Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты цытæн нæ республикæмæ æрцыдысты «Афганистаны æмæ æндæр хæстыты инвалидты Уæрæсейы æппæтадæмон æхсæнадон организаци»-йы уæнгтæ. Семæ ма уыдысты, ацы организацийæн Цæгат Ирыстоны цы филиал ис, уый уæнгтæ дæр.

Цытджын уазджытыл Ручъы фембæлдысты нæ республикæйы «Хæсты фæцæфуæвджыты æмæ инвалидтæн æххуысы фонды» уæнгтæ сæ сæргълæууæг Плиты Мадинæимæ. Уазджытыл чи фембæлд, уыдонимæ ма уыд æмæ сын арфæйы ныхæстæ загъта профессор Плиты Гацыр.

«Хæсты фæцæфуæвджытæ æмæ инвалид лæппуттæн æххуысы фонд»-ы уæнгтæ æрвылаз дæр фембæлынц, «Афганистаны æмæ æндæр хæстыты инвалидты, Уæрæсейы æппæтадæмон æхсæнадон организаци»-йы уæнгтимæ. Хæст кинонывтæ æмæ чингуытæй чи нæ зоны, фæлæ йæ мидæг чи бахсыст, йæ тугæй йæ зæхх чи бахъахъхъæдта, уыдоны абон æнкъард ныхæстæ кæнынмæ не ‘вдæлд, уыдысты бæрæгбонгъуыз. Ноджы тынгдæр сæ зæрдæтæ барухс сты, Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы сгуыхт артисткæ Майя Четионы хъомылгæнинæгтæ сæ разы цалдæр кафты куы акодтой, уæд.

Дарддæр, горæтмæ æрцæугæйæ, уыдон нæхи инвалид лæппутимæ азылдысты æмæ веноктæ сæвæрдтой, 5-æм скъолайы  кæрты цы уæлмæрд ис уым, фидауынгæнджыты раздæры бæстыхайы, Ветчиновы обелискы, Тъбеты æрцæуæны ОМОН-ы зынгхуыст лæппуты цырт æмæ «Сыгъд удты музей»-ы раз.

Уый фæстæ бацыдысты «Хæсты фæцæфуæвджытæ æмæ инвалидтæн æмæ тымбыл фынджы уæлхъус æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны агъоммæ нæ адæм цы тугхъулон фæндæгтыл рацыдысты, уыимæ баст цаутыл.

Фонды советы уæнг, Ирыстоны номдзыд хирург Зæгъойты Никъала дзырдта: «Нæмгуыты къæр-къæр, гæрæхтæ, снарядты гуыппытæ, срæмыгъдтытæ, æмгæрттæ сæ туджы куыд мæцынц, стæй æрдæгæхсæв хæдзармæ цæугæйæ, дæ мады тарстгъуызæй, æгъуыссæгæй баййаф, уыдæттæ фенæгæн хæст никуы фæвæййы. Хæстæй æвыдæй чи баззайы! Чи фылдæр, чи къаддæр фесафы. Куыннæ у зын, цæрæнбонты дæ фыд, чи зоны дæ фыды фыд æмæ ма дæхæдæг дæр цы хæдзар фæцарæзтай, кæуыл фæфыдæбон кодтай, уый дын иу æнæзæрдæ фыдгæнæг куы басудза. Фæлæ адæймагæн йе сконд ахæм у, ссары та, саразы ног хæдзар, кæд æнæниз æмæ сæрæгас вæййы, уæд.  Æмæ йе ‘нæниздзинад чи фесæфта, уый та? Уыдон дæр хъизæмæрттæгæнгæ фæархайынц, цæмæй цæрой се ‘ввахс адæмы хæрзиуæгæн. Æрмæст уыдонæн хæст никуыуал фæвæййы сæ зæрдæты.  Сымах стут кады аккаг, рынчын уæвгæйæ, абон дæр архайут республикæйы дарддæры хæрзиуæгæн».

Лæппуты номæй ацы фонды уæнг Колыты Инал куыд загъта, афтæмæй, æппæт хæстыты дæр ирæттæ тынг басгуыхтысты. Нацийы нымæцмæ гæсгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй ирæттæй фылдæр хорзæхтæ ничи æрхаста. Ныр та, зæгъгæ, у нæхи тыххæй хæцыдыстæм, хæдбар Ирыстоны тыххæй. Уадз, уонгцухтæ уæм, уæддæр нæ нысан нæ къухты ис абон.

.Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.