Газет «Рæстдзинад»-ы ацы азы æвдæм апрелы бакастæн Бæзыты – Бекъуырты Нинæйы уац «Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг» æмæ та мæ мæ мæстджын хъуыдытæ сæ быны скодтой.

Куыд сæ æмбарын, мæгуыр æмæ фыдрæстæджы хъомыл, фыргуыстæй чи рафтыд, уыцы кæддæры хæстдзагъд сабиты æмæ сыл мæ зæрдæ куыд тынг риссы. Мæнмæ гæсгæ, кæд цыфæнды уæззау уавæры сты, уæддæр ам дзырд канд æхцайыл нæу, фæлæ сæйрагдæр – хъусдардыл, паддзахады ‘рдыгæй чысыл рæвдыд, уæддæр…

Хæсты фыдазтæ æз дæр æры-хъусæггаг ныхæстæй зонын, бавзæрста сæ мæ мад Джусойты-Лалыты Анетæ дæр. Уыдон цыппар сывæллонæй баззадысты сæ мад Багианы ‘вджид æмæ цы мæгуыры бонтæ бавзæрстой, уыдонмæ хъусын æнæцæссыгæй никæй бон уыд. Цардысты Къахеты.  Сæ фыд Лалыты Георги, йæ рæстæджы  ахуыргонд лæппу, фæцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Стыр хъæбатырдзинæдтæ равдыста Туапсейы, Новороссийскы, Чысыл зæххыл афтæмæй 1943 азы æбæрæгæй фесæфт. Йæ мард ын  дыу-уиссæдз азы фæстæ ссардта хæсты фæдтæ бæрæггæнæг къорд Новороссийскы, хъæу Мисхакойы. Йæ дзыппы фыстæджы фыст адресмæ гæсгæ йæ базыдтой. Систой йæ æмæ йæ стыр кадимæ бавæрдтой уыцы хъæуы Æфсымæрон ингæны. Хæстон хæрзиуджытæ дæр æм бирæ уыд, фæлæ сын ницыуал базыдтам, зонæм æрмæстдæр уый æмæ уыд хистæр лейтенант.

Гиуæргийы фæстæ йæ бинонты сусæгæй хæстмæ ацыд йæ кæстæр æфсымæр, æвддæс азы дæр кæуыл нæма цыди, уыцы суинаг поэт æмæ артист Турки дæр. Уый размæ йæ цалдæр хатты раздæхтой æфсæддон къамисариатæй, азтæ йыл æххæстæй кæй нæма сæххæст, уый тыххæй. Уæддæр не ‘рлæууыд. Абоны онг дæр бæрæг нæу, цы фæцис. Уый фæстæ бинонтæ æрыхъуыстой кæмæйдæр, дыууæ мæйы ацахуыр кæныны фæстæ сæ хæстмæ куы кодтой, уæд ын чидæр йæ “фæлтæрддзинад” куыд амыдта æмæ йæ куыд разæнгард кодта афтæ саразын-мæ. Уыцы чидæр йæ дыууæ къахы ихджын доны нывæрдта æмæ басыдысты, лыг кæнинаг фесты. Иннæ та, дам, сапон бахордта æмæ ныррæссыд, хæрын кодта уымæн дæр, фæлæ саби – лæппу йæ сæрмæ уыдæттæ нæ бахаста. Уыцы “патриотты” хæстæй ссæрибар кодтой. Фæцардысты зæронды бонмæ, бинонтæ скодтой. Паддзахады ‘рдыгæй сын уыд стыр æххуыс, кад сын кодтой, куыд хæсты ветерантæ, афтæ. Райстой хæдзæрттæ, цалдæр хатты машинæ-тæ, уыд сын стыр пенси… Адæттыл хъуыды кæнгæйæ зæрдæрыстæй æрымысын мæ фыды ныхæстæ: хæсты æцæг чи хæцыд, уыдонæн сæ фылдæр уым баззадысты.

Дарддæр, Багианы хъизæмæрттæ ууыл нæ фесты. Йæ дыууæ æфсымæры дæр хæсты цæхæрмæ бахаудтой. Сæ иу, замманайы суинаг лæппу, Тбилисы мединституты студент, Багаты Иван, хъæбатырæй фæмард. Иннæ, Магрез, ма хъæдхъиутæй æрыздæхт.

Багианмæ йæ цæгат бирæ фæхатыдысты, цæмæй раздæха, сывæллæтты йе ‘фсинæн ныууадза, фæлæ уый дзурын дæр никæй суагъта, афтæмæй сæ йе ‘фсинимæ мæгуырæй фæхъомыл кодта.

Иутæ паддзахады хæрзтæй хайджын фæвæййынц уæлдайджынтæй, иннæтæ баззайынц рохуаты. Цæй хæсты сывæллæттыл ма ис дзурæн, кæд æмæ мæ мадымад йе ‘нусон дунемæ ацыд æнæрæвдыдæй, мæгуырæй. Хæстæй чи æрыздæхт, зæронды бонмæ чи фæцард, уыдонæн уыд æппæт дæр. Æгæрыстæмæй, сæхæдæг куы нал уыдысты, уæддæр сæ бинонтæ фаг рæвдыд æййæфтой, фæистой фатертæ. Мæ мадымад та Нартыхъæуы йæ чызджы хæдзары амард. Мæ фыд ма йæ удæгасæй бæргæ зылд Тбилисы, фæлæ уæд, нæуæдзæм азты хæццæ уыд бæстæ. Ардæм Къахетæй цæрынмæ куы рацыдысты, уæд  дæр ма  агуырдтам рæстдзинад, фæлæ нын алы æфсæнттæ фæкодтой. Сæдæ азы йыл куы сæххæст (документтæм гæсгæ), уæд æмбæлон орган-тæм фæцыдыстæм, цæмæй ма йын йæ зæры бонты истæмæй йæ зæрдæ балхæнæм, фæлæ йын Фыдыбæстæйы раз йе стыр хæрзтæ “бафыстой” æрмæстдæр иу ран: конверты йын нывæрдтой… 300 сомы! Цалынмæ рацыдыстæм, уæдмæ сæ нæ федтон, æндæра сæ фæстæмæ баппæрстаин. Нæ газеттæй иуы уацхæссæг та нæм хæдзармæ бацыд, фæлæ ницы ныффыста. Цы, дам, ныффыссон, уый нæй. Хъæбатыр афицеры идæдз, цыппар хæстоны хæстмæ чи арвыста, йæ цыппар хъæбулы иунæгæй мæгуырæй чи фæхъомыл кодта, йæ фыд æмæ йæ хистæр æфсымæр Хуссар Ирыстоны ссæдзæм азы меньшевикты ныхмæ тохы кæмæн фæмард сты, колхозы фыргуыстæй уыргæфтыд чи фæцис, ууыл æй дыууæ ныхасы зæгъын нæ бафæндыд. Цæмæ æнхъæлмæ каст, нæ зонын.

2008 азы амард Багиан. Ацыд зæрдæхæлд æмæ мæгуырæй паддзахады æрдыгæй, кæд ын мах алы буц митæ кодтам, уæддæр. Хæстон идæдзтæй та иуæй фæцух нæ бæстæ. Афтæ дзурынæй кæм нæ фæллайæм: “Ничи ферох, ницы ферох”, уыцы бæстæ.

Уый баулæфыд, фæлæ ныр та йæ цот, хæсты сывæллæттæ,  маст кæнынц, сæ зындзинæдтæ сын цæуылнæ банымадта паддзахад, ууыл. Афтæмæй уал цалдæр азы размæ амард мæ мадæн йæ хистæр æфсымæр, ныр мæйы размæ та амард се ‘ппæты кæстæр æфсымæр, æппындæр йæ фыды чи никуы федта, гуыбыны чи баззад, уыцы Аслан.

Цæуынц иугай канд хæсты ветерантæ нæ, фæлæ хæсты сывæллæттæ дæр. Æртæфстысты сыл сæ бирæ дудгæбæттæ. Цæуынц се ‘нусон дунемæ, цалынмæ уæлейæ закъæттæ хæссынц æмæ уыдоныл хъуыды кæнынц, уæдмæ…

Джусойты  Нинæ, Дзæуджыхъæу

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.