10 азы рацыд, нæ адæмы царды цæхгæр ивындзинæдтæ куы цыдис, рæстæг нын нæ ног историйы фæлдисгæйæ, цы стыр историон цаутæ æрхаста æмæ сæ æвдисæнтæ, хайадисджытæ кæмæн уыдыстæм, уыцы августы мæйæ, дуне кæмæй банкъуыст æмæ йын йæ политикон картæ чи фæивын кодта, уыцы август.

Бæрцæй цалдæр боны размæ мах банысан кодтам уыцы æнахуыр августы цалдæрбонон хæстыл дæс азы сæххæсты бон. Ныр та нысан кæнæм нæ хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты бон. Августы хæст æруромын, Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæнын æмæ мах хуссайраг ирæтты физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæй бахизыны, афтæ ма уыцы августы нæ паддзахадон хæдбардзинад нымад кæй æрцыд æмæ нæ историйы ног фæндаджы райдиан кæй ныллæууыдыстæм, уым Уæрæсейæн уыдис скъуыддзаггæнæн нысаниуæг. Йæ хæстон тыхы руаджы уый æркодта Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ, дунейы бæстæтæй нын фыццаг уый банымадта нæ хæдбардзинад…

Адæймаг адæймаджы зындзинæдты базоны. Ацы фæтк æххæссы бæстæтæ, паддзахадтыл дæр. Стыр уæрæсе æмæ чысыл Ирыстон, æнусты дæргъы историйы фæндæгтыл фæрсæй фæрстæм цæугæйæ, раджы сбæлвырд кодтой ацы æцæгдзинад. Сбæлвырд кодтой, кæрæдзийыл æнувыд кæй сты æмæ зын рæстæджыты кæрæдзийы фарсмæ кæй æрбалæууынц, сæ зынты æмæ сæ цинты иумæ кæй дих кæнынц. Уæрæсе ивгъуыд æнусты цы хæстыты хайад иста, уыдоны Ирыстоны æхсарджын фырттæ намысджынæй хъахъхъæдтой уырыссаг хæцæнгæрзты кад. Паддзахы æфсады службæ кæнгæйæ, уыдон æхсарджынæй тох кодтой иумæйаг знаджы ныхмæ, схызтысты æфсæддон карьерæйы бæрзонд къæпхæнтæм – систы инæлæрттæ. Бирæ сты, уæлдæр паддзахадон хорзæхтæй хорзæхджын чи ‘рцыдысты, уыдон дæр. Уыдонæн сæ нæмттæ абон дæр зындгонд сты нæ адæмæн. Афтæ уыдис советон дуджы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр, цыран дæсгай мин ирон лæппутæ сæ цард нывондæн æрхастой, абон чи нал ис, кæй ныппырх кодтой, уыцы хъомысджын райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.

Æнусты дæргъы Ирыстоны хуссар хайæн йæ зæххыл хæст никуы уыдис. Уыдис æрмæстдæр йæ хуссайраг сыхæгтимæ, кæд чысыл адæмы дзыллон æгъдауæй куынæг кæнын хæстыл нымад цæуы, уæд. Фыццаг уыд ивгъуыд æнусы 20-æм азы. Гуырдзиаг меньшевиктæ зынджы хай бакодтой Ирыстоны хъæуты, фæсырдтой, фæмардтой ирон цæрджыты, сылгоймаг у, æви нæлгоймаг, зæронд у æви саби, уымæ нæ кæсгæйæ. Фæлæ æрцыд Уæрæсейы 11-æм æфсад æмæ нын ссæрибар кодта нæ зæххы. Хæстдзагъд, æфхæрд лигъдæттæ фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм æмæ та нæ хæхты, нæ кæмтты цард æндидзын  райдыдта.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ. Хæлыд, пырх кодта нæ иумæйаг бæстæ  – Советон Цæдис. Централон хицауад кæй слæмæгъ, уымæй спайда кодта Гуырдзыстоны разамынад æмæ райтынг кодта хæст сусæгæй-æргомæй нæ ныхмæ, уазджытыл, æрцæуæггæгтыл нæ нымайгæйæ. Ногæй та мардысты, цагъды кодтой ныккалдис та ирон лæджы туг. Хъизæмæрттæ æвзæрстой дæсгай мин адæймæгтæ, сбадтис та сыл лигъдæтты ном…

Уæрæсе кæд фæцудыдта, фæлæмæгъ, уæддæр архайдта тугкалд æруромыныл, уæззау уавæры ныххауæг адæмы хъизæмæрттæ фæрогдæр кæныныл. Йæхимæ райста мингай лигъдæтты, гуманитарон æххуысы колоннæтæ æрвыста Хуссар Ирыстонмæ. Æрмæстдæр Уæрæсейы архайдтыты руаджы кæрон æрцыдис хæстæн, тугкалдæн, æрмæстдæр Уæрæсе æрæрвыста йæ фидауынгæнæг æфсæдты, æмæ цы сæртæг сабырад æрбалæууыд, уый фидар кодтаид, хæсты арт ногæй ма ссыгъдаид. Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æхсæнлæг уæвгæйæ, Уæрæсе дыууын азы дæргъы активон хайад иста, конфликт æрбæстон кæныны нысанæн цы Æмхæццæ контролон къамис арæзт æрцыд, уый архайды. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы къамисæн фæстагмæ ницыуал ахадындзинад уыдис Гуырдзыстоны разамынады аххосæй. Уыдонæн сæ нысан ссис Хуссар Ирыстоны зæххыл ногæй хæсты арт бандзарын. Æмæ æрмæст хæст нæ. Хæсты фæстиуæгæн ма иу фарсæй дæр æмæ иннæ фарсæй дæр хъуамæ чидæртæ уæддæр баззайой. Гуырдзыстоны разамынад та сфæнд кодтой нæ адæмы физикон æгъдауæй бынтондæр скуынæг кæнын, Хуссар Ирыстоны зæххæй сыгъдæг, ирон лæджы къах кæм нал æрлæууа, ахæм быдыр саразын æмæ уымæй «ирон фарст» кæронмæ аскъуыддзаг кæнын.

Æмæ æрбалæууыд 2008 азы æстæм мæйы æстæм бон. Фынæймæ йæ хъус чи адардта, нæ уыцы горæт уысмæн алыгъуызон хæцæнгæрзты æхстыты бын фæцис. Ихуарæгау сыл кодтой алыгъуызон нæмгуытæ, снарядтæ, ракетæтæ, минæтæ, бомбæтæ… Нæ адæмы ныхмæ ацы æртæбонон (иумæйагæй та фондзбонон) хæсты тыххæй бирæ фæфыстой æгас дунейы дзыллон информацийы фæрæзтæ. Æмæ та ам дæр – Уæрæсе. Кæд нæ хæцæг лæппутæ сæ бон цы уыд, уымæй лæууыдысты знаджы ныхмæ, уæддæр ын сæрсæттæн цæф уый фæкодта. Уый хъомысджын хæцæнгарзы руаджы йæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты, сæргой фесты, афтæмæй лыгъдысты фæстæмæ. Ирыстоны тугхъулон зæхх сæрибарæй сулæфыд, ирон æмæ уырыссаг хæстонты, æнæбон сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдты тугæй æлхæд сæрибары уæлдæфæй.

Уæрæсе Гуырдзыстоны тыхæй æркодта сабырадмæ, фæлæ ууыл не ‘рлæууыд. Дыууæ къуырийы дæр нæ рацыд, афтæ нын Уæрæсе банымадта, ивгъуыд æнусы 90-æм азты цы хæдбардзинад расидтыстæм, уый. Бæлвырддæрæй та уый уыд 2008 азы 26 августы æмæ нæ историйы уый ссис иууыл ахсджиагдæр, зæрдылдаринагдæр бонтæй сæ иу.

Уæрæсе йæхимæ райста фыддуджы азарæй нæ пырх æмæ ихсыд республикæйы сæндидзын кæныны хæс дæр. Кæд Советон Цæдисы ныппырхы, цардæвæрды фæивды æмæ дунеон экономикон кризисы фæстиуæгæн йæхæдæг дæр уæззау уавæры бахауд, уæддæр йе ‘ххуысы хай кодта Хуссар Ирыстонæн. Зæгъæн æмбæлы, хæсты фæстæ нæм Уæрæсейы бирæ регионтæй цы гуманитарон æххуыс фæцыд, уый тыххæй дæр.

Нæ хæдбардзинад нын банымайыны фæстæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн, куыд дыууæ æмбар паддзахады, афтæ къухтæ æрфыстæуыд Хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй бадзырдыл, кæцы уæрæх фадæттæ радта царды æппæт къабæзты дæр æмгуыстад кæнынæн. Ацы бадзырды фæлгæтты дыууæ бæстæйы æнгæс министрадтæ æмæ ведомствотæ дæр сæ къухтæ æрфыстой Сразыдзинæдтыл, кæцыты бæлвырдæй разынд, конкретонæй цы араздзысты æмæ кæрæдзийæн куыд æххуыс кæндзысты, уыдæттæ. Æмæ уыдон иууылдæр дæттынц сæ хорз фæстиуджытæ.

Нæ адæм дыууын азы дæргъы хæстон уавæрты цæргæйæ, хорз зонынц сабыр царды аргъ. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ æппæт дæр арæзт æрцыд, цæмæй нæ адæм кæной æдас цард. Уый тыххæй ам уæвы уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæ, сæ хæстæ æххæст кæнынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, иу дзырдæй, арæзт æрцыд хъахъхъæнынады иумæйаг тыгъдад.

Уый у нæ иууыл стырдæр æнтыст уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ æмæ нæ республикæйы алы цæрæг дæр æмбары, сабырады гаранти йын куынæ уа, йæ сомбоныл куынæ æууæнда, уæд царды фæндтæ нывæндын, рухс бæллицтæ æххæст кæнын зын у.

Фæстаг рæстæджыты зынгæ фæактивондæр республикæйы разамынады æддагполитикон архайд. Азы райдианы нæ республикæйы официалон делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй уыд Сербаг Республикæйы. Майы мæйы нын нæ хæдбардзинад банымадта Сириаг Арабаг Республикæ. Йæ фæстæ ардæм æрцыд нæ официалон делегаци Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Æддагполитикон контакттæ фидардæр кæнынц Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл дæр.

Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта æмæ уый фæстиуæгæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстад, цæдисон ахастытæ арфæй арфдæр кæй кæнынц, уый ирдæй зыны æрмæст хъахъхъæнынады нæ, фæлæ нæ царды æппæт къабæзты дæр æмæ сын нæхæдæг стæм æвдисæнтæ. Мах уынæм, нæ горæт, республикæйы хъæутæ куыд хос кæнынц сæ хъæдгæмттæн. Цхинвал ивы йæ хуыз, рæсугъдæй рæсугъддæр кæны, йæ хæрзарæзт уынгты цæуынæй адæймаг исы æхцон-дзинад. Арæзт нæм æрцыдысты æнæхъæн микрорайонтæ, цæрæн хæдзæрттæ, æндæр нысаниуæджы объекттæ. Ам рахицæн хъæуы нæ паддзахадон университеты, паддзахадон драмон театры бæстыхæйтты, Хъайтарты уынджы кæрон хæдзæртты арæзтад. Тагъд темптæй рæзынц Гуыбаты æфсымæрты уынджы дыууæ цæрæн бæстыхай дæр. Кæд нæ куыд фæнды, афтæ тагъд нæ, уæддæр нæм фæзынынц сæудæджерадон объекттæ æмæ нæ базæртты, магазинты балхæнæн ис нæхи рауагъд продукцийæн. Нæ рауагъд продукци фæстаг рæстæджы фæндаг гæрдын райдыдта уæрæсейаг базармæ дæр.

Уæдæ æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы цы стыр ивындзинæдтæ цæуы, уыдон дæр æнæуынгæ куыннæ стæм. Нæ горæты соматикон рынчындоны территорийыл сырæзт æнæхъæн медицинон кластер. Уыдон ифтонг сты нырыккон медицинон ифтонггæрз-тæй. Рохуаты не сты нæ хъæутæ дæр. Уымыты баконд æрцыдысты фельдшерон-акушерон пункттæ. Рæзынц æндæр медицинон уагдæттæ дæр. Уыдоны æмрæнхъ нæм рæстæгæй рæстæгмæ æрцæуынц уæрæсейаг бæрзондквалификациджын медиктæ æмæ басгарынц нæ цæрджыты æнæниздзинад. Хос кæнын æвæстиатæй кæй фæхъæуы, уыдоны æрвитынц Уæрæсейы раззагон медицинон уагдæттæм.

Ахуырады къабазы, зæгъæн ис æмæ ногæй сæнди-дзыдтой, сæ хуыз скалдтой æмæ хъæуæг инвентарæй ифтонг æрцыдысты скъолайы агъоммæ кары уагдæттæ. Афтæ сты иумиагахуырадон скъолатæ дæр. Уыдонмæ ма бафтыд ног астæуккаг скъола мæскуыйаг микрорайоны. Нæ рауагъдонтæн фадат ис лимиттæм гæсгæ æмæ æнæуый дæр Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр рæтты уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ахуырмæ бацæуынæн.

Азæй азмæ бæрзонддæр кæны цæрджыты царды æмвæзад. Рæзынц куыстмыздтæ, пенситæ, æндæр социалон æххуысты бæрцтæ. Ныр дæр та план цæуы уыдон фæфылдæр кæнын.

Æппæт уыцы æмæ æндæр хъуыддæгты æгæрон у Уæрæсейы æххуыс. Фæлæ æххуыс дæр æнусон никуы вæййы. Мах, хицæн паддзахад уæвгæйæ, хъæуы аразын афтæ, цæмæй нæхи фæрæзтæй цæрынхъом уæм. Æмæ ацы хъуыддагыл куыст фæстаг рæстæджы зынгæ фæтынгдæр ис. Уымæн æвдисæн – паддзахадон бюджеты хи фæрæзтæ зынгæбæрцæй кæй фылдæр кæнынц.

… Рацыд дæс азы, хæдбар паддзахадыл нымад куы ‘рцыдыстæм, уыцы бонæй. Уыцы азтæ ноджыдæр фенын кодтой, Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе кæй у йæ ныфсджын, стратегион партнер, нæ адæм кæддæрид-дæр стыр ныфс кæмæй æвæрдтой, ахæм бæстæ.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.