Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд бахардзгонд электроэнергийы фиддонтæ бафидыны фарстыты фæдыл.

Æмбырды хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Юг»-ы генералон директор Гæбæраты Алан æмæ æндæртæ.

Пухаты Эрик профилон структурæты къухдариуæггæнджытæй æрдомдта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ сифтонг кæной бюджетон организациты фарсæрдыгæй хардз электроэнергийы фиддонтæ бафидыны хъуыддаг.

«Аз йæ кæронмæ фæхæццæ кæны, æмæ бирæ бюджетон организацитæн ис хæстæ, кæцытæ ма хъуамæ уаиккой, уымæн æмæ паддзахад уыдон бафидынæн хицæн кæны æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ. Хъуыддаг ис  къудариуæггæнджыты æбæрндзинады, куыд ифтонггæнæн организациты, афтæ хардзгæнæн», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Уый бахæс кодта, цæмæй сорганизаци кæной бюджетон организацитимæ æмархайд ахæм хуызы, цæмæй хæстæ сæдæ процентæй фыст æрцæуой.

Æмбырды ма æруынаффæ кодтой физикон адæмы фарсæрдыгæй фиддонты дисциплинæ фæбæрзонддæр кæныны фарст æмæ электроэнерги давын фæкъаддæр кæныны программæ сæххæст кæныныл.

Хуссар Ирыстоны бахардзгонд электроэнергийы фæдыл фиддонтæ æмбырд кæнын азы райдианæй ноябры мæйы онг у 72 проценты, кæцы 4 процент у фылдæр, 2018 азы аналогон рæстæгимæ абаргæйæ.

Республикæйы электроэнергийы фæдыл иумæйаг хæс у 300 милуан сомы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.