ЙӔ КЪУХТЫ АРХАЙД БӔРӔГӔЙ РАЗЫНЫ

Махӕй алчи дӕр арӕх кӕмӕй пайда кӕны, йӕ фӕндагыл ӕнцад-ӕнцойӕ цӕй фӕрцы фӕраст вӕййы, уый у автотранспорт. Ныр цалдӕр ӕнусы транспорты ацы хуыз рог кӕны бӕлццоны къух, фӕхӕццӕ йӕ кӕны дард ӕмӕ ӕввахсдӕр бынӕттӕм, уымӕй уӕлдай ма ласы алыгъуызон уӕзӕгтӕ дӕр. Афтӕ ӕмӕ транспортӕн йӕ бавӕрд ӕгӕрон кӕй у, уымӕн фӕарфӕтӕ кӕнӕм машинӕ-аразджытӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ республикӕйы нӕй, машинӕтӕ кӕм уадзой, ахӕм завод. Фӕлӕ уый ныхдур нӕу, автотранспорт фехӕлыны рӕс-тӕджы йӕ ногӕй сӕндидзын кӕнынӕн. Сӕ сифтонг кӕныны тыххӕй сӕ хицӕутты нӕ бахъӕуы уыдон искуыдæм, заводтӕм аласыны сӕр, уымӕн рӕстӕг ӕмӕ хӕрдзтӕ дӕр фылдӕр бахъӕудзӕн. Ахӕм рӕстӕджы машинӕйы хицау ӕвӕстиатӕй фӕраст вӕййы, йӕ зӕрдӕ тынгдӕр кӕуыл дары, уыцы цехмӕ ӕмӕ йын ӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ сцалцӕг кӕнынц. Нӕ горӕт ӕмӕ хицӕн хъӕуты ис ахӕм цехтӕ, машинӕйы алыгъуызон хӕйттӕ но-гӕй фӕткмӕ кӕм ӕркӕнынц. Сӕ иутӕ цалцӕг кӕнынц маши-нӕйы зӕрдӕ – мотор, иннӕтӕ – аккумулятортæ ӕмӕ ӕндӕр хӕйттӕ. Аварийы фӕстиуӕгӕн машинӕйы зест куы ныттӕс-тытӕ, ныскъуыдтӕ вӕййы, уӕд та йӕ хицау ӕрцагуры, зест чи раст кӕны, ахӕм дӕсны ку-сӕджы. Ахӕм арӕхстджын кусджытӕ ис Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы дӕр, уыдон та сты Джиоты Анатоли, Хуыбиаты Алан, Тъотъоты Артур, Хуыбиаты Уырызмӕг ӕмӕ Дадте. Ацы куыстуарзаг лӕппутӕ се ‘ппӕт дӕр сты арӕхстджын ӕмӕ сӕм фӕлхасгӕнджытӕ фӕцӕуынц арӕх.

Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъын фӕнды Уырызмӕджы тыххӕй, уый ацы куыст кӕны 21 азы. Ӕнцонтӕй нӕу машинӕйы ацы куыст ӕххӕст кӕнын, йӕ раздӕры аив хуыз ын фӕстӕмӕ раздахын, афтӕ ӕмӕ йӕ ӕддагоны цӕст бынтондӕр ма бафиппайа. Ууыл у кӕддӕриддӕр Уырыз-мӕджы ӕдзухон куыст ӕмӕ архайд. Йӕ нысан у, цӕмӕй дзы машинӕйы хицау хъӕстагӕй ма баззайа, фӕлӕ ног цалцӕггонд машинæйыл бабадгӕйӕ, буц ӕмӕ райгонд уа йӕ саразӕгӕй. Ууыл вӕййы Хуыбиайы фырты фыдӕбон, уымӕн арӕх арауадз-бауадз кӕны йе ‘нгуылдзтӕ аразинаг зестыл, уымӕн ӕм фӕ-кӕсы лӕмбынӕг, мыййаг дзы мацыуал дызгъуын аззайа, зӕгъгӕ. Иугӕр йӕ куыстӕй зӕрдӕ барухс, уӕд ноджы фӕдывӕр вӕййы йӕ къухты змӕлд. Ахӕм рӕстӕджы рогӕн сулӕфы, йӕ цӕсгомыл мидбылхудт ахъазы ӕмӕ цыма йӕ фӕллад ӕрбайсӕфы, ахӕм хуыз райсы. Уый у Уырызмӕгӕн ӕвзонгӕй фӕстӕмӕ йӕ дӕсныйад ӕмӕ йыл ӕнувыд у. Ӕнтысӕд дын ноджыдӕр ӕмӕ дӕ къухты змӕлд ӕхцондзинад хӕссӕд дӕхицӕн дӕр ӕмӕ автотранспорты хицӕуттӕн дӕр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.