Æнудæсæм æнусы ирон адæм хицæн кæмттыл уæрст нал уыдысты, уæдмæ бамбæрстой сæ кæрæдзи зонд, разылдысты культурæйы ’рдæм. Рапарахат ирон фыссынад, фæзындис сæм бирæ ахуыргæндтæ. Равзæрдис ирон литературæ, адæмы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ чи æвдыста, ахæм. Ирон литературæйы бындурæвæрæг сси Хетæгкаты цытджын поэт Къоста. 

Уый ахуыр кодта хъæууон скъолайы, стæй та Стъараполы гимназы æмæ Бетъырбухы аивæдты Академийы. Уымæ гæсгæ бирæ азты фæцух йæ райгуырæн зæххæй. Фæлæ Ирыстонмæ куы сыздæхтис, уæд йæ сæрыхъуын арц сбадтис, йе ’мтуг, йе ’мыстæг иры æнамонддзинад фенгæйæ.

Йæ сæйрагдæр сагъæс поэтæн ссис ирон дзыллæйы хъысмæтыл. Къоста Ирыстоны цард æвдыста йæхи конд æвæджиау нывты, арæзта спектакльтæ æмæ равдыстытæ, тохы бацыдис ног скъолатæ байгом кæныныл, зæхкусджытæн хъæстытæ, курдиæттæ фыста хицауадмæ. Æппæт бæстæйы алы ран дæр кастысты йæ уацтæ адæмы барты сæрыл. Паддзахы фæсдзæуинтæ æмæ ирæттæй уыдонæн æххуысгæнджытæ се сæфт федтой Къостайæ. Дыууæ хатты йæ бæстæйæ ахастой. Фæлæ се знæгтæн сæ бон ницы уыд поэты хæцæнгарз æмдзæвгæты ныхмæ. Къоста йæхæдæг «Ирон фæндыр» кæй схуыдта, уыцы æмдзæвгæты чиныг дзыллæйæн сси сæ уарзондæр хæзна. Йе ’мдзæвгæтæ йын дзыхæй-дзыхмæ истой суанг бынтон æнахуыргонд зæхкусджытæ дæр. Уацмыстæй бирæтæ систы адæмон зарджытæ.

Поэты куыст Къоста абарста хуыыгæнæджы фæллоимæ. Адæмы зæрдæ Къоста схуыдта йæ хуымгæнды хай, бæстæйы сагъæстæ та – йæ фæззыгон най.

Мæгуыр æмæ æвадат адæмы сæрыл дзурын Къоста нымадта йæ ахсджиагдæр хæсыл. Æмæ цыма адæм сæхæдæг сæхи дзыхæй дзурынц сæ хъизæмæртты, сæ сагъæсты тыххæй, раст афтæ фыссы йе ’мдзæвгæтæ:

 

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ 

Царæй фæныкмæ тæдзынц, 

Махæн та хæлынбыттыртæ 

Цары ахстæттæ кæнынц… 

 

Адæмæн сæ фæззæджы куыст 

Не ссы афæдзмæ куырой. 

Махæн та нæ афæдзы мызд – 

’Гасæй иу хоры кæфой!.. 

Къоста æмбæрста, хъæздгуытæ сæ исбон бархийæ адæмæн кæй нæ ратдзысты, уый. Зыдта, паддзах æмæ йæ фæсдзæуинтæ Ирыстонæн хицауиуæг кæнын кæй нæ ныууадздзысты, уый дæр. Уымæ гæсгæ поэт адæммæ сидтис сæрибары тохмæ. Кæдæм æй ахастой, уырдыгæй Къоста йæ хæлæрттæм афтæ фыста: «Хъæддых лæуут, æнгом, æмзæрдæйæ, уæд уыл ничи фæтых уыдзæн».

Къостайы æмдзæвгæтæ сты адæмæн сæхи æнкъарæитæ, сæ зæрдæйы тыхстытæ, сæ хъуыдытæ, сæ сагъæстæ. «Ирон фæндыр»-ы Ирыстон йæхи æнцонæй базондзæн, хуызистмæ кæсæгау, стæй ма иннæ адæмтæ дæр йемæ базонгæ уыдзысты уыцы бæлвырд бæрæг хуызистмæ гæсгæ. «Ирон фæндыр» у æппæт ирон литературæйы бындур.

Къоста, цытджын поэт уæвгæйæ, уыд кадджын, дзырддзæугæ лæг дæр. Бæллыди зæххы къорийы æппæт адæмты æфсымæрдзинадмæ. Æмæ æмбæрста, дунейы æппæт дзыллæты амондмæ зыбыты иунæг фæндаг кæй у алкæмæн дæр йæхи адæмы сæрибардзинадыл тох. Къоста йæ райгуырæн хæхбæстæн ницы бахæлæг кодта, йæ бон цыдæриддæр уыд, уымæй – йæ зæрдæйы цæхæр, йæ куырыхон зонд, йæ бирæ хъару, йе стыр курдиат сын радта рæдауæй. Фæлæ уæддæр афтæ ныффыста:

 

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг.. 

Кæуæгау фæкæса, мыййаг, – 

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, 

Уый зарæд йæхи фæндиаг!.. 

 

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, 

Куы бафидин искуы мæ хæс, 

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, 

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс… 

Къоста æппæтæй къаддæр тыхстис йæхи удыл. Йæ царды кæронмæ æввахс ма хæдзар аразынмæ бæргæ февнæлдта, фæлæ йын нал бантыстис. Бинонтæ æрхæссын йæ зæрды æрæфтыдис. Уый дæр йæ къухы нал бафтыдис. Йæ цардæй ахицæн 1906 азы фыццæгæм апрелы, мæгуыр адæмы сæрыл хæцынæй бирæ мæстытæ, бирæ зæрдæнизтæ бавзæрста, карз низæй бастадис, афтæмæй.

Брытъиаты Елбыздыхъомæ ис пьесæ «Амыран». Амыран у адæмон кадджыты бæгъатыр, адæмæн сæрибар чи хаста, уыцы хъæбатыры ном. Уый тыххæй йæ дæлимонтæ бабастой рындзыл. Адæмы къухы амонд цæмæй бафта, уый тыххæй бæгъатыры хъуыдис суæгъд. Хуымæтæджы ирон лæг Бесæ бацайдагъ кодта тох Амыраны ссæрибар кæныныл. Бесæ, мæгуыртæг, байсæфтис, фæлæ йæ фæдыл иннæтæ сыстадысты Амыраны суæгъд кæнынмæ. Æмæ ногæй-ногмæ хъæбатыртæ сæ цард раттыныл дæр бæргæ уыдысты разы адæмы сæрибар æмæ амондыл тохы.

Елбыздыхъо гъе ахæм хуызы радзырдта Ирыстоны революцион змæлды хабар æмæ адæммæ сидти карздæрæй тох кæнынмæ.

Уæрæсейы империйы адæмтæ се ’ппæт дæр сæ тыхтæ баиу кодтой паддзахы хицауады æмæ цагъаргæнджыты ныхмæ. Ирыстоны фæллойгæнджытæ дæр афтæ сыстадысты бынæттон хицæутты, фабрикантты ныхмæ, стæй скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæнын æгады бынаты æвæрд кæй уыд, уый фыдæнæн.

1897 азы октябры райдыдта Садоны æрзæткъахæнты змæлд. Кусджытæ домдтой фæллойы мызд фидыны æгъдæуттæ аивын, кусгæ бон аст сахатмæ æртæрын, стæй фæлладуадзæн бонтæ дæттын. Бынæттон хицауады æххуысæй æрзæткъахæны хицæуттæ кусджыты ну хайы рацæуын кодтой куыстмæ, чи нæ рацыдис, уыдоны та атардтой куыстæй.

1902 азы апрелы Джызæлы зæхкусджытæ бахъаст кодтой сæ хъæуыхицауыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъæуыхицау æнæзакъонæй адæмы фиддонтыл æфтыдта уæлдæйттæ, йæхи пайдайæн. Ирыстон уæд æртæ зылдыл дихгонд уыд. Джызæл цы зылдмæ хаудис, уый хицау азым нæ уагъта хъæуыхицаумæ æмæ Джызæлмæ æрбалæууыд хъазахъхъæгты къордимæ. Мæстджын зæхкусджытæ фæнадтой хицауы æмæ фæтардтой хъазахъхъы. Джызæл бавдæлдысты æмæ сæхи баифтонг кодтой хæцæнгæрзтæй, афтæмæй фæных сты хицауадмæ, домдтой сæ хъæуыхицауы аивын. Зæхкусджыты сæргъы æрлæууыдысты хъæууон ахуыргæнджытæ æмæ джызæйлаг æндæр дзырддзæугæ лæгтæ. Æрмæстдæр æфсæдты фæрцы бантыстис паддзахы хицауадæн джызæйлаг зæхкусджыты æрсабыр кæнын.

Садоны, Джызæлы æмæ бирæ æндæр рæтты цаутæ равдыстой адæмы домбай хъару. Зæхкусæг адæм æмæ индустриалон куыстуæтты кусджытæ сындæггай ахуыр кодтой се знæгтимæ тохы мадзæлттæ.

1905 азы 9-æм январь… «Тугуарæн хуыцаубон» кæй хонынц, уымæй райдыдта Уæрæсейы фыццаг революци Тохгæнджыты рæнхъы Цæгат Ирыстоны æппæты фыццаг æрлæууыдысты Садоны æрзæткъахджытæ. Январы фæстаг бонты сфæнд кодтой куыст бауромын. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты сыхаг ирон хъæуты цæрджытæ дæр. Уалдзæгмæ базмæлыдысты Дзæуджыхъæуы фæллойгæнджытæ. Райдыдта æппæт сахары куыстурæд. 6-æм майы сахары кусджытæ æмхуызонæй рацыдысты демонстрацимæ. Уынгты цыдысты сырх тырысатимæ, хъуыстысты революцион зарджытæ.

Февралы мæй куы ралæууыд, уæд кусджытимæ баиу сты ирон хуымгæнæг дзыллæтæ дæр. Райдыдта уал хъæд байсыныл тох. Ирыстоны хъæды зæххытæ адæм кæддæриддæр нымадтой сæ хъæздыгдзинадыл, кæд сæ паддзахы хицауад йæ къухмæ раджы райста, уæддæр. Суанг уисыл дæр ма сæ бон нæ цыд ирон адæмæн, æнæ æхца бафидгæ. Ныр фæтардтой хъæдгæсты æмæ февнæлдтой хъæд цæгъдынмæ. Ныддæрæн кодтой хъæздгуыты хæйттæ æмæ сын байстой сæ зæххытæ. Адæм фæтардтой сæ хъæуыхицæутты, уæлдæр хицауад кæй нысан кодта, уыдоны. Зæхкусджытæ бадомдтой, хъæуыхицау æвзаргæ куыд уа, тæрхонылæгтæ та иронау куыд дзурой, афтæ. Зæхкусджытæн æххуысмæ цыдысты студенттæ, ахуыргæнджытæ, гимназисттæ.

Ирон адæм канд капиталистон æгъдæутты ныхмæ нæ тох кодтой, фæлæ сæ райгуырæн зæххы сæрибардзинадыл дæр. Революци йæ тæмæны бацыдис 1905 азы декабры. Кусæгæй, зæхкусæгæй иууылдæр сыстадысты гæрзифтонг тохмæ. Хæст цыдис æфсæнвæндаджы станцæты, бирæ хъæуты. Сыстадис Ирон бæхджын дивизион дæр. Барджытæ нал куымдтой адæмы тох басабыр кæнынмæ. Дивизион æфсæддон иннæ хæйттæм фæсидтис афтæ: «Мах тыхтард кæнынц не ’фсымæрты, кусджыты æмæ зæхкусджыты ныхмæ. Æгъгъæд у фæразынæн! Райсут хæцæнгæрзтæ æмæ æмдыхæй æрлæууæм нæхи бартæ æмæ æппæт адæмы бартæ бахъахъхъæныныл тохы. Уæрæсе æнæхъæнæй дæр сыстадис тохмæ. Мах бæрзонд систам нæ тохы тырыса æмæ баиу стæм адæмимæ».

Ирон барджыты фæстæ иннæ æфсæддон хæйттæ дæр нал бакуымдтой сæ командирты коммæ кæсын.

Ирыстоны сауджынтæ дæр æрæмбырд сты сæ съездмæ æмæ рахæцыдысты адæмы фарс.

1905 азы 18-æм декабры Владикавказы рацыдис революцион газет «Искра»-йы фыццаг номыр. Мыхуыр кæнын æй райдыдта ирон революционер, ахуыргæнæг æмæ литератор Дзасохты Гиго. Йæ фыццаг номыры фæстæ газет æхгæд æрцыдис.

Декабры тох æрмынæг кодтой хицауад. Дивизионы федде кодтой Ирыстонæй. Æфхæрæг къордтæ дæрæн кæнын байдыдтой ирон хъæуты. Ахстой революционерты æмæ сæ тæрхондонмæ лæвæрдтой. Зæхкусджытæн истой сæ фос, бадомдтой сæ стыр ивартæ бафидын.

Революцион цаутæ ма ахастой афæдзæй фылдæр. Владикавказы иттæг зæрдиаг архайд кодтой большевиктæ Ной Буачидзейы разамындæй. 1906 азы сæрды байстой типографи, æрмæст иунæг æхсæвæн, æмæ дзы ныммыхуыр кодтой адæммæ сидт. Фæлæ ма ногæй сыстой, уый хъару сæм нал уыд.

Революци саст æрцыдис. Паддзахы хицауад тынг фыдмитæ бакодтой адæмы амондыл тохгæнджытæн. Чи дзы бафтыдис сæ къухы, уыдоны сауыгътой, кæй та дзы Сыбырмæ æрвыстой. Афтæмæй уæддæр паддзахы бон нæ баци революцион змæлд йæ къæхты бын бассæндын. Сæрибарыл тох не ’нцадис, революци куы бамынæг, уый фæстæ дæр.

1909 азы Ирыстонмæ ссыдис С.М. Киров. Уый йæхи æмбæхста пъæлицæйæ. Владикавказы цардис æмæ куыста газет «Терек»-ы йæ ном аивгæйæ. Киров æрлæууыди сахары большевикты сæргъы, арæзта митингтæ, æмбырдтæ, раныхас-иу кодта, хуыцаубоны чи куыста, уыцы скъолаты.

Ирыстоны адæм нæ бакуымдтой цагъары цардæй цæрын. Рæстæгæй-рæстæгмæ та-иу базмæлыдысты хуымгæнæг дзыллæтæ, тохмæ-иу сыстадысты кусджытæ. Сæ масты «дзæкъул» дзагæй-дзагдæр кодта æфсады службæгæнджытæн дæр.

БЗАРТЫ Руслан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.