Зындгонд ирон тревел-блогер Арина Шумакова æрцыд цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ. Ацы хабар уый ныффыста йæ официалон фарс Инстаграмы. «Фарон куыд загътон, афтæмæй Коста-Рикайы фæстæ Цæгат Ирыстон у фыццаг бынат, зæронды бонтæм мæ цæрын кæм бафæндыд, уый. Фæлæ йæ фæстæдæрмæ нал аргъæвтон æмæ ныридæгæн ардæм цæрынмæ æрцыдтæн. Ныр æз дæн ирон блогер, мæ балцыты ‘хсæн-иу Дзæуджыхъæуы цæрдзынæн», – загъдæуы хъусынгæнинаджы.

Арина Шумакова куыд банысан кодта, афтæмæй уымæн  Цæгат Ирыстон тынг фæцыдис йæ зæрдæмæ æмæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ æрмæстдæр ирон зæххыл кæй банкъардта, дунейыл кæй не ссардта, уыцы хъæрмуддзинад. Ирон адæмы уазæгуарзондзинад, ирон культурæ æмæ традицитæ йын систы тынг æввахс æмæ адджын йæ зæрдæйæн. «Статистикæмæ гæсгæ мын мæ фыстытæ кæсы 38 мин адæймаджы. Уый у Дзæуджыхъæуы алы дæсæм цæрæг. Боны дæргъы мæ уынджы иу-дæс хатты базонынц. Бацæуынц мæм, фæхъæбыстæ мын кæнынц, къамтæ сисынц», – загъта уый.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, Арина Шумакова у проект «Ирыстоны тыхджын адæм»-ы автор, уымæй уæлдай ма уый разæнгардæй архайдта Бæдоаты Зæринæйæн Zolgensmaйæн æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.