2008-æм азы æфсæддонтæй уæлдай сæ службæйон хæстæ æххæстгæнгæйæ, хъайтардзинад чи равдыста, уыдонæй сæ иутæ уыдысты нæ республикæйы медицинон кусджытæ.

Уыдоны ‘хсæн уыдсты Дзауы районы рынчындоны медиктæ дæр. Сæрмагондæй мæ фæнды, ныртæккæ ацы рынчындоны тагъд æххуысы хайады медперсонал августы уæззау бонты цы стыр куыст бакодтой, æппæт уыдæттæ рæгъмæ рахæссын. Медицинон кусджытæ цыфæнды уæззау рæстæджы дæр сæ куыст феххæст кæнынц цæсгомджынæй, адæмы хæрзиуæгæн. Афтæ уыдис 15 азы размæ Ирыстоныл арт куы сирвæзт, уæддæр. Сæхи аирвæзыныл бынтондæр нæ хъуыдыгæнгæйæ, тындзыдтой æххуысагур, цæф адæмы фервæзын кæнынмæ, кæд-иу сын тыхджын æхстыты рæстæджы тас уыдис ихуарæгау сыл цы нæмгуытæ калдысты уыдонæй, уæддæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ тагъд æххуысы кусджытæ се стыр хæсыл кæй нымадтой сæрбахъуыды рæстæджы сæ куысты уæлхъус æрбалæууын, цас гæнæн ис, уымæй рынчынтæн баххуыс кæнын, мæлæтæй сæ байсын. Цал æмæ цал уæззау цауæн уыдысты æвдисæнтæ! Чи фæнымайдзæнис ацы хъайтар коллектив цал адæймаджы байста мæлæтæй æмæ дзы цалы афæндараст кодта сæ машинæйыл Цæгат Ирыстонмæ. Тагъд æххуысы медиктæ сты тыхджын æмæ егъау зæрдæйы хицæуттæ, сæ адæмы æцæг патриоттæ. Æмæ мах кæддæриддæр сæрыстыр хъуамæ уæм, ахæм хæсты нæ медицинон кусджытæ, дохтырæй райдайгæйæ æфснайæг медперсоналы онг, профессионалон æххуыс кæй кодтой цæф рынчынтæн, уымæй.

2008 азы августы Гуырдзыстоны мæнгард къухдариуæгад æмбисæхсæв куы бахъавыд Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» ацаразынмæ, уæд Ергнеты хъæуты ‘рдыгæй стыркалиброн хæцæнгарзæй æхсын райдыдтой фынæй горæт æмæ йæ алыварс хъæуты. Цхинвал куы сыгъд, æхстытæй арв дæр цæхæр куы фестад,  раст уыцы рæстæджыты Дзауы рынчындон уыдысты сæ куысты уæлхъус. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй ардæм æрбахауд Дменисы хъæу æмæ Знауыры районæй цæуæг лигъдонтæй цалдæр. Тарст æмæ тыхст адæм нал æмбæрстой, дарддæр цы фæуой æмæ кæм æрулæфой. Кæд-иу сывæллæттыл фын фæтых ис, уый йедтæмæ район кодта æмызмæлд, ратæх-батæх кодтой машинæтæ. Уыцы æхсæв Цæгат Ирыстонæй дæр цыдысты сæ бинонтæ горæты кæмæн уыдысты, ахæм адæм. Уыцы диссæгтæ уынгæйæ æмæ хъусгæйæ, уыдонæй бирæты нал уырныдта, сæ фæнд сæ къухты бафтдзæн, æви нæ. Афтæ адæм стыр катайимæ æрвыстой 7-æм августы æхсæв…

Сæумæрайсом, 8-æм августы Дзауы районыл знаджы хæдтæхджытæ æвиппайды куы æрхъула сты æмæ сыл бомбæтæ куы калдтой, уæд адæм бамбæрстой, изæры Гуырдзыстоны марионетон президент Михаил Саакашвили мæнг ныхæстæ кæй дзырдта. Æмæ уæд фыццаг рады сси сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ ацæргæ адæмы Цæгат Ирыстонмæ акæныны хъуыддаг.

Уыцы рæстæджы алкæмæн дæр йæ уд уыдис зынаргъ, алкæй дæр фæндыд йæ сæр бафснайын. Фæлæ та-иу цæхгæр слæууыд фарст: нæ лæппутæ, нæ хæдзæрттæ, нæ уарзон Ирыстонæн афтæ уадзæн нæй. Тагъд æххуысы кусджытæ 8-æм августы райсомæй раджы æрбацыдысты сæ куыстмæ. Уыдонæй сæ иу, хирургион-медицинон хо Кокойты  Нателæ (пенсиисæг) нын куыд радзырдта, афтæмæй уыцы бон кусджыты къорд иууылдæр уыдысты сæ куысты, æмæ сæ хæдзæрттæм зæрдæхсайгæйæ, æххæст кодтой сæ профессионалон хæс.

«Кæд 15 азы сæххæст августы хæстыл, уæддæр, цыма, знон уыдис, афтæ адæймаджы зæрдыл лæууынц æмæ цæстытыл уайынц уыцы трагикон бонтæ. Тынг зын у уыдæттæ мысын. Уымæн æмæ федтам бирæ цæссыг æмæ тугкалд. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын нæ ирон лæппутæн, хотыхджын гуырдзиаг æфсады ныхмæ хъæбатырæй чи фæлæууыд æмæ бирæ азты дæргъы сæхи уазæлтты чи басийын кодта. Стыр бузныг Уæрæсейы Федерацийæн, Гуырдзыстоны фашисттæй нæ кæй фервæзын кодта æмæ нын нырмæ дæр стыр æххуыс кæй кæны. Уыдон фæрцы нæ рынчындон рахызт вагæттæй æмæ сын абон ис хуыздæр уавæртæ сæ куыстæн.

Уыцы бон ме ‘мкусджытимæ 9 сахатыл уыдтæн куысты. Уæд куыстой дохтыртæ: Дзаттиаты Фатимæ, Хъæцмæзты Инал, Бежанты Аллæ, медицинон хотæ: Бесаты Сæлимæт, Икъоты Валя, Кокойты Ок-санæ, Коцты Кларæ, Саулохты Маринæ, Табуты Дианæ æмæ шофыртæ Гасситы Хасан æмæ Санахъоты Игорь. Хæст хæст у, алкæмæдæр тас æвзæрын кæны, фæлæ дæ урс халатæй хъуамæ æфсæрмы кæнай. Хорз æй хъуыды кæнын, Знауырæй нæм куыд æрбаластой цæфтæ æмæ сæ куы сгæрстам, цæмæй сын фыццаг медицинон æххуыс бакæнæм, уæд кæд разындысты бæстытæ. Куы сæ бафарстам, зæгъгæ, афтæ хорз уын чи бабаста уæ цæфтæ, уæд нын рахабар кодтой, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ сæм сæхæдæг бацыдысты Сырх дзуары медиктимæ, сæ цæфтæ сын, куыд æмбæлы, афтæ ныссыгъдæг кодтой æмæ сæ бабастой. Рынчынты нæмттæ нæ бахъуыды кодтам, фæлæ стыр фыдæбæттæ кæй бавзæрстой фæндæгтыл, уый бæрæг уыд.

8-æм августы нæм бирæ цæфтæ æрбахауд рынчындонмæ. Уый æнхъæл нæ уыдыстæм æмæ ныл хæст йæ их бавгæндзæн. Уымæ гæсгæ фыццаг бон медикаменттæй дæр æййæфтам цухдзинад. Уайтагъд электроны рухс дæр ахуыссыд æмæ цасдæр рæстæг уый хъуаг дæр уыдыстæм. Афтæмæй та нæ рынчынты нымæц уыцы бон кодта фылдæрæй-фылдæр. Бирæтæн-иу æхстыты тæсæй сæ туджы æлхъывдад тынг бæрзонд схызт æмæ-иу уыдонмæ дæр хъуыдис хъус дарын, судзинтæ сын саразын. Æнæуый та-иу нæм фæбæрæг кодтой, загътой-иу кæдæм хъæуы ацæуын рынчыны фæдыл. Нæхæдæг дæр, æмæ ма адæмæй машинæтæ кæмæ уыдис, уыдон дæр чи куыд æмбæлдис цæф рынчынтыл, афтæ сæ хæццæ кодтам рынчындонмæ æмæ сын фыццаг æххуыс бынаты кодтам. Æз ма дзы бахъуыды кодтон иу сылгоймаджы йе ‘ртæ фаззон сывæллонимæ, æрбаластам сæ рынчындонмæ, фæлæ сæ бахъуыдис Цæгат Ирыстонмæ аласын. Фæхæццæ сæ кодтам Нузалмæ. Хъыгагæн, куы ныххæццæ стæм, уæд бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ сывæллæттæй иу уым амард. Уæззау нывтæ уыдта адæймаг.

Дзауы рынчындон бирæтæн уæд ссис сæ ирвæзынгæнæг

Уым-иу агуырдтой æххуыс. Æмæ уый æппæт адæмыл мах дæр не ххæссыдыстæм. Æвæццæгæн, нæ цæгатаг æфсымæртæ уæд махæй хуыздæр æмбæрстой, цы уавæры стæм, æмæ нæм дыккаг бон фыццаг æххуысæн цыдæриддæр бахъуыдаид, ахæм медикаменттæ æмæ æндæр хостæ.

Æхсæвы куы æрбайхъуыст, зæгъгæ, горæты танкисттæй бирæтæ фæцæфтæ сты, уæд та мах бахъуыд æххуысмæ ацæуын. Куыддæртæй ацыдыстæм æмæ дзы фондзы æрбаластам Дзаумæ. Куы сæ басгæрстам, уæд бамбæрстам, дарддæр сæ кæй хъæуы аласын. Уыдон дæр Нузалмæ фæхæццæ кодтам тыхамæлттæй. Фæндæгтæ йедзаг уыдысты æфсæддон техникæ æмæ машинæтæй æмæ-иу нын уыдон тыххæй зын уыдис се ‘хсæнты ахизын. Рынчынтæн та иу уысм дæр уыдис зынаргъ. Æртаг дæр нæм рæстмæ нæ уыдис. Нæ машинæ-иу уый аххосæй куы кæм æрлæууыд, куы та кæм. Уæд-иу нæ шофыр рагæпп кодта, стæй-иу нæ фæндагыл лæууæг адæм дæр куы базыдтой, æртаджы аххосæй лæууæм рынчынтимæ, зæгъгæ, уæд-иу нын уайтагъд баххуыс кодтой.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ нæм Нузалы нæ коллегæтæ цырдæй кæй лæууыдысты æмæ тынг стыр æххуыс кæй бакодтой. 8-æм августы ма нæм æхсæвы медикаменттæ куы æрластой, уæд нæм æххуыс кæнынмæ Цæгат Ирыстонæй фæзындис анестезиолог Гæбæраты Нугзар. Хъуамæ, дам, тыхст адæммæ ныццæуон Цхинвалмæ. Райсо-мæй, 9 августы куыддæртæй афардæг горæтмæ. Уыцы хорз лæг нын уæд хæринæгтæ дæр æрбахаста æмæ уæд къæбæр бахордтам. Диссаг у,æвæдза, фæлæ  уыцы бонты адæймаджы хъуыры хæринаг дæр нæ хызт. Хостæ ма нын Дзæуджыхъæуæй æрластой Тъбеты хъæуы цæрджытæ Санахъоты Алик æмæ Ботаз. Ахæм хорз адæймæгтæ нæм цыдысты тынг бирæ. Бузныг се ‘ххуысæй. Уæззау бонтæ уыдысты, фæлæ цы гæнæн уыдис? Иу рæстæджы та нæм æрбаластой Зары хъæуы чи фæмард, уыцы уырыссаг салдаттæй цалдæры. Нæ дохтыр Хъæцмæзты Инал сæ абæстон кодта, ныссыгъдæг сæ кодта. Уый фæстæ сæ аластой машинæйыл. Дыууæ боны æппынæдзух уыдыстæм нæ куысты уæлхъус. Æз мæхæдæг 11-æм августы базыдтон, мæ лæппу цæф  кæй разынд, уый. Дзауы рынчындонмæ йæ æрбакодтой æмæ йын дохтыртæ баххуыс кодтой, – æрхæндæгæй мын дзуры  Нателæ.

              «Мæ зæрдæ цъæх у хæстæй»

Уæд йæ куысты уæлхъус уыд медицинон хо Бесаты Сæлимæт дæр. Куыд радзырдта, афтæмæй 8-æм августы уайтагъд йæ куысты æрбалæууыд æмæ йæ бинонтæй ницы бæрæг зыдта. «Æз мæ сывæллæтты ныууагътон уынджы. Ме ‘мкъай та уæд службæ кодта танкисттæм. Арвыстой сæ горæтмæ æмæ фæцæф. Йе мбæлттæй иу, Цхуырбаты Батыр та мæлгæ акодта. Фæлæ мæнæн мæ бон ницы уыдис саразын, уыдтæн мæ куысты æмæ рынчынты ластон Нузалмæ. Мæ зæрдæ цъæх у ацы хæстон архайдтытæй, гуырдзиаг фашисттæй. Фыццаг хæсты рæстæджы та Цхинвалы рынчындоны куыстон. Зары трагеди куы æрцыдис, уæд нæм хъæр кæнынц, зæгъгæ, операцитæм уæхи æрцæттæ кæнут. Æз æй зыдтон, мæ мад мæ хоимæ уыцы фæндагыл кæй уыдысты æмæ тыхсын райдыдтон, мæхицæн бынат нал ардтон. Уæд мын Плиты Беллæ дзуры, зæгъгæ, ам цы аразыс, тагъддæр операцион хатæнмæ. Уым федтон мæ хойы æмæ йæ фæрсын, нæ мад кæм ис, зæгъгæ. Фæлæ рæстмæ дзуапп куы нæ райстон, уæд мæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста æмæ куыд æрра, афтæ ралидз-балидз систон. Мæ хъуыдыйы фæцис, адæм моргмæ кæй лидзынц, æмæ уæд ме намонддзинад базыдтон… Знаджы къухтæй фæмард мæ ныййарæг мад.

2008 азы дæр бавзæрстон тасдзинад æмæ фыдæбæттæ. Ме ‘мкъай цæф кæй уыдис, уый тыххæй йын хъуыдис хос кæнын. Чидæриддæр йæ куысты уæлхъус лæууыд æмæ æххуыс кодта рынчынтæн, уыдон иууылдæр сты бузныджы аккаг. Нæ коллективы сылгоймæгтæ, афтæ ма шофыртæ дæр, равдыстой стыр хъæбатырдзинад», – банысан кодта медицинон хо.

Дыууæ медицинон кусæджы ма радзырдтой, зæгъгæ Дзауы рынчындонмæ уæд Цæгат Ирыстонæй æрцыдис медикты къорд. Айтыгътой цатыртæ æмæ афтæмæй æххуыс кодтой фæцæфуæвæг адæмæн.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.