Адæймаг цы дæсныйад равзара, йæ цард цы куыстæн снывонд кæна, уый афтæ хъуамæ æххæст кæна, æмæ куыд йæхицæн, афтæ йæ алварс уæвджытæн дæр хæсса хорздзинад. Цæмæй йын æнтыст уа, уый тыххæй та йæ равзаргæ куыстмæ хъуамæ дара æнувыд ахаст, уарза йæ æмæ йæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæна цæсгомджынæй, æнæзæрдæхудтæй. 

Хуыгаты Суликъо ма хæрз саби куы уыд, уæд равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад, æргомзæрдæйæ айста йæхимæ, уæд ын ныййарæг мадау цы ахуыргæнджытæ  лæггад кодтой, фидæны цардмæ йын фæндæгтæ чи амыдта, уыдоны. Уый йын фæахъаз, цæмæй йæхæдæг дæр ацы вазыгджын æмæ ахсджиаг дæсныйадæн йæхи  снывонд кодтаид. Æрдæг æнусæй фылдæры сæрты фæстæмæ акæсгæйæ,  кардзыд  нæлгоймаг  йæ сабибонтæ æмæ скъолайы азтæ ныр дæр æрымысы æхцон зæрдæйы уагимæ. «Ме скъолайы азтæ уыдысты зынвадат, скъоламæ цыдтæн æртæ километры дæрддзæгæн къахæй, Æхсæрджыны хъæуæй Къуайсамæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыд мын зындзинæдтæ дæр, уæлдайдæр та зымæджы, фæлæ ахуыр кæнынмæ афтæ тынг бæллыдтæн, æмæ уыцы зындзинæдтæ дæр  ницæмæ дардтон. Уыцы азтæй мæ зæрдыл уæлдай тынгдæр баззадысты мæ ахуыргæнджытæ, сæ аудгæ ахаст сабитæм. Уæд ахуыргæнæг уыд æппæты кадджындæр дæсныйад, ахуыргæнæджы куыст чи кодта, уыдон та нымад уыдысты, æхсæнад дæнцæг кæмæй истаид, уыдоныл. Æз дæр сæм дардтон ахæм ахаст æмæ мæм тынг диссаг каст, куыд æгъдауджын, куыд уæздан  æмæ куыд æддаг бакастæй, дарæсы кондæй, афтæ удыхъæдæй дæр куыд сыгъдæг уыдысты нæ ахуыргæнджытæ».

Суликъо райгуырд æппæт дуне фашистон Германы арты цæхæры куы сыгъдис, уыцы азты – 1944 азы. Йæ фыд Никъала æмæ йæ мад Танделаты Натъа уыдысты хуымæтæджы зæхкусæг бинонтæ. Кодтой хъæууон хæдзарадон куыстытæ æмæ кæд зын азтæ уыдысты, уæддæр схъомыл кодтой аст сывæллоны. Никъала уыд Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, тох кодта Сталинграды, уым тохы быдыры ныууагъта йæ иу цæст, йæ къухы хилтæй – цыппар, æмæ йæ амæлæты бонмæ та йæ агъды фæхаста знаджы нæмыджы схъистæ.  Суликъо хъомыл кодта бирæ бинонты ‘хсæн, йæ ныййарджытæ не ‘ххæссыдысты æппæт куыстытыл æмæ Суликъо дæр уыд сæ фарсмæ, æххуыс сын кодта алы куыстыты дæр. Уыимæ ма, хæххон фидар удыхъæды хицау лæппу, ахуырмæ дæр уыд æвзыгъд, уыд хуыздæр ахуыргæнинæгтæй сæ иуыл нымад. 1962 азы каст фæцис  Къуайсайы астæуккаг скъола æвзист майданыл æмæ йæм йæ кармæ гæсгæ æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Уым æнтыстджынæй баслужбæ кæныны фæстæ, æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм  æмæ адарддæр кодта йæ ахуыры фæндæгтæ. Йæ сабибонты тынг цы дæсныйадмæ бæллыд, уый фæдыл бацыд Цхинвалы Паддзахадон педагогон институтмæ ирон-фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ. Æвзыгъд лæппу та ам дæр равдыста тынг хорз æнтыстытæ. Ахуыр кæнынмæ никуы дæр зивæг кодта, æмæ ма йын тынг хорз нысæнттыл ахуыр кæнынæн та æрдзæй лæвæрд уыдысты æппæт хъæугæ миниуджытæ. 1970 азы Суликъо æнтыстджынæй каст фæцис институт æмæ райста Сырх диплом. Уый та уыд йæ бирæ зонындзинæдтæ æмæ ахуыры бæрзæндтæм йæ нысанмæздæхт тырнындзинады бæрæггæнæн.

Уыцы аз ма райдыдтой Суликъойæн йæ фæллойадон куысты фæндæгтæ институты фæсарæйнаг æвзæгты ахуыргæнæгæй. Уым чысыл рæстæг акусыны фæстæ, æрвыст æрцыд йæ райгуырæн скъоламæ – Къуайсамæ æмæ уæдæй фæстæмæ кусы уым. 50 азы дæргъы ахуыргæнæджы кадджын ном хæсгæйæ, Суликъо схъомыл кодта æмæ царды бæрзæндтæм арвыста тынг бирæ фæсивæд. Уыдонæй ныртæккæ бирæтæ лæггад кæнынц сæ райгуырæн бæстæйæн алы æмæ алы фадыджы, куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы дæр. Бирæтæ та уæлдæр ахуырад æндæр рæтты райсыны фæстæ, æрыздæхтысты фæстæмæ сæ уарзон хæхбæстæм æмæ кусынц Къуайсайы. «Æз тынг амондджыныл нымайын мæхи. Уал азы дæргъы цы фæлтæртæ рацыд ацы скъолайæ, уыдонæн куыд сæ ахуырыл, афтæ сæ хъомыладон фарстатыл дæр тынг бирæ бакуыстон зæрдæрайæ. Кæддæриддæр мæ коллегæтимæ нæ фæсивæды ифтонг кодтам хуыздæр, растдæр æмæ æнтыстджындæр фæндæгтыл. Нæ фæсивæд æппæтмæ дæр сты æвзыгъд, се ‘нтыстытæй кæддæриддæр рухс кæнынц зæрдæ. Уæлдай æхсызгондæр мын вæййы, нæ раздæры рауагъдонтæй  11, уæлдæр  ахуырад райсыны фæстæ, фæстæмæ кæй æрбаздæхтысты æмæ ныртæккæ мемæ кæй кусынц»,- загъта Суликъо.

2003 азы Суликъо нысан æрцыд Къуайсайы скъолайы директорæй æмæ уымæй бæрæг фæфылдæр сты йæ разылæууæг хæстæ. Фæлæ фидар удыхъæды хицау нæлгоймаг нæ фæтыхст. Кæд зынвадат уыдысты уыцы азтæ, уæлдайдæр та хæхбæсты скъолаты нæ уыд хуымæтæджы уавæртæ дæр, уæддæр Суликъойы бæрнон куысты æмæ йæ коллегæтимæ хорз æмахастыты руаджы скъолайы ахуыры процесс нæ фæцудыдта. Уыйхыгъд сын ис æнтыстытæ куыд ахуыры, афтæ спорты фадыджы дæр.

Суликъо йæ цардæмбал Харебаты Софьяимæ схъомыл кодтой æртæ хъæбулы – дыууæ фырты æмæ чызг. Уыдонæй алчи дæр ис йæ царды фæндæгтыл, ис сын бинонтæ, хъæбултæ. Сæ чызг Дзерассæ та ацыд йæ ныййарджыты фæдыл, райста ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ кусы Къуайсайы скъолайы.

Æрдæг æнусы дæргъы Суликъойæн  йæ бæрнон куыст, рæзгæ фæлтæрмæ аудгæ, æмæ сын æппæт йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ тых æнæвгъауæй кæй балæвар кодта, уый нæ баззад уыдон æрдыгæй дæр æнæ дзуаппæй. Йæ ахуыргæнинæгтæ йæ се ‘ппæт дæр уарзынц, кад æмæ йын аргъ кæнынц йæ куыстæн. Ис сын, куыд ахуыргæнæг æмæ ахуыргнæнинаджы, афтæ ма хæлæртты æмахастытæ дæр. Уый та бирæбæрцæй ахъаз у рæзгæ фæлтæры зæрдæтæм фæндаг ссаарынæн, сæ миддуне сын бамбарын æмæ сæ раст фæндæгтыл бафтауынæн. Уыцы æнтыст алы ахуыргæнæджы къухты нæ бафты, фæлæ Суликъо хайджын у ахуыргæнæджы дæсныйадæн цы домæнтæ ис, æппæт уыдонæй. Коллективы ‘хсæн дæр нымад у хæларзæрдæ, æнувыд æмгар æмæ сæргълæууæгыл. «Фыццаджыдæр Суликъо уыд мæ ахуыргæнæг. Уый, æмæ уый хуызæн ахуыргæнджытæ, хъыгагæн, бирæ не сты ныры дуджы. Алыварсонæй дæр мæ бон у фидарæй зæгъон, Суликъо кæй у æрдзæй ратгæ ахуыргæнæг, хайджын у æппæт хъæугæ миниуджытæй, зонындзинæдтæй, хъомыладон фарстаты дæр у нæ зондамонæг æмæ нæ фарс балæууæг. Куыд скъоладзаутæ, афтæ йæ коллегæты ‘хсæн дæр, æвæццæгæн, нæ разындзæн, Суликъойæ æппæрццаг ныхас чи зæгъа», – загъта Хуыгаты Альбинæ.

Йæ хорз куысты æмæ рæзгæ фæлтæры цардыл æвæрццаг æндæвдады тыххæй Суликъо хорзæхджын у бирæ хорзæхтæй. У Гуырдзыстоны ССР, Уæрæсейы Федерацийы  ахуырады цытджын кусæг,   РХИ-йы  Сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын номы хицау, Куысты ветеран æмæ тынг бирæ Грамотæтæ æмæ хорзæхты хицау.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.