Азӕй азмӕ хъӕууон цӕрджыты цардуагон уавӕртӕ дæр кӕй хуыздӕр кӕнынц, уымӕн стӕм ӕвдисӕн. Ацы ахсджиаг хъуыддагмӕ йӕ хайбавӕрд чи хӕссы, уыдон нымӕцмӕ хауы Цхинвалы районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад дӕр. Уымӕн йӕ иузӕрдион куысты руаджы хӕрзарӕзтдӕр кӕнынц хъӕутæм фӕндӕгтӕ, скъуыддзаг цӕуы нуазыны доны фарст ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ. Цӕвиттон, Къостайыхъӕуы администрацимӕ хауӕг хъӕутӕ зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, рӕстмӕ фӕндӕгтӕ сӕм арӕзт кӕй нӕ уыд, уый аххосӕй. Уыцы фарстмӕ ӕркастӕуыд ӕмӕ Тыбылты хъӕумӕ сырӕзт хорз цалцӕггонд фӕндаг. Уымӕй дарддӕр ма хӕрзарӕзт ӕрцыд Кърозы хъæумæ фӕндаг дӕр. Нал тыхсынц Дурӕфтауӕны хъӕуы цӕрджытӕ дӕр, уыдонӕн дӕр сӕ фӕндаг æрцыд цалцæг.

Машинӕвӕндаг бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд Дæллаг Додоты хъӕумӕ, аразджытӕ йӕ аразыныл бацархайдтой Дурӕфтауӕны. Ацы фӕндаг кӕй срӕвдз кодтой, уый тынг ӕхсызгон уыд цӕрджытӕн ӕмӕ арфӕйы фыстӕг дӕр ныффыстой ацы хӕдзарады коллективы номыл. Уымӕй дарддӕр ма кусынц Монастъер ӕмӕ Дампъалеты хъӕуты фӕндӕгтыл дӕр. Хӕдзарад ныртӕккӕ кусы Джеры хъӕумӕ фӕндаджы арӕзтадыл.

Сæ ӕрмдзӕф бӕрӕгӕй хорзӕрдӕм зыны, районы цы административон бӕстыхӕйттӕ ис, уыдоныл дӕр. Цӕвиттон, ахӕм куыстытӕ бакодтой Зар ӕмӕ Ногхъӕуы, уыдон ныр фесты цалцӕггонд ӕмӕ дзы уӕвынад кӕнынц хъӕууон администрацитӕ, клуб, библиотекӕ, тренажерон залтӕ, бӕстыхӕйттӕн ӕрӕхгӕдтой сӕ алыварс. Арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕнынц Тъбеты административон бӕстыхайы дӕр куыд ӕддейӕ, афтӕ мидӕгӕй дӕр. Ахæм куыстытӕ ӕххӕст кӕнынц Арцеуы административон бӕстыхайы дӕр, цыран уыдзӕн хъӕууон администраци, амбулатори, спортзал. Æрӕмбонд уал ын кодтой йӕ территори. Нуазыны дон рауагътой Сатихъары хъӕумӕ, уыцы фарстыл куыстӕуы Хелцуайы хъӕуы дӕр, кӕд иуӕй-иу зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр. Сараздзысты Къостайыхъӕуы стадионы арӕзтад дӕр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.