Ирыстон фылдæр хæхбæстæ у. Цы – Цæгаты, цы – Хуссары. Хæхтæ ирон адæмæн уыдысты сæ фидæрттæ æмæ сæ цæрæн бæстæ дæр. Нарты кадджытæм гæсгæ сæ Сырдоны зондæй зæдты фыдæхæй бахъахъхъæдтой, историмæ гæсгæ та – фыдызнаг синтой Тимуры балбирæгъ æрдонгтæй. Ныр дуг аивта, æмæ та ирон адæм сæ рагфыдæлты цæрæн æгæрон быдыртæй чысыл гæппæлтыл сæ риуыдзаг сулæфыдысты. Сæ нымæц куыд бачысыл, афтæ бакъуындæг сæ цæрæн бæстæ дæр. Гъе, уымæ гæсгæ сæ зæрдæ нæ ивынц сæ хæхбæстыл. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Хæхбæстæ нывæрзæн у, быдыр та – дæлфæдтæ». Гъе, афтæ ахсджиагыл нымайынц, бынысæфтæй сæ цы хæхтæ бахъахъхъæдтой, уыдоны. Хæхбæсты цæры сæ иу хай, иннæтæ йæм здæхынц фæллад уадзынмæ,  аннæтæ йæ мысынц, æхсызгонæй дзурынц, сæ фыдæлтæ цы кæмтты, хæххон хъæуты цардысты, уыдоны тыххæй. Кавказы сæйраг хæхты дыууæварс та ирон кæмттæ  бирæ ис. Иуæй-иутæ дзы кæд Гуырдзыстоны баисты змæст рæстæджыты, уæддæр сæ нæ рох кæнынц, сæ кой æдзухдæр ис сæ былалгъыл. Уымæн æмæ Ирыстоны алы къуым дæр ирон адæймагæн адджын у, уымæн æмæ нæ хæхбæстæ зæдбадæн у.

Æмæ цæмæй кæстæр фæлтæртæ уыцы зæрдæйы æмæ зондахастæй ма фæиппæрд уой, сæ Райгуырæн Ирыстон фылдæр уарзой æмæ зоной, уый тыххæй сын арæхдæр дзурын æмæ фыссын хъæуы сæ фыдæлты зæххы алы къуымы тыххæй дæр, арæхдæр сæ-иу куы абалц кæнын кæниккам бынæт-тæм, уæд æй хуыздæр зониккой æмæ уарзиккой. Ууыл хъуыдыгæнгæйæ уал мыхуыр кæнæм чысыл афыст комбæстæ Урстуалты тыххæй.

Астæуккаг Ирыстоны фæсрагъ, хуссарварс æвæджиау æрдзы рæсугъддæр æмæ алæмæттагдæр бынæттæй иу у Урстуалты хæхбæстæ. Ам, уæлхох быдыртæ, хæхты рæгътыл суанг цъититы рæбынтæм у дзæ-нæтон: йæ уæлдæф, йæ суадæттæ, суæрттæ (ам хыссæ дæр суарæй кæнынц, æмæ тагъд ранхъизы), йæ зайæг хал æвдадзы хос сты адæймаджы æнæниздзинадæн. Ленинграды медицинон институтæн дзы базæ хуымæтæджы нæ уыд. Ам-иу алы сæрд дæр студенттæ сæ ахуыргæнæг Елизавета Бушимæ æмбырд кодтой хосгæнæн кæрдæджытæ æмæ уидæгтæ. Елизаветайæн йæ лæг Николай дæр уыд ахуыргонд æмæ куы мард, уæд бафæдзæхста, цæмæй йæ Урстуалты баныгæной. Йæ фарсмæ ныгæд ис Елизавета дæр.

Урстуалтæ зындгонд сты сæ бирæ мæсгуытæ æмæ Царциаты зæппæдзтæй дæр. Ам Едысы хъæуы ис Царциаты калак. Фæлæ сæ уæддæр Ирыстон зоны сæ адæмæй. Урстуалтæ сæ рахуыдтой Хуссар Ирыстоны цæрджытæ. Уыцы ном хæссы сæ цæрæн бæстæ дæр. Ардæм цæгатæй кæд æрлыгъ-дысты, уый бæлвырдæй ничи зоны. Æвæццæгæн, лыгъдысты алы рæстæджыты. Лидзгæ та фылдæр æркодтой Куырттаты комæй. Уый зыны сæ мыггæгтыл дæр: Фæрниатæ цæрынц дыууæ комы дæр. Афтæ: Тотратæ, Тыбылатæ, Джелытæ, Хъоротæ, Чъерджиатæ, Басатæ, Гугкатæ æмæ иннæ мыггæгтæй дæр бирæтæ. Уæдæ дыууæ комы кæ-рæдзимæ æввахс кæй сты, уый дæр картæйæ бæрæг у.

Беджызаты Чермен йæ уацмыс «Мæсгуытæ дзурынц»-ы ацы комы æртæ Ерманы хъæуты цæрджыты хоны куырттатæ. Йæ сæйраг архайджытæй иу Кодзырты Тохтæ Ныхасмæ куы бацæуы, уæд сын афтæ зæ-гъы: «Гъе, Куырттаты сахъ фæсивæд! Чи уæ у абон раппæлинаг йæ згъæронæй, науæд йæ кардæй, гъе, йæ уартæй, уый ма йæ сфæлварæнт мæнæ мæ кардыл». Уый ууыл дзурæг у æмæ амы цæрæг адæм нæ рох кодтой, Куырттаты комæй цардагурæг кæй æр-лыгъдысты, уыцы хабар. Хуссары цæрæг ирæттæ хорз зыдтой туалты: се ‘гъдæуттæ, сæ ныхасыхъæд, цардыуаг – зонгæ, уыцы-иу мыггæгтæ дзы – бирæ. Адонæн æндæртæ уыдысты сæ мыггæгтæ, сæ ныхасыздæхт, се ‘гъдæуттæ, сæ цардыуаг. Чи зоны сæм аивдæр фæкастысты æмæ сæ уымæн рахуыдтой Урстуалтæ. Æмæ ныр нæ ахуыргæндтæ æцæг туалты та хонын райдыдтой Сау туалтæ. Урс кæд ис, Сау цæуылнæ хъуамæ уа.

«Урстуалты бæстæ ис Астæуккаг Ирыстоны. Стыр Кавказы хæхтæн сæ хуссарварс  Тырсы æмæ Мамысоны æфцæджыты ‘хсæн, æдæппæтæй ахсы 12х12 километры. Йæ сæйрагдæр хъæу Едыс. Йæ алыварс цыппар хицæн комы. Едысы, æвæццæгæн, XV æнусы æрцардысты Беджызатæй дыууæ æфсымæры. Уыдон æрлыгъдысты Цæгат Ирыстонæй Дæргъæвсы комæй Хынцæджы хъæ-уæй. Æрбаййæфтой йæ æдзæрæгæй. Йæ хъæдты уæлвæзты бирæ уыд алыхуызон сырдтæ æмæ мæргътæ.  Ивгъуыд æнусы  80-æм азты дæр ма Едысы цардысты 25 хæдзары, – фыста «Рæстдзинад»-ы Беджызаты Амилбар – Беджызатæ уыдысты 7 хæдзары, Басатæ – 3, Дзестæ -3, Дзукъатæ – 2, Мамиатæ – 2, Мæхъитæ – 2 æмæ Гугкатæй – 1 хæдзар. Едысы æппæт Урстуалтæн уыд хъæууон совет, астæуккаг скъола, аргъуан. Сæ сæйраг бæрæгбон – Та бу-Уацилла.

Ерманы комы уыди 3 хъæуы. Мидæггаг хъæуы цардысты Хъоротæ, Джелытæ, Гахатæ, Гæбултæ. Сæ бæрæгбон – Сырхы    дзуар. Астæуккаг Ерманы цардысты Хъоротæ, Фæрниатæ, Туатæ, Цоциатæ, Бы-гъуылтæ, Дæллаг Ерманы цардысты Тыбылатæ, фæйнæ хæдзары Саулохтæ æмæ Би-тартæй. Ацы дыууæ хъæуæн сæ бæрæгбон у Цыргъы дзуар. Æртæ Ерманæн уыд райдайæн скъола. Æдæппæт дзы цард 45 хæ-дзары.

Бырытъаты комы уыд 4 хъæуы: Хусуртæ, Саумæсыг, Джыбылатæ æмæ фæзы Бы-рытъат. Сæ бæрæгбон – Чъырын дзуар. Уыди дзы райдайæн скъола. Æдæппæтæй дзы цард 25 хæдзары: Слантæ æмæ дыууæ хæдзары Дзукъатæй.

Челиаты комы уыди æртæ хъæуы. Цардысты дзы Дзукъатæ, Мæхъитæ æмæ 2 хæдзары Мысостатæй. Уыди дзы райдайæн скъола. Сæ бæрæгбон – Атынæг.

Хъæу Ходзы цардысты Тотратæ æмæ дыууæ хæдзары Джелытæй, сæ бæрæгбон – Лæгты дзуар (Уастырджи). Гæлуаты хъæуы цардысты 7 хæдзары иу мыггагæй. Къабустæ – 5 хæдзары, иу хæдзар – Буратæй.

Иннæ хъæутæ сæ бæрæгбæттæ кæд 1-2 боны дæргъы кодтой, уæд Едысы бæрæгбон хаста æнæхъæн къуыри. Алы бæрæгбонæн дæр дзы уыд йæхи кувæндон. Кæд зын уавæрты цардысты Урстуалтæ, уæддæр цард фыхти, куыд бæгæны цæджджинаджы, афтæ. Бæрæгбоны рæстæг иу хъæуæй иннæ хъæумæ фылдæр цыдысты фæсивæд. Тынгдæр уый тыххæй, цæмæй алы мыг-гæгты чызджытæ æмæ лæппутæ кæрæдзи федтаиккой, базонгæ уыдаиккой, сæ фидæны цардæмбæлттæ равзæрстаиккой. Æмæ-иу фæззæджы сарæх сты чындзæх-сæвтæ».

 Урстуалты размæ ацы комы цардис æн-дæр адæм. Æвæццæгæн, уыдон дæр ирæт-тæ уыдысты, фæлæ цы фесты, уый ничи ма сбæлвырд кодта. Бæлвырд у иу хъуыддаг, зæрдæйы фæндиаг амондджын бæстæ сын нæ фæци, æмæ йæ ныууагътой, кæнæ сæ Гуырдзыстоны паддзах быдырмæ цæрынмæ ахуыдта (афтæ кодтой Перс æмæ Туркимæ хæстыты-иу сæ зæххытæ куы федзæрæг сты, уæд), æмæ гуырдзыйæгтæ систы.

Урстуаллæгтæн ацы бæстæ фæбæззыд, йæ фарн сыл бафтыдта, йæ фæрныгадæй сæ рæвдыдта. Æмæ комбæсты адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой. Хуымзæхх, хосгæрст сын нал фаг кодта æмæ уæлвонг рæтты зæххытæ дæр хуым кæнын райдыдта, æрдзы миниуджытæм къæрцхъусдæр кæнын райдыдтой. Сæрд дзæнæты бæстæ у, зымæг та – зынцæрæн. Уалдзæджы уæлвонг рæттæй мит æрæгмæ дæр батайы, æмæ-иу сæ хуымтыл зæхх байзæрстой, афтæмæй мит хурмæ тагъддæр кæй атайы, уый рахатыдтой. Уалдзæг-иу скъæтæй тыхæй цы мæллæг зæронд бæхы раластой, уый-иу сæрвæтмæ уæгъдæй ауагътой, цыфæнды кæн, нал нæ хъæуыс, зæгъгæ, уый сын-иу фæззæджы æрцахсын нал куымдта. Ахæм æвдадзы хосы кæрдæг зайы сæ уæлхох сæрвæтты.

Хуымзæххæй хъуаг æййæфтой урстуаллæгтæ, æмæ сæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ,  æрвыст мæхъæлы уæгъд зæххытæм ралидзут, зæгъгæ, куы сцырын кодтой, уæд дзы бирæтæ базмæлыд. Æнæхъæн хъæутæй сæ сыстын кодтой æд фос, æд колхоз æмæ сæ æрцæрын кодтой Хетæгкаты Къостайы (Назраны) районы. Фæлæ та уырдыгæй дæр фæхауæггаг сты. Æмæ абон цæрынц Цæгат Ирыстоны алы хъæуты.

Урстуалтæ бирæ хæрзты бацыдысты Ирыстонæн Ардыгон уыд зындгонд кадæггæнæг-хъисфæндырæй цæгъдæг Сланты Гаха. Уый фæрцы махмæ æрхæццæ ирон адæмон сфæлдыстадæй бирæ хæзнатæ. Æрмæст фысджытæ ацы комæй рацыд 19 фылдæр. Ранымайæм сæ: Беджызаты Чермен æмæ Уасо, Хъороты Дауыт, Хъазыбег æмæ Сослан, Хъуылаты Созырыхъо æмæ Дзесты Куыдзæг, Дзаттиаты Алыксандр, Тотырбег æмæ Георги, Саулохты Мухтар æмæ Хæныкъаты Никъа, Гæлуаты Аким æмæ Сланты Ахмæт, Хъуылаты Чермен æмæ Беджызаты Дудар, Фæрниаты Дзибус, Гугкаты Шамил æмæ Хæныкъаты Ростик… Дауыраты-Сланты Зойæйы – Дауырæйы фыдæлтæ дæр уыдысты ардыгæй рацæугæ. Адонæй бирæтæ систы ирон литературæйы классиктæ. Скъолайы ахуыр кæнынц Беджызаты Чермены, Хъороты Дауыты, Дзесты Куыдзæджы æмæ иннæты уацмыстæ. Царциаты таурæгътæ æрæмбырд кæныныл стыр куыст бакодта Беджызаты Дудар æмæ сæ раздæр ныммыхуыр кодта журнал «Фидиуæджы», стæй сæ рауагъта хицæн чиныгæй. Йæ фыдæбонæн аккаг аргъ ничи ма скодта, фæлæ цæрдзæн æнусты.

Уæдæ ирæттæй фылдæр чи фæцард, Ермоловæн хæринаггæнæг чи уыд, А. Пушкинимæ дæр чи фембæлд, уый – Хъороты Агор дæр уыд урстуаллаг. Абон Хуссары æмæ Цæгаты археологон куысты разæнгарддæрæй чи архайы, уыдонæй иу у Дзаттиаты Руслан – Сыбайы хъæуккаг. Ирыстоны зонгæ чи нæу нывгæнæг Сланты Русланы сатирикон нывтимæ.

Се ‘ппæт чи фæнымайдзæн, фæлæ зæгъæм Урстуалты абоны уавæры тыххæй дæр. Дзæнæты бæстæ æдзæрæг кæны. Раздæр æм Цæгатæй фистæгæй зын цæуæн уыд. Машинæйыл та рахиз хъусмæ галиу къухæй æвналæгау: Арвыкомы фæндагыл Калакмæ ма ма ныххæццæ у, афтæ Гурмæ фæзил, стæй та – Цхинвалмæ æмæ ком-ком Рукъмæ. Уырдыгæй Згъуыбирыл – Урстуалтæм. Ныр уавæр æндæр у. Сæххæст ирон адæмы æнусон бæллиц – дыууæ Иры æхсæн хæхты риуы байгом Арвы дуарау уæрæх фæндаг – дыууæ Иры иугæнæг фæндаг, фарн æмæ амондхæссæг фæндаг. Афæдзы кæцы афон дæр цæуæн кæуыл ис, ахæм фæндаг! Æмæ йыл ирон адæм тын-нывæндæгау дыууæрдæм кæнынц: Цæга-тæй – Хуссармæ, Хуссарæй – Цæгатмæ. Иу цардæй нæ, фæлæ ма иу уæлдæфæй дæр улæфæм. Къостайы райгуырæн хъæу Нар Цхинвалмæ феввахсдæр.

Ручъы æфцæджы бынты даргъ тъунелæй Хуссармæ куы ахизай, уæд дын уайтагъд хуссайраг уæлдæф йæ хъарм æмæ сыгъдæг-дзинадæй дæ уд барæвдаудзæн, риуы дзаг сулæфын дæ бафæнддзæн. Чысыл фæуырдыг кодтай æмæ Ручъы хъæу. Ам галиуварсы æрдыгæй цæугæдон Стыр Леуахимæ хæхты цъассытæй тындзы Урстуалты цæугæдон. Цæссыджы хуызæн сыгъдæг, уæлейæ йæм суæртты дон кæй кæлы, уый фæрцы – хæрзад æмæ  тайæн. Цæугæдоны фæрсты коммæ адардта къæдз-мæдзы фæндаг. Фæндаг – Урстуалты дзæнæты бæстæм. Адæймаг йæхи æхсызгонæй кæм аирхæф-сид, риуыдзаг кæм сулæфид æмæ йæ фæллад суадзид, рынчын йæ низ кæм фæсурид, ахæм бæстæмæ. Ам уыдæттæн уавæртæ саразынæн фадат фæци ныр – Республикæ Хуссар Ирыстон куы ссæрибар, Уæрæсе йæ сæрибар паддзахадыл куы банымадта, уæд. Ардæм сæхи дзæбæх кæнын-мæ, фæлладуадзынмæ  цæуиккой Уæрæсейы алы рæттæй нæ, фæлæ ма фæсарæнтæй дæр. Хорз уаид, ацы хъуыддагмæ се ‘ргом куы аздахиккой Хуссар Ирыстоны разамынд, амалхъом адæм æмæ Урстуалтæй фæндаг куы саразиккой, комы фæлладуадзæн æмæ дзæбæхгæнæн хæдзæрттæ куы фæзынид, уæд уый сæхицæн дæр пайда уаид æмæ адæмæн дæр.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.