Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады æхсæнхицауадон къамисы руаджы бирæ бинонтæ баисты фатерты хицæуттæ. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр цæрæнуатон фарст нырма актуалон у нæ горæты æмæ районты цæрджытæн. Уый тыххæй ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты ног цæрæн хæдзæрттæ канд горæты нæ, фæлæ ма районтæй Дзау æмæ Знауыры поселокты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сырæзт, уыдон дæр.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты æддейæ стыр куыст цæуы хисæрмагонд хæдзæрттæ аразыныл дæр. Уæрæсейы Федераци сæрмагондæй цæрæнуат сæндидзын кæныны тыххæй кæд æхцайы фæрæзтæ нал лæвæрдта, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, республикæйы къухдариуæгад паддзахадон бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæй аразы Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы ныппырхгонд хӕдзӕртты. Уый фæрцы канд горӕты нӕ, фӕлӕ республикӕйы районты дӕр сырӕзт дӕсгай хисӕрмагонд хӕдзæрттæ. Уыдонмӕ сӕ хицӕуттӕ балидздзысты ног азы хӕдразмӕ.

Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты цы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ рӕзы Гуыбаты ӕфсымӕрты ӕмӕ Ирӕтты уынджы кӕрон, уыдон та сцӕттӕ уыдзысты фидӕн аз. Фӕлӕ ныридӕгӕн уым дыууӕ ран дӕр активонӕй цӕуынц арӕзтадон куыстытӕ.

Ирӕтты уынджы раздӕры бигæдзаумæтты фабрикӕйы территорийыл цы дыууӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары сырӕздзӕн, уыдон арӕзтад йӕхимӕ райста компани «СТМ-Юг». Уыдон дыууӕ мӕйы бӕрц кодтой демонтажон куыстытӕ. Фабрикӕ куынӕуал куыста, уӕдӕй нырмӕ уырдӕм ам ӕввахс цӕрӕг адӕм цы алыгъуызон арӕзтадон брон фӕластой, уымӕй территори ссыгъдӕг кӕныныл дзӕвгар рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ бахардз кодтой. Ныр ам сырӕздзӕн дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары. Хӕдзӕрттӕ арӕзт ӕрцӕудзысты Гуыбаты ӕфсымӕрты уынджы цы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ арӕзт ӕрцыд, ахæм проектмӕ гӕсгӕ.

Ам цы кусджытӕ кусынц, уыдон куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕ куысты ӕппындӕр ницы цӕлхдуртыл ӕмбӕлынц. Техникӕ ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕй сты ифтонг. Цы арӕзтадон ӕрмӕджытӕ сӕм ис, уыдон та сты гъӕдджын. Кӕд, дам, нӕ боны гъӕдтӕ бауадзой, уӕд ацы аз æмгъуыдæй раздæр бакӕндзыстӕм æндæр куыстытӕ дӕр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.