РОГ АТЛЕТИКÆ

РХИ-йы рог атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинæгтæ хайад райстой Кæсæг-Балхъары уагъдцæуæг гом чемпионаты. Хуссарирыстойнаг спортсментæн бантыст рамбулын  æртæ сыгъзæрин æмæ дыууæ та – æвзист майданы. Пандемийы аххосæй карантины фæстæ ацы ерыстæ уыдысты фыццæгтæ, кæцыты хайад райстой нæ республикæйы рог атлетикæйæ архайæг спортсментæ.

Ядро æппарынæй иууыл цæттæдæр разынд нæ республикæйы минæвар. Фæсивæды ‘хсæн æфсæйнаг къори иууыл дарддæр  аппæрста æмæ ерысты уæлахиздзау ссис Тадтаты Ричард.

Дыууæ майданы рамбулын бантыст Джиголаты Аланæйæн. Уый ерыс кодта дыууæ дистанцийы. Фыццаг бон лыгъдис 1500 метры дæрддзæгмæ. Ам ын бантыст дыккаг бынат бацахсын. Ерысты дыккаг бон та фæуæлахиз 3000 метрмæ лидзынæй.

Дыууæ майдан ма рамбылдта Багаты Артур дæр. Артур сыгъзæрин майдан рамбылдта 3000 метрмæ лидзынæй, 1500 метрмæ та рамбылдта æвзист майдан.

Ныр нæ спортсментæ сæхи цæттæ кæндзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионатмæ, кæцы уагъд цæудзæн июны райдианы.

Спортсменты тренертæ сты Гæззаты Аслан, Хъæцмæзты Мадинæ æмæ Гатыгкоты Васили.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ РХИ-йы рог атлетикæйы скъолайы гом кæй æрцыд сæрмагонд къорд, цыран цæттæ кæндзысты паралимпиаг спортсменты. Уымæ гæсгæ тренертæ хатынц, хъусæй, цæстырухсæй, афтæ ма æнцойгæнæн-змæлæн аппаратæй (опорно-двигательный аппарат) чи тыхсы, уыдонмæ, цæмæй сæм æрбацæуой æмæ райдайой спортæй архайын.

Рог атлетикæйы скъолайы директор Цъæхилты Игорь нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй РХИ-йы рог атлетикæйы федерацийы президентæй ногæй æвзæрст æрцыд Икъаты Русланбег.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 40-æм туры Дзæуджыхъæуы командæ «Алани» уазæгуаты хъазыд Калининграды «Балтика»-имæ. Ацы командæ дæр тох кæны турнирон таблицæйы цыппæрæм бынатыл, кæцы фадат дæтты уæлдæр дивизионмæ ахизыны тыххæй премьер-къорды 13-æм бынат бацахсæг командæимæ стох кæнынæн.

Хъазты фыццаг минутыл фысымтæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Дарддæр пурти фылдæр уыд æмæ размæ бырста «Алани». Уыдис сын цалдæр хорз гæнæны хыгъд сæмхуызон кæнынæн, фæлæ та ногæй пурти бауагътой сæхи кулдуармæ. Хыгъд 2:0 ссис 58-æм минутыл. Хъазты кæронмæ хыгъд нал фæивта.

Кæд «Алани» фæхæрд, уæддæр уымæ  нæ кæсгæйæ турнирон таблицæйы ахсы 4-æм бынат.

Фæлæ фæстаг рæстæджы сæйраг информаци ссис премьер-къорды хъазынæн командæйæн лицензи ратдзысты æви нæ, уый. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уагæвæрдмæ гæсгæ командæ хъуамæ хъаза, цы регионы у регистрацигонд, уым. Цæгат Ирыстоны стадион та дзуапп нæ дæтты премьер-къорды домæнтæн. Ахæм проблемæ ма ис «Оренбург»-æн, кæцы турнирон таблицæйы цæуы дыккаг бынатыл.

Ацы дыууæ командæйы тыххæй хъысмæт скъуыддзаг кæндзæн Уæрæсейы футболон цæдис.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.