Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли мæсæллæйы тел арвыста Мæскуыйы мэр Сергей Собянинмæ Мæскуыйы раздæры мэр Юри Лужковы амæлæты тыххæй.

Мæсæллæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Сергей Семены фырт!

Стыр хъыгзæрдæимæ райстон Мæскуыйы раздæры мэр Лужков Юри Михалы фырты амæлæты хабар.

Юри Михалы фырты цард у ирд цæвиттон Уæрæсейæн лæг-гад кæныны хъуыддаджы. Уымæ горæт æрхауд бæстæйы зын рæстæджыты, фæлæ Юри Михалы фырт Мæскуыйæ сарæзта дунеон æмвæзады мегаполис.

Республикæ Хуссар Ирыстоны алкæцы цæрæджы зæрдæйы дæр Юри Михалы фырт баззайдзæн ахæм адæймагæй, кæцы æнæсаргъгæнгæ хайбавæрд бахаста не столицæйы фæсхæстон цалцæгкæнынады хъуыддагмæ.

Цхинвалы цæрджытæн Юри Михалы фырты тыххæй сæ зæр-дыл лæууын кæндзæн, йæ ном нæ столицæйы уынгтæй сæ иуæн æвæрд кæй у, уый æмæ ма микрорайон, кæцы арæзт æр-цыд йæ хъæппæрисæй.

Мæсæллæй кæнын æмæ æм-зæрдæдзинады ныхæстæ æрвитын Юри Михалы фырты би-нонтæн æмæ æввахс хиуæттæн»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.