Кæронмæ бахæццæ сты фæлварæнтæ æмæ рабæрæг сты, ацы аз Мидхъуыддæгты министрады хаххыл Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ахуыр кæнынмæ кæй арвитдзысты, уыцы курсанттæ. Кæд развæлгъау дзырдгонд уыдысты 20 рахицæнгонд бынатыл, уæд фæстæдæр нæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад ногæй бахатыд сæ уæрæсейаг коллегæтæм æмæ фæфылдæр кодтой исæн бынæттæ 25 онг. Уымæн æмæ, кæй фæндыд ахуыр кæнынмæ ацæуын, уыдоны нымæц уыд бæрæг фылдæр æмæ кæцыдæр специалисттæй та хъуагдзинад æййафынц барадхъахъхъæнæг органтæ.

Ацы аз уæлдæр ахуыргæнæндæтты нымæц дæр фæкъаддæр ис, иннæ азтæм абаргæйæ, æмæ факультетты нымæц дæр. Нæ республикæйæн хъæугæ специалисттæ бацæттæ кæндзысты Нижний Новгороды академи, Воронежы институт, Орловы юридикон институт æмæ Краснодары университет ахæм дæсныйæдтæй, куыд «Правовое обеспечение национальной безопасности», «Компьютерная безопасность», «Специальные радиотехнические системы» æмæ «Экономическая безопасность».

Цæмæй фæлварæнтæ объективон уой, уый тыххæй Мидхъуыддæгты министрады бæрнон кусджытæй арæзт æрцыд исæн къамис æмæ фæлварæнтæ та уагъд цыдысты ХИПУ-йы ахуыргæнджыты хайадистæй. Уымæй уæлдай ма сæм сæ хъус дардтой Президенты администраци æмæ РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты минæвæрттæ. Ныййарджыты дæр бауагътой, фæлварæнтæ кæм цыдысты, уыцы хатæнтæм, стæй ма фыст æрцыдысты видеокамерæйæ дæр.

Абитуриенттæ рацыдысты сæрмагонд басгæрст Мидхъуыддæгты министрады æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады комитеты. Стæй та сæ арвыстой медицинон къамисмæ æмæ психологон басгæрстмæ.

Ныридæгæн сын Мидхъуыддæгты министрады кадрты кусджытæ цæттæ кæнынц сæ гæххæттытæ æмæ августы мæйы кæрон афæндараст уыдзысты сæ ахуыры бынæттæм. Фондз азы дæргъы сæ хицауад ифтонг кæндзæн алцæмæй дæр, уыдзæн сын иттæг хорз уавæртæ ахуыр кæнынæн æмæ ахуыр фæуыны фæстæ æрыздæхдзысты сæ райгуырæн бæстæмæ.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.