Уарзон дæсныйад

Бирæ професситæ ис æмæ уыдоны нымæцмæ ахæссын хъæуы кæсагахсæджы дæсныйад дæр. Адæм раджы аздæхтой сæ хъусдард, доны чи æрвиты йæ цард, адæймаг та зæрдиагæй кæй фæагуры хæлцæн, уыцы цæрæгой – кæсагмæ. Æмбæстæгты иу хай, сæ кармæ нæ кæсгæйæ, бауарзтой кæсаг ахсыны куыст æмæ йыл сты тынг æну-выд. Иу бакастæй нæм æнцон кæсы ацы дæсныйад, фæлæ бынтон афтæ нæу, уымæн æмæ дзы фæхъæуы фердæхтдзинад, уарзон ахаст æмæ, сæйраджыдæр та – быхсындзинад. Кæсагахсджытæ афтæ дæр фæзæ-гъынц, зæгъгæ, бирæ кæсаг æр-цахсæм, мах уымæ нæ фæтырнæм, фæлæ уымæй исæм æхцондзинад. Æцæгдæр, вæййы афтæ, æмæ æнæхъæн бон фæлæудзынæ доны был, хæцыс æнгуырыл, рауадз-бауадз æй кæныс, цæмæй истæуыл фæхæст уай, фæлæ – нæй, дæ къухы ницы æфты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм кæсагахсæджы схонæн ис куыстмæ иузæрдион ахастыл, стæй йын уарзон къуымы æрдз зынаргъ кæй у.

Нæ республикæйы дæр бирæ ис, кæсаг ахсыны куыст чи уарзы, ахæм адæймæгтæ. Цæвиттон, цалдæр азы размæ дæр ма Къостайыхъæуы 80-аздзыд нæлгоймаг Мæхъиты Руслан тынг арæх цыд бынæттон цадмæ кæсаг ахсыны тыххæй æмæ уымæй æрвыста йæ сæрибар рæстæг, уагъта йæ фæллад. Раздæр азты, куыд æндæр рæтты, афтæ нæ областы хæрæндæтты дæр алы цыппæрæмы дæр нымад цыд кæсаджы боныл.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.