Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндон (директор – Гæджиты Жаннæ) йæ сырæзтæй фæстæмæ хорз лæггад кæны ирон музыкалон аивады рæзтæн. Ацы ахуыргæнæн уагдоны куыста æмæ дзы абоны бон дæр цæсгомджынæй фæллой кæнынц бæрзондквалификациджын ахуыргæнджытæ æмæ архайынц сомбонæн аккаг фæлтæр схъомыл кæныныл. Уыцы фæлтæрæй иутæ сæхи рады сæ æвæллайгæ куыстæй сном кодтой канд сæхицæн нæ, фæлæ ма сæ уарзон ахуыргæнæн уагдонæн дæр. Уыимæ иумæ æндæртæ та уæлдæр музыкалон ахуырдзинад райсыны фæстæ фæндаг ссарынц сæ уарзон ахуыргæнæндонмæ æмæ дарддæр сæ аккаг хайбавæрд хæссынц æвзæнгты музыкæйы æвæрæнтæй фæхайджын кæнынмæ.

 Радон ахуыры азмæ та исæн фæлварæнтæ фесты ацы ахуыргæнæн уагдоны æмæ  ног, 2020-2021-æм ахуыры азы сæ ахуыргæнинæгты нымæц уыдзæн 43 адæймаджы. Иууыл фылдæр сæ нымæц у хореографийы хайады – 20, эстрадон зарыны хайадмæ та бацыд 11, адæмон инструментты хайадмæ  райстой 8, академион зарынмæ – 3 æмæ хорæн дирижер кæнынмæ та – иу адæймаг. Уагдоны фæлтæрд æмæ сæ хъуыддаджы дæсны специалисттæ Куымæридтаты Тинæ, Куыдзеты Агуындæ, Хъуылымбегты Луизæ, Санахъоты Сослан, Гасситы Ацæмæз, Тедеты Ацæмæз æмæ иннæтæ сæ бирæ зонындзинæдтæ нæ бавгъау кæндзысты фидæнæн аккаг кадртæ бацæттæ кæныны тыххæй. Ахуыргæнæндон ифтонг у хъæуæг музыкалон инструменттæ æмæ литературæйæ.                                                                   

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.