8-æм ноябрæй 15-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис 4 фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой дыууæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты аст адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 285 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 2 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

12 ноябры криминалон милицийы  æмæ ОМОН-ы саперон хайады кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой Цхинвалы районы Дампалеты хъæуы 51-аздзыд бынæттон цæрæджы хисæрмагонд хæдзар. Басгæрсты рæстæджы хæдзары ссардтой дыууæ автомат «Калашникова»-йы, дыууæ цуанон æхсæнгарзы, алыгъуызон калибры нæмгуытæ 900 бæрц, нæмгуытæ аразынæн капсулатæ æмæ топпыхос, фæздæгкæнæн шашкæтæ. Уымæй уæлдай ма йæм ссардтой цъæхбын кæрдæджы ссадæг, кæцы разынд марихуана. Фæткхалæг конд æрцыд рæстæгмæдарæн камерæйы.

12 ноябры Ленингоры поселочы 41-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2121» æмæ Ленингор-Икоты фæндагыл цæугæйæ сæмбæлд токуадзæн цæджындзыл. Милицийы кусджытæ фæткхалæджы медицинон басгæрстмæ куы кодтой, уæд йæхи равдыста агрессивонæй, хъаугъа кæнын райдыдта æмæ къухæй ныццавта инспекторы. Фæткхалæг конд æрцыд рæстæгмæдарæн камерæйы.

13 ноябры горæт Цхинвалы Хъайтарты уынгыл 9-аздзыд сывæллон, бар кæм нæ уыд, ахæм ран хъавыд фæндаджы иннæ фарсмæ ахизынмæ æмæ лидзгæ-лидзын бахаудта автомашинæ «NISSAN FUGA»-йы бын, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 23-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн сывæллонæн ацъæл йæ къах æмæ ма райста ноджы алыгъуызон травмæтæ.

Цхинвалы районы милицийы хайадмæ Хелчуайы хъæуы 63-аздзыд цæрæг барвæндонæй бахаста цуанон æхсæнгарз. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагæн нозтджынæй хъаугъа рауад йæ сыхагимæ æмæ фырмæстæй æхсæнгарзæй уæлдафы иу æхст фæкодта, æмæ йын æнæратгæ нал уыд йе хсæнгарз милицимæ.

Цхинвал-Знауыры фæндаджы 8-æм километры Знауыры районы Принеуы хъæуы 53-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ скъæрын æмæ ныццавта фæсвæд лæууæг адæймаджы, кæцы разынд Аунеуы хъæуы 36-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн бæлццоны къах асаст æмæ ма райста алыгъуызон травмæтæ. Шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.