Адӕймаг чингуытӕ цас ӕмӕ куыд кӕсы, уый у адӕймагӕн аргъ кӕныны ахсджиаг фӕрӕз. Фӕлӕ ууыл йæ нысаниуӕг нӕ фӕуы. Чиныг фадат дӕтты, баиугӕнӕн цӕмӕн нӕй, уыдон баиу кӕнынӕн – дугтӕ ӕмӕ адӕмӕн. Чиныг кӕсын хорзӕрдӕм зыны адӕймагыл, йӕ уд ын арвмӕ сисы, йӕ миддуне йын хъӕздыгдӕр кӕны. Классикӕйы алы уацмыс дӕр адӕймагмӕ сӕвзӕрын кӕны бирӕ уӕлмонц ӕнкъарӕнтӕ, йӕ цӕстытӕ йын байгом кӕны царды ӕцӕгдзинадмӕ. Алы ног чиныгимӕ зонгӕ кӕныны фӕстӕ дӕр, цы бакастыстӕм, уый сбӕлвырд кӕнӕм нӕхи хъысмӕтӕй. Чингуытӕй хатгай хъизӕмӕрттимӕ гуырын райдайы удгоймаг йӕхӕдӕг дӕр.

Абон махмæ мыхуыргонд цæуынц дæсгай чингуытæ, дæсгай романтæ, уацаутæ æмæ поэтикон æмбырдгæндтæ, фæлæ, хъыгагæн, сæ фылдæр вæййынц уырыссаг æвзагыл. Цæмæн у афтæ? Цæмæннæ уал кæсы ирон адæймаг ирон чиныг?

Зындгонд фыссæг Гаглойты Никъала ныффыста диссаджы роман уырыссаг æвзагыл «Сквозь огонь», зæгъгæ. Уым автор биноныгæй дзуры ивгъуыд æнусы 20-æм азты Хуссар Ирыстоны трагикон цаутыл, Гуырдзыстоны меньшевикты æгъатыр фыдракæндтыл æмæ бæллæх-тыл. Фæлæ ацы чиныг кæд абон актуалон у, уæддæр æй ссарæн никуы ис. Æмæ хорз уаид ногæй уагъд куы æрцæуид. Уымæн æмæ дзы ирдæй æмæ рæстагæй æвдыст цæуы нæ адæмы хъысмæт æмæ Хуссар Ирыстоны истори ивгъуыд æнусы ссæдзæм азты.

Абон ирон æвзаджы тыххæй æнæпайда, æдзæлгъæд ныхас нал фидауы. Адæмæн сæ тых æмæ сæ культурæ ис сæ мадæлон æвзаджы фарны. Ирон номдзыд ахуыргонд Абайты Васо, уый тыххæй афтæ фыста: «Бирæ æндæр адæмтæй ирæттæн сæ бон тынгдæр у афтæ зæгъын: «Не ‘взаг у нæ истори дæр».

Чиныджы нысаниуæг алкæддæр æгæрон уыд. Чиныг кæсгæйæ адæймаг ахуыр кæны уæздандзинадыл, йæ Райгуырæн бæстæмæ æмæ йæ алыварс адæммæ уарзондзинадыл.

Нæ рагон фыдæлтæ стыр аргъ кодтой дзырдæн, дзурын хорз чи зыдта, уыдонæн кодтой уæлдай кад, хуыдтой сæ Хуыцауы сконд адæймæгтæ. Таурæгъгæнджытæ сæ алфæмблай тымбыл кодтой канд хъæубæсты цæрджыты нæ, фæлæ ма æнæхъæн комбæсты хъæуты цæрджыты дæр. Сæ кадæн арæзт цыдысты адæмон бæрæгбæттæ. Фæсивæд фæзмыдтой таурæгъты хъæбатырты лæгдзинæдтæ, се ‘гъдау, сæ архайд. Чиныг мыхуыр кæнынимæ фæ-хуыздæр ис уавæр.

Советон дуджы И.В. Сталин литературæйы тыххæй йæ иу раныхасы дзырдта, зæгъгæ, «Фыссæгæн йæ фыццаградон хæс у адæмы царды гуылфæнты уæвын æмæ йын йæ интерестæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнын, æхсæнадон хъуыддæгты активонæй архайын».

Фæстаг рæстæджы нæ иуæй-иу поэттæ, поэтикон модæйы уацары бахаугæйæ, фыссынц тыхаразæг, литературæмæ бар чи нæ дары, фæлæ сæхæдæг поэтикон кæй хонынц, ахæм дзырдтæ, ныхæстæ, рæнхъытæ, рифмæтæ æмæ æндæр ахæм ныхасыздыхстытæ, уый уæлдай бæрæгдæр вæййы нæ райдайгæ фысджыты уацмысты. Уыдонмæ афтæ кæсы, ома, поэзийы аивдзинад ис хъуыдыйæдтæ, метафорæтæ, эпитеттæ, куыд уæззаудæр æмæ зындæр уой, уый мидæг, фæлæ рæдийынц, уымæн æмæ нæ райдайгæ æрыгон поэттæ хъуамæ ма рох кæной номдзыд италиаг поэт Франческо Петраркайы фæдзæхст: «Не может обладать достоинством речь, если не имеет его сам дух. Нельзя выдумать чувства, если они не родились в самом сердце».

Антон Чехов хуымӕтӕджы нӕ фыста: «Чингуыты раз ӕппӕт дӕр ныффӕлурс вӕййы. Чиныг у дунейы ӕстӕм диссаг, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ зӕххыл адӕм цӕрой, уӕдмӕ. Ницавӕр ахуыры фӕрӕзтӕ баивдзысты чиныг, цыфӕнды диссаг куы уой, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ дзы цы царды рӕстдзинад ис, уый адӕймагӕн у йӕ фӕндагамонӕг стъалы».

Æрмæгыл бакуыста Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.