БАНЫСАН КОДТОЙ ÆВЗИСТ ЧЫНДЗÆХСÆВ

2008 азæй фæстæмæ 8-æм июлы Уæрæсейы нысан кæнынц Бинонты, уарзондзинад æмæ æнувыддзинады бон. Кънияз Петр æмæ æхсин Февронийы цытæн Ног паддзахадон бæрæгбон – Æмкъæйтты уарзондзинад æмæ бинонты амонды æп-пæтуæрæсейон бон сфидар кæныны тыххæй инициативæ æмхъæлæсæй хорзыл банымадтой социалон политикæйы фæдыл Федерацийы Советы комитеты рабадты 2008 азы 26-æм марты. Бæрæгбоны символæн æвзæрст æрцыд урс дидинæг (ромашка). Æрвылаз дæр уыцы бон Уæ-рæсейы хуыздæр бинонтæн лæвæрд æрцæуы æхсæнадон хорзæх – уарзондзинад æмæ æнувыддзинады тыххæй майдан. Майданы иу фарсыл ис бæрæгбоны символы ныв – урс дидинæг, æмæ иннæрдыгæй фарс та – сыгъдæг Петр æмæ Февронийы цæсгæмттæ. Ацы нысаниуæгджын бон банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы дæр бирæ ис амондджын æмкъæйттæ, амонджын бинонтæ, кæцытæ дæргъвæтин азты дæргъы цæрынц кæрæдзи æмбаргæ æмæ уарзгæйæ. Амондджын бинонтæ сты Знауыры районы Гъаристауы хъæуккаг Сиукъаты бинонтæ дæр. Дыууæ уарзæгой цардæмбалы Сиукъаты Анзор æмæ Мæлдзыгаты Мадленæйы ныр цалдæр азы зонын фæсаууонмæ РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады центры къухдариуæгады хъæппæрисæй уагъдцæуæг фестивалты сæ ралæудтытæй. Анзор дæргъвæтин азты дæргъы активон хайад фæисы республикæйы уагъдцæуæг алыгъуызон мадзæлтты æмæ йæ музыкалон сфæлдыстадæй барухс кæны сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Дыууæ æмкъайы иумæ та ныр цалдæр азы фæд-фæдыл хайад райсынц Адæмон сфæлдыстады центры сорганизацигонд фестиваль-конкурсты «Бинонтæ – курдиатты стъалыбардз»-ы номинацийы, кæцыйы нысан у æнæниз, амондджын æмæ хъæрмуд би-нонты статус сфидардæр кæнын. Ацы фестивалы хайад исгæйæ, Сиукъаты бинонтæ алы хатт дæр бацахсынц призон бынæттæ. Схорзæхджын сæ кæнынц приз-тæ æмæ Кады грамотæтæй. Сценæйыл сæ иу фæзынд дæр сценæмæкæсджыты зæрдæтæн æрхæссы æхцондзинад. Адæймаг æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн, дыууæ цардæмбалы тынг хъæрмудæй кæй цæрынц, уый.

Сиукъаты Анзор райгуырд Знауыры ра-йоны Гъаристауы хъæуы. Каст фæцис Знауыры астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы профтехахуыргæнæндоны. Райста æнда-дзæджы (сварщик) дæсныйад. Кæд уый размæ дæр фæлвæрдта æмдзæвгæтæ фыссыныл, уæддæр, ацы ахуыргæнæндоны ахуыр кæнгæйæ, райхæлд йæ курдиат æмæ ма йæ æмдзæвгæтæ фыссынæй цы æфсæста. Уыцы иурæстæджы йе ‘мдзæвгæтæн йæхæдæг фыста музыкæ дæр æмæ сæ адæмы рæгъмæ хаста, зарыд сæ балалайкæйыл цæгъдгæйæ. Иу хатт сæ ахуыргæнæндонæй акодтой Тбилисы уагъдцæуæг музыкалон мадзалмæ æмæ дзы бацахстой призон бынат.

Ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ йæм æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Службæ кодта Одессæйы. 1981 азы æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Иу цалдæр боны аулæфыны, йæ хиуæттыл фæцин кæныны фæстæ æндадзæгæй  кусын райдыдта, Гъаристаумæ æввахс Хуыбежты хъæуы цы фосдарды комплекс уыд, уым. Бакуыста дзы цалынмæ  гуырдзиаг тыхæйисджытæ ирон адæмы сабыр цард нæ сызмæстой, уæдмæ. 1989 азы гуырдзы куы æрбабырстой, уæд Анзор дæр иннæ лæппутау постыты лæууыд, Знауыры районы кæм хъуыдис, уыцы бынæтты. Афтæ уыд цалынмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ. Се ‘рбацыдæй уыдон æрбахастой сабырад кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр æмæ лæппутæ дæр иу чысыл фæсæрибардæр сты постыты лæууынæй.  Æмæ-иу Анзор дæр сезонон куыстытæм ацыд  Дзæуджыхъæумæ.

Куыд базыдтон, афтæмæй Анзор музыкалон аивад чысылæй бауарзта. Лæппу нырма гыццыл уыд, афтæмæй йæ мад Цхуырбаты Еленæ йæ цæгатæй æрхаста чысыл фæндыр æмæ йын амыдта  цæгъ-дын, ирон мелодитæ æххæст кæнын. Æмæ уæдæй абоны онг нал фæхицæн йæ уарзон архайд – музыкæйæ. Æнæ музыкæ иу бон дæр йæ цард нал уыны.

Цыдысты бонтæ,  Анзорæн йæ ус курыны афон æрцыд, фæлæ бинонты кой нæ кодта. Уæд ын йе ‘ввахс хион, кæцы уыд цъунайраг сиахс, афтæ зæгъы, зæгъгæ, Къостайыхъæуы ис тынг хорз чызг æмæ дæ хъуамæ йемæ базонгæ кæнон æмæ уый дæр сразы. Дыууæ æвзонг уды кæрæдзи куы федтой, уæд æй бамбæрстой, дарддæр æнæ кæрæдзи сæ бон цæрын кæй нал суыдзæн, уый. Æмæ 1996 азы иу чысыл фынг æрæвæрдтой, æрбахуыдтой се ‘ввахс адæмы æмæ сæ цард баиу кодтой. Мæнгæй нæ фæдзурынц, зæгъгæ, лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст вæййынц. Мæлдзыгаты Мадленæ разынд тынг хорз адæймаг. Анзорæн йæхиау æгъдауджын, зæрдæхæлар æмæ куыстуарзаг разынд йæ цардæмбал дæр æмæ иумæ царды плæнттæ кодтой. Сæ цинаджы фынджы фарсмæ сын цыдæриддæр хорз арфæтæ, хорз куывдтытæ фæкодтой, уыдон сыл иууылдæр æрцыдысты. Æмæ сын Стыр Хуыцауы цæст бауарзта æртæ тæхудиаджы хъæбулы радтын – дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Ныййарджытæ се ‘ртæ хъæбулимæ абон дæр цæрынц Гъаристауы хъæуы. Хистæр, диссаджы рæсугъд чызг Залинæ Знауыры астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндоны, кæцыйы каст фæцис æнтыстджынæй. Хъыгагæн, йæ профессийыл, ома, медицинон хойы куыст не ссардта, фæлæ нæ фæтыхст æмæ фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæйы факультетмæ. Лæппу Сергей дæр ахуыр кæны ацы университеты арæзтадон факультеты. Сæ кæстæр хъæбул Виктория нырма скъоладзау у, ахуыр кæны Знауыры астæуккаг скъолайы 6-æм къласы. Ныййарджытæ райынц сæ кæстæрты цинæй. Цы ма уа уымæй стырдæр амонд ныййарæгæн,  æмæ дæ хъæбултæ адæмы рæгъы рацæуой æмæ царды раст фæндагыл лæуд уой.

Сиукъаты Анзор ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ. Уыдонæй сæ иуы ары йæ мады æфсымæр, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, Советон Цæдисы хъайтар Цхуырбаты Иваны рухс ном. Йе ‘мдзæвгæ «Уалдзæг» фæцыд фыссæг Дзугаты Георгийы зæрдæмæ æмæ йын бауынаффæ кодта, цæмæй арæхдæр фысса. Дзугайы фыртимæ базонгæ, йæ къухдариуæгадæй райдайгæ поэттæн цы кружок уагъд цыд, уым æмæ йын тынг кад кодта. Ацы æмдзæвгæ йын мыхуыр æрцыд газет «Советон Ирыстон»-ы. Анзор зарæг «Гъаристауы зарæг» ныффыста, йæ хъæуыл æмæ хъæубæсты исты цинаджы фынг куы вæййы, уæд фыццаг рады ацы зарæг азары. Хъæубæстæ йæ хонынц Гъаристауы гимн. Йæ зарджытæй иу – «Уарзт» та ныффыста йæ  цардæмбалыл. Зарæг ссис тынг популярон. Ацы аз майы мæйы Куадзæны æхсæвы æвзонг фæсивæд Беркъайы куы зылдысты, уæд нæ горæты цæрæг Гæбæраты æвзонг чызджытæ, балалайкæйыл цæгъдгæйæ, æххæст кодтой ацы зарæг, кæцы тынг фæцыд адæмы зæрдæмæ. Зарæг апарахат ис социалон хызæгты дæр. Сæ лæппу Сергей дæр рæвдз у муызкалон аивадмæ. Цæгъды гуымсæгыл. Йæ фыды æфсымæры лæппуимæ иумæ гуымсæгыл цагътой телерадиокомпани «ИР»-ы проект «Стъалыты ферттывд»-ы æмæ бацахстой призон бынат. Зарынмæ рæвдз у сæ кæстæр хъæбул Виктория дæр. Иу дзырдæй, сты музыкалон бинонтæ. Арæх уыдон бæрæгбонты рæстæджы иумæ фæзарынц. Анзор йæхи фыст зарджы-тæй дарддæр æххæст кæны зынгæ ав-торты æмæ композиторты зарджытæ дæр.

Сиукъаты бинонтæ цæрынц æнгом æмæ хъæрмудæй, хылы хъæлæба сæ никуы райхъуыст, афтæмæй. «Тынг дис-саг мæм кæсы, иуæй-иу нæлгоймæгтæ сæ устытæм гуымир æвзагæй куы фæдзурынц кæнæ та сæм сæ къух куы сисынц, уыцы хабар. Куыд гæнæн ис, æмæ уал азы дæргъы дæ царды бонтæ кæимæ æрвитай, хъæбултæ дын чи балæвар кæна, уымæн ма кад кæнай», – зæгъы Сиукъаты Анзор. Райгонд у йæ цардæмбалæй Мад-ленæ дæр. Сылгоймаг банысан кодта, зæгъгæ, цæрынц кæрæдзи æмбаргæйæ, æмæ кæрæдзийæн кад кæнгæйæ. Бадынц мæ разы дыууæ уарзæгой цардæмбалы сæ хистæр хъæбул Залинæимæ æмæ семæ ныхас кæнынæй не ‘фсæдыс, ахæм хъарм аурæ сæ цæуы.

Ис сын, хъæууон хæдзары цы хæдзарон цæрæгойтæ вæййы, уыдон – хъуццытæ, кæрчытæ, хуытæ. Бакусынц сæ зæххы фадгуытæ æмæ сæхи фаг тыллæг æркæнынц, кæд сын донхæры доны проблемæ ис, уæддæр амæлттæ кæнынц. Æгæрыстæмæй, байтауынц арбузтæ æмæ неситæ дæр. Анзоры зæрдæмæ исты дыргъ куы фæцæуы, уæд æй ныдзуарсæ кæны. Æнгом бинонтæ цард арынц, зæгъгæ, ацы ныхæстæ хауынц Сиукъаты  бинонтæм. Ацы аз июны мæйы Анзор æмæ Мадленæ æрхуыдтой се ‘ввахс адæмы æмæ банысан кодтой æвзист чындзæхсæв. Суанг æрдæ-гæхсæвтæм дæр Сиукъаты хæдзарæй дардмæ хъуыст цины хъæлæба, цины зарджытæ.

Сиукъаты Анзоры куы афарстон, зæгъын  уын хъæуы цæрджытимæ та цахæм ахастытæ ис, уæд мын загъта: «Гъаристауы хъæуы цæрджытæ цæрынц хъæрмудæй. Ничи никæимæ хыл кæны. Æгæрыстæмæй сæ æндæр хъæуты цæрджытæ сæ хæлардзинады тыххæй цæвиттонæн дæр фæхæссынц». Ацы хъуыддаг мын уыд тынг æхсызгон. Уымæн æмæ ацы знæт дуджы адæм кæрæдзийæн нал хатыр кæнынц, æгæрыстæмæй, цалдæр сантиметры зæххы тыххæй дæр. Анзор зоны хосгæнæн кæрдæджытæ дæр, æрæмбырд  сæ кæны æмæ кæй бахъæуы, уыдоны къух дзы саразы. Мæнгæй нæ фæдзурынц, зæгъгæ, курдиатджын адæй-маг алы хъуыддаджы дæр курдиатджын вæййы.

Бинонты уарзондзинад æмæ æнувыддзинады боны Сиукъаты бинонтæн нæ зæрдæ зæгъы ноджыдæр кæрæдзимбарынад, уарзондзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. Уымæн æмæ æнæ уар-зондзинадæй нæй амондджын бинонтæ, æнæ æнувыддзинадæй та нæй æцæг уарзондзинад. Бинонтæ, уарзондзинад æмæ æнувыддзинад сты æцæг амонды сæйраг ратæдзæнтæ. Уадз, уæ хæдзары алы хатт дæр æлдариуæг кæнæт сабырдзинад æмæ амонд.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.