Ис тынг бирæ хъæуæг професситæ æмæ уыдоны ‘хсæн æвзонг адæймаг равзары уыцы иунæг професси, кæцы йæ зæрдæмæ вæййы иууыл æввахсдæр æмæ цæттæ вæййы йæ равзаргæ дæсныйадæн йæ цард снывонд кæнынмæ.

Кæцыфæнды æхсæнады дæр дохтыры професси у уæлдай ахсджиагдæр. Рагон грекъаг зынгæ философ Сократ дзырдта, зæгъгæ, дунейы æртæ профессийы сты Хуыцауæй лæвæрд професситæ. Сократы хъуыдымæ гæсгæ, тæрхонгæнæг, ахуыргæнæг æмæ дохтыр сæ курдиат райсынц Хуыцауæй. Иууыл кадджындæр æмæ гуманондæр професситæй сæ иуыл нымад цæуы дохтыры дæсныйад. Дохтырæн адæймаджы цард ирвæзын кæнын у йе ‘рвыл-бонон уæззау куыст. Иннæ ахæм дунейы нæй æндæр ахæм дæсныйад, кæцы домы ахæм стыр бæрндзинад, уымæн æмæ дохтыры рæдыды аргъ у адæймаджы цард. Дохтыр хъуамæ æмбара, адæмы раз ыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый. Дохтыры професси у сгуыхтдзинад.

Æрвылаз дæр Уæрæсейы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр июны мæйы æртыккæгæм хуыцаубоны банысан кæнынц медицинон кусæджы бон. Сæ профессионалон боны ацы ахсджиаг æмæ рагондæр профессийы кусджытæ райсынц бирæ бæрæгбонон арфæтæ сæ арфæйаг куысты сæраппонд. Арфæйы ныхæстæ зæгъын хъæуы, абон уын мæ уацы цы æвзонг дохтыры кой ракæнынмæ хъавын, уымæн дæр.  Уый 2010 азы Гиппократы ардбахæрд куы бакаст, уæдæй абонмæ, ныр 12 азы дæргъы цæсгомджынæй лæггад кæны йæ чысыл пациенттæн. Уал азы дæргъы йæ зæрдыл дары, йæ архайдтытыл баст кæй у рæзгæ фæлтæры цард æмæ афтæмæй ауды рæзгæ хурты æнæниздзинадыл.

Уалыты Фатимæ райгуырд æмæ схъомыл горæт Цхинвалы. 2004 азы сыгъзæрин майданыл каст фæци нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола. Йæ ныййарджытæ Уалыты Павел æмæ Гудцаты Дзерассæйæн Хуыцауы цæст бауарзта æртæ сывæллоны – дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Ныййарджытæ æппæтдæр сарæзтой, цæмæй сæ цоты царды раст фæндагыл бафтыдтаиккой æмæ æхсæнады аккаг бынат ссардтаиккой. Уыимæ Дзерассæ ныр цалдæр азы дæргъы йæхæдæг дæр кæны хъомыладон куыст. Кусы нæ горæты скъола-интернаты хъомылгæнæгæй. Сæ сывæллæттæ иууылдæр каст фесты уæлдæр ахуырадон уагдæттæ. Фатимæ хæрзчысылæй аскъуыддзаг кодта, дохтыр кæй суыдзæн, уый тыххæй æмæ  йын йæ фæнд сæххæст кæнын æнтысгæ дæр бакодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый æндæр професси райсыныл хъуыды дæр никуы акодта, йæ бæллиц уыд дохтыр суæвын. Скъола каст фæуыны фæстæ æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академимæ æмæ ссис педиатрон факультеты студенткæ. Ам дæр йæ хорз  ахуыры тыххæй цæстæвæрæн фæцис, цæвиттон дзы хастой æндæртæн.  2010 азы Фатимæ академи каст фæцис сырх дипломыл. Медицинон академийы къухдариуæгад æм бахатыд, цæмæй кусгæйæ  баззадаид педиатрийы кафедрæйы. Фæлæ Фатимæйы афтæхуыйнæг «узкий» дæсныйад райсын кæй фæндыд, уымæ гæсгæ ординатурæ рацыд Санкт-Петербурджы Мечниковы номыл медицинон паддзахадон университеджы «Хъус-Хъуыр-Фындз»-ы дæсныйадыл. Ирон курдиатджын чызгæй тынг райгонд уыд ацы дæсныйады фæдыл Уæрæсейы сæйраг дохтыр, зонад-иртасæн институты директор Юрий Янов, кæцы къухдариуæгад кодта кафедрæйæн дæр. Фатимæ ахуыртæ цыд Филатовы номыл сывæллæтты инфекцион рынчындоны отоларингологон хайады. Ординатурæ дæр каст фæцис æнтыстджынæй, фæлварæнтæ радта тынг хорз нысæнттыл. Ам дæр æй кусынмæ хуыдтой, фæлæ ирон чызг хъуыды дæр никуы акодта йæ райгуырæн Цхинвалæй цæрынмæ искуыдæм ацæуыны тыххæй. Уæдмæ амондагур чызг ссардта йæ амонд дæр, йæ цард баиу кодта Тедеты Иванимæ, кæцы кусы барадхъахъхъæнæг органты. Хъомыл кæнынц æртæ хуры хуызæн хъæбулы.

2012 азы Фатимæ кусын райдыдта нæ горæты Сывæллæтты поликлиникæйы отоларингологæй. Æвзонг специалисты куыстæй райгонд уыдысты æмæ абон дæр сты поликлиникæйы кусджытæ. Куыста райзæрдæйæ æмæ афтæмæй лæггад кодта йæ чысыл пациенттæн. Æцæг ын уыцы рæстæджы кæд уым нæ уыд, Санкт-Петербурджы йын цы хорз уавæртæ уыд,  ахæмтæ, уæддæр æппæт тыхтæй дæр архайдта йæ хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныныл. 2017 азы кусын райдыдта горæт Цхинвалы Сывæллæтты ног арæзт рынчындоны æмæ абон дæр кусы уым. Фатимæ хъуырты иунæг сывæллæтты дохтыр кæй у, уымæ гæсгæ ма кусы сывæллæтты поликлиникæйы дæр. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ республикæйы æппæт рæзгæ фæлтæрæн ацы дæсныйады кæй лæггад кæны иунæгæй йæхæдæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттимæ кусын бирæ зындæр у, фæлæ Уалыты чызг йæ равзæрст профессийыл фæсмон никуы фæкодта. Абон Фатимæ тынг райгонд у йæ куысты уавæртæй. «Ис мын хъуырты низты фæдыл нырыккон кабинет, кæцы у республикæйы хуыздæр кабинеттæй сæ иу. Кабинет ифтонг у нырыккон ифонггæрзтæй. Мæ бон у мæ чысыл пациентты эндоскопион æгъдауæй басгарын æмæ мæ кабинеты алыгъуызон процедурæтæ аразын. Афтæ ма  нын ис диагностикæйы аппарат, хъусæй æвзæр чи хъусы, уыцы сывæллæтты басгарыны тыххæй».

Æрвылбон дæр Уалыты Фатимæйы кусæн кабинеты раз фенæн вæййы æппынкъаддæрæй 25 чысыл пациенты. Вæййы афтæ дæр, æмæ сæ нымæц схизы 45 адæймаджы онг, фæлæ æвзонг дохтыры фæлладгъуызæй никуы ничи фены, алкæмæн дæр сæ цæстуарзон æххуыс бакæны. Уый йæ куысты рæстæджы бирæ цаутæн ссис æвдисæн. Арæх чысыл сабитæ сæ фындзты кæнæ хъусты батъыссынц алыгъуызон предметтæ æмæ сын фæхъæуы æвæстиатæй баххуыс кæнын, науæд тæссаг вæййы сæ цардæн. Нæ горæты цæрджытæй ничи зæгъдзæн афтæ, æмæ суткæйы дæргъы цафонфæнды рæстæджы дæр Фатимæйы сæр кæйдæр бахъуыд æмæ йын нæ баххуыс кодта. Куыддæр æм фæдзурай телефоны, афтæ уайтагъд дæ уæлхъус æрбалæудзæн æмæ дын æвæстиатæй баххуыс кæндзæн. Нæ горæты цæрæг æвзонг сылгоймаг мын афтæ радзырдта: «Мæ чысыл чызгыл цæуы дыууæ азы æмæ аст мæйы. Уый кæд  æмбаргæ сывæллон у, уæддæр нæ иу изæр тынг фæтæрсын кодта, йæ фындзы бынтон æнæнхъæлæджы стъыста пластилины чысыл хай æмæ дзы тынг стыхстис, æппынæдзух йæ фындзмæ амыдта. Бæргæ архайдтон йæ раппарыныл, фæлæ мæ бон не ссис. Мæ фыртыхстæй телефоны фæдзырдтон Уалыты Фатимæмæ æмæ йын загътон мæ чызджы хабары тыххæй. Кæд изæры 9 сахатмæ æввахс уыд, уæддæр нæ фæзивæг кодта æмæ уайтагъд нæ уæлхъус æрбалæууыд сывæллæтты рынчындоны. Йæ хъуыддаджы æцæг дæсны уайтагъд сабийы фындз расыгъдæг кодта æмæ сæрибарæй сулæфыд. Баззадтæн дзы тынг райгондæй».

Уыд ахæм цау дæр: дыууæаздзыд сывæллон йæ фындзы стъыста губкæйы гæппæл æмæ йын уым æмбийын райдыдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæмæй саби тыхстис. Фатимæйы бахъуыд сывæллонæн наркоз саразыны сæр æмæ йын афтæмæй расыгъдæг кодта йæ фындз. Сывæллоны дыккаг бон рафыста рынчындонæй. Йæ ныййарджыты арфæйы ныхæстæн кæрон дæр нал уыд, афтæ райгондæй дзы баззадысты. Уыд ахæм цау дæр: авдаздзыд лæппуйæн уыд гемангиома йæ фындзы, фæлæ уый тыххæй ницы зыдтой йæ ныййар-джытæ. Бирæ рæстæджы дæргъы хъаст кодта, йæ фындзы туг арæх кæй цыд, уымæй. Уыдон бацыдысты Фатимæмæ. Уый лæмбынæг басгæрста лæппуйы æмæ йын сæвæрдта раст диагноз. Æмæ чысыл лæппуйы  экстренон æгъдауæй арвыстой Мæскуыйы зонадон-клиникон федералон центрмæ, цыран ын сарæзтой операци æмæ афтæмæй лæппу йæ низæй фервæзт. Йæ ныййарджытæ куыд дзурынц, афтæмæй уыдон арæх æрæмысынц æмæ фæарфæтæ кæнынц сæ хъæбулы  ирвæзынгæнæг дохтырæн.

Уалыты Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ, арæх сабитæ сæ фындзты кæнæ сæ хъусты батъыссынц фæрдгуытæ кæнæ хъæдуртæ дæр. Æртæаздзыд сывæллон та йæ фындзы стъыста сахаты батарейæ. Ахæм цау у уæлдай тæссагдæр, уымæн æмæ батарейæ райдайы туаг кæнын æмæ афтæмæй гæнæн ис расайа сыгъдтытæ, кæцытæн вæййы уæззау фæстиуджытæ. Ацы цауы дæр та сарæхстис Фатимæ æмæ лæппуйы йæ арæхстджын архайдæй фервæзын кодта йæ низæй. Æмæ цал æмæ цал тыхст сывæллонæн баххуыс кодта, уыдон чи фæнымайдзæнис.

Цафонфæнды дæр æм ма бахат: фæнды – райсом раджы, фæнды æрдæгæхсæв тыхст рынчынæн баххуыс кæныны тыххæй, Уалыты чызг алы хатт дæр цæттæ вæййы йæ лæггады хай бакæнынмæ. Фатимæйæ йæ чысыл пациентты ныййарджытæ сты тынг райгонд йæ аудгæ æмæ зæрдæхæлар ахасты тыххæй.  Арæх æй бахъæуы дæрддзæф хъæутæм диспансеризаци ауадзыны тыххæй ацæуын дæр, фæлæ никуы базивæг кæны. Диспансеризаци ауадзынц республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгтæн дæр æмæ дзы алы хатт дæр Фатимæ хайад райсы. Арæх рацæуы онлайн-курсытæ æмæ афтæмæй йæ квалификаци бæрзонддæр кæны. 2021 азы октябры мæйы та хайад райста Ярославлы уагъдцæуæг æртæбонон ринологион конгрессы.

Уалыты чызджы уарзынц æмæ йын кад кæнынц æрмæст йæ пациенттæ  æмæ сæ ныййарджытæ нæ, фæлæ йæ коллегæтæ дæр. Мæнæ дзы цы дзуры Сывæллæтты рынчындоны сæйраг дохтыр Джиоты Луизæ: «Фатимæ  йæ професси зоны иттæг хорз. Алы хатт дæр йæ чысыл пациенттæн  цæстуарзон æххуыс бакæны.  Дохтыры курдиат ын æрдзæй лæвæрд у. Иннæ ахæм у  хуымæтæджы, тынг фæлмæн æмæ æнкъараг зæрдæйы хицау адæймаг. Искæй рыст райсы йæхи рысты хуызæн». Медицинон хо Еналдыты Зæринæ дæр райгонд у æвзонг дохтырæй: «Фатимæ у тыхст уавæры бахауæг сывæллæтты тагъд æххуыс æмæ фæдисон. Æппынæдзух кусы йæ зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæны-ныл. Коллективы ‘хсæн ын ис хорз кад».

Йæ цæсгомджын куысты тыххæй Уалыты Фатимæйы РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты раздæры министр Кулиджанов Григори схорзæхджын кодта арфæйы фыстæгæй. Ис ын Кады грамотæтæ дæр. Фæлæ уый йæ иууыл стырдæр хорзæхыл нымайы, йæ пациенттæн æмбæлон лæггад кæй кæны æмæ дзы  ныййарджытæ  райгонд кæй сты, уый.

Уæдæ тыхст уавæры бахауæг адæмы ныфс дæ æмæ бирæ азты дæргъы æнæнизæй фæкус дæ ахсджиаг æмæ хъæуæг куысты. Фатимæ, арфæ дын кæнæм медицинон кусæджы боны сæраппонд. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у!

              Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.