23-æм ноябры та не ‘взонг паддзахад банысан кæндзæн Хъайтардзинад æмæ адæмы иудзинады бон. Уыцы бонмæ кæд нырма иу къуырийы бæрц хъæуы, уæддæр ныридæгæн нæ республикæйы уадзын райдыдтой алыгъуызон мадзæлттæ ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд.

Иу ахæм мадзал уагъд æрцыд нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы. Уый уыд гом урок 8 “а” къласы  ахуырдзауты хайадистæй æмæ ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæйы сæргълæудæй. Гом урокмæ хуынд æрцыдысты 2008 азы августы, тугуарæн хæсты рæстæджы стыр хъайтардзинæдтæ чи равдыстой, уыцы лæппутæй цыппар – Гаглойты Алан (Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы кавалер), Джиоты Таймураз, Алексей Захаров æмæ Джиоты Рудольф. Урок байгом кодта Дыгъуызты Лианæ: «Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы бирæ нысаниуæгджын бонтæ фæзынд, уыдонæй сæ иууыл ахсджиагдæр боныл нымад цæуы 23-æм ноябрь – Хъайтардзинад æмæ адæмы иудзинады бон. Растдæр уыцы бонæй райдыдта Хуссар Ирыстоны ногдæр истори. Нæ абоны гом урочы темæ кæд 2008 азы августы хæсты цаутимæ баст у, уæддæр нын æнæрымысгæ нæй 1989 азы 23-æм ноябры цауты  дæр. Уыимæ ма урочы темæйæн та райстам Хъуылаты Созырыхъойы уацмыс «Музейы» æмæ йæ бæттæм куыд 23-æм ноябры, афтæ 2008 азы августы цаутимæ дæр».

Ахуыргæнинæгтæ лæмбынæг дзуаппытæ лæвæрдтой Хъуылаты Созырыхъойы биографиимæ баст фарстытæн, æрдзырдтой курдиатджын фыссæджы цардвæндагыл. Ахуырдзаутæ дзырдтой, зæгъгæ, Созырыхъо кæд 37 азы йеддæмæ нæ фæцард, уæддæр ын бантыст бирæ сфæлдисын. Уый фæстæ лæмбынæг дзуаппытæ радтой Хъуылаты Созырыхъойы «Музейы» мидисыл дзурæг фарстытæн. Йæ ацы уацмысы фыссæг равдыста ирон уазæгуарзондзинад, æгæрыстæмæй, знæгтæм сæ ахасты дæр. Уацмысы æвдыст цæуы 1920 азты Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг меньшевикты фыдракæндон æмæ сырдон архайдтыты тыххæй, йæ хъайтар у ирон сылгоймаг Сабе. Уый цард хъæугæрон æмæ иу бон куы уыд, уæд уæливыхтæ скодта, æцæгæлон хæстон адæмæй дыууæ æфсæддонмæ фæдзырдта æмæ сын сæ разы фынг авæрдта. Сылгоймаг афтæ кæй сарæзта, уый нæ фæцыд хъæуы цæрджыты зæрдæмæ, зæгъгæ, уыдон не знæгтæ куы сты, уæд цæмæн бахъуыдысты Сабейы? Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыдонæй сæ иу Сабемæ фæкаст йæ фырт Бимболы хуызæн, кæцы уыд партизанты къорды.  Цасдæр рæстæджы дæргъы дзы ницыуал хабар фехъуыста æмæ йæ риуы райхъал сты мады уарзты æнкъарæнтæ. Йе ‘нæзонгæ уазджытæ куы базыдтой Бимболы тыххæй, уæд ын сæ иу Дауыт загъта, зæгъгæ, мах цæуæм фæсхохмæ æмæ дын ссардзыстæм дæ фырты. Уазджыты ацыдæй рацыд цалдæр боны æмæ сызмæлыд бæстæ, схæццæ сты адæм… Гуырдзиаг меньшевиктæ туджы зæйтæ рауагътой Ирыстоны зæххыл. Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы фыдрæстæг. Сабейы æнæ-зонгæ уазæг Дауыт дæр æр-бабырста нæхиуæттимæ, уый дæр уыд меньшевикты ныхмæ. Бирæ фæагуырдта Сабейы фырты, фæлæ йæ не ссардта.

Дауыт агуры Сабейы хæдзар æмæ ссардта агъуысты хæлддзаг. Цы фæци йæхæдæг та? Ай та цы диссаг у? – джихæй баззад Дауыт. Къæбыртыл стæгдар… Дæргъæй-дæргъмæ лæууы адæймаджы стæгдар. Сæры къуыдыр систа йæ къухмæ, ныккаст æм æдзынæг. Æхсаргарды цæф сæры афаста кæронмæ, сау знаг сахуырста йæ къухтæ мæгуыр зæронд усы туджы. Ныр фендзынæ музейы урс сæры къуыдыр, ставд дамгъæтæй фыст ис йæ уæлæ: «Иунæг фырты мад, хохаг идæдз ус»… Уый у Сабейы сæры стæгдар, – дзырдтой ахуыргæнинæгтæ. Хъуылаты Созырыхъо Сабейы фæлгондзы равдыста йæ ныййарæг мад Натъайы фæлгондз. Уый дæр æгъатырæй амардтой гуырдзиаг меньшевиктæ, йæ риу ын хæцæнгарзæй  æртæ цæфы фæкæнгæйæ. Созырыхъо йæ-хæдæг дæр уыд партизанты рæнхъыты. 1937 азы куынæггонд æрцыдысты Ирыстоны хуыздæр хъæбултæ. Уыдонимæ  йæ  цард  37-аздзыдæй аскъуыд Созырыхъойæн дæр.

Дыгъуызты Лианæ 1920 азты цаутæ абарста 2008 азы цаутимæ æмæ банысан кодта, гуырдзы цæрæнбонты ирон адæмы знæгтæ кæй сты. Лæмбынæг сын радзырдта 1989-2008 азты гуырдзиаг фашисттæ ирон адæмæн цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уый тыххæй. Уый фæстæ сывæл-лæттæ радзырдтой 1989 азтæй фæстæмæ æмæ 2008 азы августы хæсты фæмардуæвæг хъайтарты сгуыхтдзинæдты тыххæй. Æрæмысыдысты Галуанты Олег, Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт, Санахъоты Гришик, Æгъуызарты Аслан, Бестауты Гарик, Дыгъуызты Леонид, Денис Ветчинов, Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды фæмардуæвæг лæппутæ Санахъоты Алан, Мæлдзыгаты Сослан, Дзæхойты Валери, Къæбысты Алан, Быценты Гайоз, Плиты Тамаз æмæ æндæр хъайтарты æнæмæлгæ æхсардзинады тыххæй, кæцытæ сæ цард нæ бавгъау кодтой Ирыстоны  фидæны тыххæй. Хъайтарты трагикон хъысмæтыл дзургæйæ-иу сывæллæттæн суынгæг сты сæ зæрдæтæ, бирæтæн дзы сæ цæссыгтæ дæр æркалдысты. Уый та нысан кæны, сæ чысыл зæрдæтæм арф кæй райстой уыцы трагикон азты цаутæ æмæ сæ ахуыргæнæг семæ кæй кæны æмбæлон патриотон хъомыладон куыст.

Дыгъуызты Лианæ куыд радзырдта, уымæ гæсгæ гом урокмæ æрбахонгæ хъайтарты уый агуырдта 10 азы дæргъы, ома, 2008 азы августæй  фæстæмæ  æмæ,  зæгъ, сæ  бынтон  æнæнхъæлæджы  ссардтон. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ 2008 азы 8-æм августы ацы лæппутæ Хъоцыты Къостайы фырты уынджы гуырдзиаг танкæй сæхи бааууон кодтой Дыгъуызты Лианæ-ты хæдзары. Лианæ куыд загъта, афтæмæй уый йæ кæрты дуар байгом кодта барæй, цæмæй исчи куы фæтыхстаид, уæд йæ хæдзары йæхи бааууон кодтаид. «Ацы лæппуты уæд фыццаг хатт федтон. Иу чысыл алæууыны фæстæ уыдон фæстæмæ уынгмæ лыгъдысты, зæгъгæ, гуырдзиаг танчы уынæр æрбайхъуыст æмæ, зæгъ, æй спырх кæнæм. Æз сæ разы балæу-уыдтæн, ницæйы тыххæй уæ нæ ауадздзынæн, зæгъгæ, фæлæ мæм нæ байхъуыстой æмæ мæ иу-вæрсты агæппытæ кодтой уынджы ‘рдæм. Кæд сæ къухты автоматты йеддæмæ ницы уыд, уæддæр хæцыдысты танкæты ныхмæ. Абоны онг дæр мæ цæстыты раз алæууынц сæ фæлгæндзтæ, сæ цæсгæмттыл æппындæр тасы æнкъарæнтæ нæ зынд, сæ цæстыты сыгъд æхсардзинады цæхæр, кæд нæ горæт танкты æмæ артиллерион æхстыты бын уыд, хæдтæхджытæ ныл бомбæтæ калдтой, уæддæр. Ав-густы хæстæй кæд 10 азы рацыд, уæддæр-иу ацы лæппуты арæх æрымысыдтæн, æмæ, æппын-фæстагмæ, мæ къухты бафтыд се ссарын», – радзырдта уый.

Дыгъуызты Лианæ бахатыд йе ‘рхонгæ уазджытæм, цæмæй сывæллæттæн радзырдтаиккой сæ хæстон архайдтыты тыххæй. Ахуырдзаутæ сæм хъуыстой стыр цымыдисæй.

Гом урочы рæстæджы экраныл æвдыст цыдысты 1989 азы 23-æм ноябры æмæ 2008 азы августы хæстон цаутимæ баст нывтæ. Ма-дзалы кæрон йæ архайджытæ сыстадысты æмæ лæугæйæ бузныг загътой Фыдыбæстæ хъахъхъæн-джытæн. Урок афтæ цымыдисон рауад æмæ  рæстæг куыд атахт, уый хатгæ дæр нæ ракодтам, бахъуыд ма уæлæмхас рæстæг дæр.

Хæстытæ фæвæййынц, фæлæ истори та æнусон у. Историмæ бацыд хуссарирыстойнаг хæст дæр. Уый нæ мысынады цæрдзæн æнустæм, уымæн æмæ Ирыстоны ногдæр истори фыст æрцыд ирон лæппуты туг æмæ ирон мæдты цæстысыгæй.

 

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.