14-æм майы Колыты Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон лицейы актон залмæ æрбамбырд бирæ адæм. Уыцы бон уагдоны 7-æм  кълæсты ахуыргæнинæгтæн уагъд æрцыд гом урок. Сорганизаци йæ кодта ацы лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ. Урочы темæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæ, ирон литературæйы Саулохты Мухтары уацмыс «Хæстон бæгъатыр»-мæ гæсгæ. Хъомыладон куыст: Ирыстоны хъæбатыртæм сывæллæтты зæрдæты сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.

Гом урокмæ æрбацыдысты ХИПУ-йы минæвæрттæ профессор Плиты Гацыры сæргълæудæй, нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, сывæллæтты ныййарджытæ, лицейы ахуыргæнджытæ сæ директор Плиты Риммæйы сæргълæудæй, афтæ ма æндæр уазджытæ дæр. Сæрмагондæй мадзалмæ фæхуыдтой Советон Цæдисы хъайтар Цоциты Василийы хойы хъæбул, нæ горæты цæрæг Цхуырбаты Виолеттæйы.

Мадзал байгом кодта уагдоны директор Плиты Риммæ. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн. Гом урок ирон æвзаг æмæ литературæйы боны хæдразмæ уагъд кæй цыд, уымæ гæсгæ уый банысан кодта, зæгъгæ, адæймаг йæ мадæлон æвзаг цас хуыздæр зона, уыйбæрц йæ Райгуырæн бæстæ размæдзыддæр уыдзæн. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта мадзалы организатор Гæбæраты Фатимæ. «2003 азæй фæстæмæ 15-æм майы мах банысан кæнæм ирон æвзаджы бон. Фæлæ мæнмæ гæсгæ æрмæст уыцы иу бонæй мах ницы сараздзыстæм. Ирон ныхас хъуамæ хъуыса æрвылбон дæр. Ирон адæмы ‘хсæн мадæлон æвзаг цы рæза, уыцы амонд нæ уæд», – загъта уый. Ахуырдзаутæ иттæг аив бакастысты мадæлон æвзаджы тыххæй ирон фысджыты фыст æмдзæвгæтæ.

Уый фæстæ Гæбæраты Фатимæ банысан кодта: «1941 азы Советон Цæдисы 15 республикæйы растадысты фашизмы ныхмæ. Ирон адæм  хæсты быдыры цы сгуыхтдзинæдтæ æвдыстой, уыдон диссагæн дзуринаг сты. Хæст… хæст – хæрз цыбыр дзырд, фæлæ уæззау дзырд у. Зæрдæ ныккæрзы, уæнгтæ баризынц æрмæст йæ койæ дæр. Адæймагæн Фыдыбæстæ куынæ уа, уæд тынг зын цæрæн у. 1941 аз историйы баззад сау фыстæй. Ныннæрыд арв. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр иннæ адæмтау Фыдыбæстæйон хæсты сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ. Фыдæй баззад ирон адæмæн, фæдисы хъæр фæцыд, уæд фæдисы фæстейæ ма баззайын.  Ирон литературæйы бирæ уацмыстæ ис фыст хæсты темæйыл. Уыдоны ‘хсæн зынгæ бынат ахсы нæ абоны темæ Саулохты Мухтары уацмыс «Хæстон бæгъатыр». Фыссæджы кадæг фыст у Советон Цæдисы хъайтар Цоциты Василийыл. Алы адæмы историйы дæр ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ систы легендæтæ, нацийы сæрыстырдзинад. Ирон адæмæн ахæм сæрыстырдзинад у легендарон хæдтæхæг-скъæрæг Цоциты Васили Симоны фырт, кæцы йæ радтæг ирон адæмы ном æгас дунейыл айхъуысын кодта», – дзырдта Гæбæраты Фатимæ.

Ахуыргæнинæгтæ зарæг «Священная война»-йы зæлты бын бакастысты хæсты тыххæй ирон фысджыты æмдзæвгæтæ. Эк-раныл æвдыст цыдысты ирон фысджыты къамтæ. «Æмткæй, ирон фысджытæй хæс-ты быдыры чи баззад, уыдонæн сæ хистæр Гутнаты Хъанымæтыл цыдис 36 азы. Се ‘ппæты кæстæртæ Елехъоты Мурат æмæ Хъаманты Георыл та цыдис 17-гай азтæ. Фыссæг Калоты Хазби фыста: «Нæ фæсивæды хуыздæртæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты бацарæфтыд сты бæласы дидинджытау, æрмæст ма сæ фидауц, сæ райдзаст фæлгæндзтæ баззадысты абоны æмæ фидæны фæлтæртæн. Уый сыл ныффыста æмдзæвгæ «Кард». Калоты Хазби фæмард знæгтимæ тохы, басыгъди йæ танчы мидæг, иу мæйы фæстæ йыл сæххæст уыдаид 22 азы. Ирон литературæйы зиууæттæ стыр ныфс æвæрдтой хæдæфсарм æмæ сæрæн поэт Кочысаты Мухарбегæй. Уый уыд стыр курдиаты хицау. Фæмард 24- аздзыдæй Украинæйы зæххыл. Йæ риуæй æрттывта Сырх Стъалыйы орден», – дзырдтой ахуыргæнинæгтæ.

Сывæллæттæ бакастысты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фæстаг салам». Уый цыма йæ мæлæт æнкъардта, уыйау йе ‘мдзæвгæйы ис ахæм рæнхъытæ: «Мыййаг, хæсты быдыры искуы, Куы фæуон мард Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл Мæ рæзгæ цард. Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ, Мæ зарæг æз, Æмæ куы бамыр уа бынтондæр, Мæ сонт хъæлæс…». Ахуырдзаутæ бакастысты Цгъойты Аринæйы фыст æмдзæвгæтæ «Хæст» æмæ «Цоциты Вася». Лæмбынæг æрдзырдтой Цоциты Васяйы цард æмæ хæстон фæндаджы тыххæй. Равдыстой инсценировкæтæ. Ацы аз Уæлахизы боны размæ Гæбæраты Фатимæ йæ ахуыргæнинæгты акодта Згъудеры Цоциты Васяйы уæлмæрдмæ, цыран сывæллæттæ бакас-тысты æмдзæвгæтæ, йæ цырты цур систой къамтæ. Уавæрæй спайда кæнгæйæ сын радзырдта 13 Коммунары æмæ иннæ хъайтарты сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæцытæ ныгæд сты уым. Æппæт уыцы нывтæ æвдыст цыдысты экраныл æмæ сæм райзæрдæйæ бакастысты æрæмбырдуæвджытæ. «Цоцийы-фырт-иу уæлдæфмæ куы стахт, уæд-иу немыцæгтæ кæрæдзимæ рацийæ дзырдтой, зæгъгæ, уæхи бахизут: Цоцийы фырт уæлдæфы. Уый рацыд æнæхъæн хæст Сталинградæй суанг Берлины онг. Хæст куы фæцис, уæд майор Цоциты Симоны фырт Вася не ‘взонг тæхджытæн амыдта йæ хъæздыг фронтон фæлтæрддзинад. 1947 азы уый ног хæдтæхæг фæлваргæйæ, фæмард, цыдис ыл æрмæстдæр 30 азы, афтæмæй. Цоцийы-фырт ирон адæмæн мард нæу, уымæн æмæ хъайтартæ нæ мæлынц. Йæ кадджын ном лæвæрд æрцыд горæт Цхинвалы иу уынгæн, Уанаты астæуккаг скъолайæн. Ирон адæм ын сæвæрдтой æнусон цырт. Хъæбатыртæ нæ мæлынц, уыдоныл зарджытæ кæнынц. Хъæбатырыл цæссыг калын нæ хъæуы, Куы амæлы сæрæгас у уæддæр!».

Ирон адæмы хъæбатырдзинадæн аккаг аргъ æрцыд. Ирæттæ иууылдæр сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй. Советон Цæдисы хъайтарты нæмттæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдон баисты 36 адæймаджы. Уыдонæй 8 уыдысты Хуссар Ирыстонæй – Остъаты Алекси, Цоциты Вася, Къозонты Сардион, Кобылты Сергей, Хъоцыты Къоста, Цхуырбаты Иван, Сабанты Григол æмæ Беруашвили Георги. Ахуыргæнинæгтæ радзырдтой Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголты Адæмон Республикæйы хъайтар Плиты Иссæйы цард æмæ тохвæндаджы тыххæй. Кад æмæ цыт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæн!

«Нæ адæм сæрибардзинады цинæй нæма бафсæстысты, афтæ та гуырдзиаг фашисттæ схъил кодтой сæ сæртæ. Уыдонæн сæ фæнд уыд ирон адæмы сæ фыдæлты зæххæй фæсурын. Фæлæ та нæ хъайтар лæппутæ хъæбатырæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ. 1989 азæй суанг 2008 азы августы тугуарæн хæсты онг аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой знæгтæн. Æмæ нын афтæмæй бахъахъхъæдтой нæ сæрибардзинад. Ныр абон мах уыдоны фæрцы цæ-рæм сабыр арвы бын. Ирыстоны хъæбатыр лæппутæй бирæтæ се ‘взонг цард нывон-дæн æрхастой нæ фидæны сæраппонд æмæ махæй рох никуы уыдзысты. Сæ тугæй æлхæд у уæлахиз æмæ сын зæгъæм стыр бузныг». Хъуылымбегты Роберты (дзæнæттаг) зарæджы зæлты бын экраныл æвдыст æрцыдысты, Ирыстоны сæрибардзинадыл тох кæнгæйæ чи фæмард, уыцы нымæцы Хуыбылты Валерийы хæстон цардæй ист кадртæ.

«Фæлæ та Ирыстоны адæм сæ циндзинадыл цин кæнынæй нæма бафсæстысты, афтæ та Украинæйы фашисттæ сдардтой сæ сæртæ. Æмæ та ногæй сæр бахъуыд ирон лæппуты, уымæн æмæ абон Украинæйы фашизмæн йæ уидæгтæ куынæ стоной, уæд райсом уыцы фашисттæ нæ къæсæрыл æрбалæудзысты. Абон дæр та Украинæйы зæххыл мæлынц нæ хъæбатыр лæппутæ сæрибардзинады сæрыл», – банысан кодта Гæбæраты Фатимæ. Уый æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæууынæй ссарой фæмардуæв-джыты рухс нæмттæ. Мадзалы кæрон зарæг «Слæуу, ирон»-ы зæлты бын экраныл æвдыст æрцыдысты Украинæйы ирон лæппуты хæстон архайдæй ист кадртæ. Ахуыргæнинæгтæ зарæджы зæлтæм сыстадысты, сæ къухты судзгæ цырæгътæ, афтæмæй. «Мах бæллæм æмæ кувæм, цæмæй зæххыл уа сабырдзинад. Уырны мæ, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый», – загъта мадзалы организатор.

Гом урочы тыххæй бузныджы ныхæстæ загътой Цхуырбаты Жужунæ, кæцыйæн балæвар кодтой дидинджытæ Дыгъуызты Лианæ, Плиты Ингæ, Гуыззыдтаты Этери. Профессор Плиты Гацыр загъта: «Абон цы мадзал федтон, ууыл бирæ дзурæн ис, егъау темæ у. Бузныг сывæллæттæн, сæ ахуыргæнджытæн, дирекцийæн. Фатимæ студенткæйæ дæр æнæзивæг æмæ цæвиттойнаг кæй уыд, уый зыны йæ абоны бацæттæгонд мадзалыл дæр. Стыр тыхтæ бахардз кодта. Æнцон нæу дыууæ къласы ахуырдзаутæн иумæ гом урок ауадзын, фæлæ алцы дæр рауад тынг хорз». Уый ма радзырдта ирон æвзаджы тыххæй дæр, бафæдзæхста сывæллæтты, цæмæй дзурой иронау.

Гæбæраты чызг дыууæ къласæн, 56 ахуырдзауæн гом урок кæй ауагъта, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, сгуыхтдзинад у. 56 ахуыргæнинаджы иронау æмдзæвгæтæ кæй бакастысты, уый кæуылты хъуыддаг у, цæрæнбонтæм сæ бахъуыды кæндзысты. Афтæмæй уыдон базонгæ сты ирон хъайтарты равдисгæ сгуыхтдзинæдтимæ. Гæбæраты чызг уæхскуæзæй бакуыста йæ хъомылгæнинæгтимæ æмæ йын хъæуы бузныджы ныхæстæ зæгъын. Дыгъуызты Лианæ йæ раныхасы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ мадзал гом урочы фæлгæттæй ахызт. Иу мадзалы  ирон æвзаг æмæ литературæйы боны бæрæгбоныл æмæ æртæ хæсты цауты тыххæй кæй дзырдæуыд, уымæ гæсгæ гом урок рауад уæлдай мидисджындæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.