ДЗÆУДЖЫХЪÆУÆН – НОГ  ФÆЛГОНЦ

Æрвылаз дæр уалдзæг æрхæссы сыгъдæг æмæ аивдзинадæй дарддæр бирæ ног фæндтæ нæ уарзон горæт Дзæуджыхъæу срæсугъд кæныны тыххæй. Республикæйы разамынд бирæ фæхъуыды кодтой, цы ногдзинад бахæссой горæты фæлгонцмæ, ууыл æмæ æрцыдысты иу фæндмæ: горæтмæ æрбацæуæнты фæлгонц аивын, сног æмæ сæ срæсугъд кæнын.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæтмæ фондз æрбахизæны дæр хъуамæ капиталон уагæй цалцæг æрцæуой. Æвæрд сæ æрцæуа сæрмагонд эмблемæтæ, сæ нысаниуæг Ирыстонимæ баст куыд уа, афтæ.

Уый тыххæй хуыздæр проект – эскиз  саразыныл арæзт æрцыд сфæлдыстадон конкурс архитекторты, нывгæнджыты, скульпторты, дизайнерты æмæ хицæн адæймæгты ‘хсæн ахæм номимæ: “Разработка эскизного проекта архитектурной формы – знака, обозначающего въезд во Владикавказ”.

Конкурсы нысан у горæт саив кæныны уæлдай æхсæнады æргом раздахын горæты лыггæнинаг фарстатæм, стæй ма ног курдиæттæ раргом кæнын. Организаторты хъуыдымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæумæ цы фондз æрбахизæны ис: Æфсæддон – Гуырдзиаг фæндаджы, Джызæлы, Чермены, Æрыдоны æмæ Беслæны æрдыгæй, уыдон хъуамæ капиталон уагæй цалцæг æрцæуой фыццаг хатт. Уымæй уæлдай дзы хъуамæ сагъд æрцæуа декоративон бæлæстæ æмæ къутæртæ, алыран дæр æвæрд æрцæудзæн баннертæ “Владикавказ – Город воинской славы”, – зæгъгæ. Уый у конкурсы æнæмæнг домæн. Уымæй дарддæр æвзардзысты, конкурс цы куыстытæ бавдиса, уыдон. Жюрийы домæнтæм гæсгæ, куыстытæн сæ мидис хъуамæ баст уа Дзæуджыхъæуимæ, хъуамæ сæ æвдыст цæуой горæты символтæ.

Хуыздæр проект райсдзæн сæдæ мин сомы, дыккаг бынат у фæндзай мин сомы, æртыккаг – 30 мин сомы. Уый у горæтмæ æрбахизæнтæ сфæлгонц кæныны фыццаг къахдзæф. Фидæны республикæйы разамынды зæрды ис горæтмæ æрбахизæнты нарты персонажтæ æмæ алайнаг хæстонты цыртдзæвæнтæ сæвæрын, цæмæй нын нæ истори мачиуал иса. Уый тыххæй ныридæгæн æнæофициалон æгъдауæй арæзт æрцыд цалдæр эскизы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.