Алы аз дæр 15 майы æппæт дунейы нысан кæнынц Бинонты дунеон бон. Ацы бæрæгбонæн бындур æвæрд æрцыд 1993 азы Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблеяйы хъæппæрисæй. Бæрæгбон «Бинонты дунеон бон» арæзт æрцыд, цæмæй алы бæстæты æхсæнадты хъусдард здæхт æрцыдаид бинонты проблемæтæм. Ацы бæрæгбон сара-зыны идейæ фæзынд 1989 азы. 1993 азы 20 сентябры Ассамблея райста резолюци, цæмæй æхсæнады хъусдард аздæхтаид бинонты проблемæтæм, уый тыххæй Иугонд Нациты Организаци 1994 аз расидт Бинонты дунеон азæй.

Бинонтæ сты æхсæнады сæйраг элемент æмæ адæймагады æргъадты хъахъхъæнæг æмæ æххуыс сты пад-дзахад фидар æмæ адæмы фæрныгад фылдæр кæнынæн. Бинонты æхсæн рæзы адæймаг, куыд гоймаг æмæ куыд æмбæстаг, афтæ.

Бинонты бон нын уæлдай хатт дæтты ахъуыды кæныны фадат нæ царды бинонты ахсджиагдзинадыл, цæмæй аудæм не ‘ввахс адæймæгтыл. Уымæн æмæ æнæ уыдон нæ цард уаид дзæгъæлы æмæ æнкъард. Бинонтæ æнæмæнг у алкæмæн дæр, стæмты йедтæмæ. Сæ сæйраг нысаниуæг у сывæллæттæ арын æмæ сæ хъомыл кæнын. Бинонтæ хъуамæ уой фидар. Сывæллон бинонты ‘хсæн ахуыр кæны адæмимæ бастдзинæдты сусæгдзинæдтыл, ахуыр кæны уарзондзинад æмæ аудындзинадыл.

Абон æппæт дунейы ис æнæххæст бинонтæ æмæ бирæ хицæн бинонты серьезон проблемæтæ. Хъыгагæн, банысан кæнын хъæуы, Уæрæсе æмæ Ирыстон дæр уыдон нымæцмæ кæй хауынц, уый. Ныртæккæ адæм нæ тагъд кæнынц бинонтæ скæнынмæ, уымæн æмæ сæ фæнды нырма сахуыр   кæной, саразой карьерæ æмæ бакусой æхца. Сывæллæттæ дæр сын вæййы æрæгмæ. Бирæты нæ фæнды æмæ сын уа сывæллæттæ, уымæн æмæ хъуыды кæнынц, сæ бон кæй нæ бауы-дзæн сывæллæттæ дарын, кæннод та сæ нæ фæнды сæхи батыхсын кæной, уый. Ацы аххосæгтæм гæсгæ, фылдæр хатт бинонтæ не схъомыл кæнынц иу сывæллонæй фылдæр.

Ныртæккæ ахсджиаг аспект у хица-уады æххуыс бинонтæн, зæгъæм, «Мады капитал» – æхцайы фæрæз. Уый бинонтæ райсынц дыккаг, кæнæ уый фæстæ чи райгуыра, уыцы сывæл-лонæн. Афтæмæй Уæрæсейы хицауад архайы, цæмæй фæхуыздæр уа гуы-рынад æмæ бæстæйы демографон уавæр.

Бакуыстæуыд æндæр программæтæ дæр æвзонг, бирæсывæллонджын æмæ æндæр бинонтæн. Стыр хъусдард ис социалон æххуысы хуызы æнæхицау сывæллæттæм, иунæг зæрæдтæм, бирæсывæллонджын бинонтæм, афтæ ма царды уæззау уавæры чи бахауы, уыцы бинонтæм дæр.

 «Бинонты дунеон бон»-ы уагъд цæуынц алыгъуызон дискусситæ, конференцитæ æмæ фестивалтæ бинонты цытæн. Ацы бæрæгбоны тематикæ ивы алы аз. Уæрæсейы УФ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ 2008 аз расидтысты бинонты азæй. 2008 азы райдианы Президент йæ къух æрфыста «Ныййарæджы кад»-ы орден рауадзыны тыххæй Барамындыл.

Алы аз 14 майы Бинонты дунеон боны размæ премийæ «Уæрæсейы бинонтæ», зæгъгæ, схорзæх кæныны цытджын церемони уагъд цæуы Кремлы.

Алы аз Иугонд Нациты Организацийы Генералон секретары ныстуанмæ гæсгæ бæрæг вæййы, Бинонты бон цы темæмæ гæсгæ æрцæуа нысангонд, уый. Ацы азы ныстуаны дзырдæуы, цæмæй хъахъхъæд æрцæуой сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты бартæ бинонты ‘хсæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.