæр хæзна – не ‘взаг бахъахъхъæныныл, уымæй аразгæ у йæ фидæны хъысмæт.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.