Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтимæ, кæцытæ цæрынц Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы.

Фембæлды райдианы, кæцы уагъд æрцыд Дзæуджыхъæуы, æруынаффæ кодтой Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд хæстон операцийы æмæ уым Ирыстойнаг æфсæддон службæгæнджыты хайадисты тыххæй.

Æрæмбырдуæвджытæ Украинæйы фæмардуæвæг сабыр цæрджыты, салдаттæ æмæ афицерты ном ссардтой иу уысм æмырæй алæугæйæ.

Бибылты Анатоли радзырдта, фæстаг азты  республикæйы æмбæстæгты царды гъæд фæбæрзонддæр кæныны фæдыл ын Хуссар Ирыстоны саразын цы бантыст, уый тыххæй. Президент банысан кодта куыстмызд, сывæллæтты пособитæ фæфылдæры,  республикæйы энергетикон æдасдзинад сифтонг кæныны, цæрæнуаты арæзтады, столицæ æмæ республикæйы хъæуты хæрзарæтады тыххæй.

Уый ма радзырдта æввахсдæр азты куысты планы тыххæй. «Куыд фондз азы размæ, афтæ программæ арæзт цæуы уыцы до-мæнтæ хынцгæйæ, кæцыты тыххæй сæ фæндæттæ зæгъынц Хуссар Ирыстоны цæрджытæ. Уыдон бынаты зонынц, цы хъæуы саразын, цæмæй сæ цæрæн пунктты цард фæхуыздæр уа, уый тыххæй. Афтæмæй, арæзт цæуы «адæмон программæ» æмæ ацы программæйы æппæт пункттæ сæххæст кæнын у æнæмæнгхъæуæг», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Афтæ ма уый радзырдта амалиуæггæнджытæн æххуысы программæйы тыххæй дæр, кæцы фадат дæтты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн льготон фондз процентыл кредиттæ дæттынæн.

Уый фæстæ Президент сдзуапп кодта æрæмбырдуæв-джыты фарстытæн. Уыдонæй иу-тæ хаудтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад райсынмæ. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, фæтк гæнæн ис хицæн кæна конкретон уавæрмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтимæ хæстæгдзинад æмæ афтæ дарддæр. Уый баныфсæвæрдта, алы фарст дæр хицæнæй кæй сахуыр кæндзæн, уымæй.

Афтæ ма Президентмæ радтой фарст репатрианттæн цæрæнуат саразыны тыххæй. Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ фыццаградон хæс ис уый мидæг, цæмæй цæрæнуатæй баххуыс кæнæм, уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ æдзухон бындурыл цæрынц Хуссар Ирыстоны, фæлæ Президент куыд бафидар кодта, уымæ гæсгæ, бакусдзысты æмбæстæгтæн баххуыс кæныны программæ, кæцыты фæнды фæстæмæ сæ Райгуырæн бæстæм æрыздæхын.

Дзауы районæй рацæугæ ба-хатыд Президентмæ, цæмæй хъусдард аздахой Барс æмæ Мор-гойы хъæуты нуазыны донæй сифтонг кæныны фарстмæ. Бибылты Анатоли баныфсæвæрдта, зæгъгæ, ацы фарст æнæмæнгæйдæр хаст æрцæудзæн программæмæ.

Экономикæйы рæзты тыххæй фарстæн дзуапп кæнгæйæ, Президент радзырдта 2022-2025 атæн программæйы тыххæй. «Программæ ист æрцыд ивгъуыд аз, кæцыйыл мах куыстам иу аз æмæ æрдæг, райстам æй Уæрæсейы Федерацийæ нæ коллегæтимæ. Уым хынцыд цæуы 1000 бæрц кусæгон бынаты саразыны тыххæй. Кæд ныры онг æххуыс цыд фермерон хæдзарадтæн зæххытæ бахуым кæныны, кредиттæ радтыны æмархайды планы, уæд ныр та уыцы програмæйы фæдыл субсиди кæндзысты комкоммæ. Зæгъæм, паддзахад фермерæн уæлдай финанстæ фиддзæн йæ райсгæ æхсыр кæнæ фыдызгъæлы тыххæй.

Ахæм программæ кусы Уæрæсейы, ныр æй мах дæр биноныг кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны», – бамбарын кодта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.