30 август- æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бон

30 август æгас дунейы нымад цæуы Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон боныл. Ацы бон Хуссар Ирыстонæн дæр нысаниуæгджын у, уымæн æмæ дæргъвæтин хæстон азты дæргъы æбæрæгæй сæфт фесты сæдæйæ фылдæр хуссарирыстойнаг æмбæстаджы. Уыдон хъысмæт рабæрæг кæныныл егъау куыст цæуы – Женевæйы дунеон дискусситы æмæ æндæр фæзуæтты.

Зын æмæ уæззау у, æбæрæгæй сæфт чи сты, уыцы бинонты уавæр, уымæн æмæ дæргъвæтин азты æнхъæлмæ кæсынц, кæд исты бæрæг базониккой, кæд разынит сæрæгасæй кæмæн йæ хъæбул, кæмæн йæ бинонты хицау, кæмæн йæ мадызæнæг… Уыцы бинонты хъизæмайраг цардæн абарæн ницæимæ ис, ӕбӕрӕгдзинад ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй сӕфт хионмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зын ӕмӕ уӕззау у.

2020 азы 30 августы Ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты дунеон боны, Хуссар Ирыстонӕй ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон номыл байгом цырт. Мраморӕй конд дурыл ис адӕймаджы афтид ӕндӕрг – йӕ разы цӕуы ӕнӕрлӕугӕ дон – уый у царды ӕмӕ ныфсы нысан…

Цырт сӕвӕрын уыд ацы бинонты рагон бӕллиц, цӕмӕй ӕввахс хиуӕттӕн фадат уа ахæм бынатмӕ ӕрбацӕуынӕн ӕмӕ сӕ зæрдæты судзгæ маст сног кæнынæн.

Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы хъуыд-даг саразынӕн Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты фæдыл æхсæнадон организацийы фарсмæ балæууыдысты паддзахадон къухдариуӕгады органтӕ, Сырх Дзуары дунеон комитет æмæ баххуыс кодтой ахæм цырт сæвæрынæн, кæцы махæй алкæмæн дæр дзурæг у, уыцы адæм рох кæй не сты, мысын æмæ сæ агурын кæй хъæуы, уый тыххæй. Цырты автор у скульптор Бекъойты Алан.

Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы цырты бынат йӕ рӕстӕджы кӕй равзӕрстой ӕбӕрӕгӕй сӕфт бинонты хиуӕттӕ сӕхӕдӕг. Ӕмӕ ӕвӕрд ӕрцыд нӕ горӕты Мады Майрӕмы аргъуаны территорийыл Ӕгъуызаты Иуанейы номыл скверы.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты номыл цырты раз чысыл фонтанæй цæуы æнæрлæугæ дон – уый дæр у ныфсы суадон æмæ дзы чи нуаза, уый æнæмæнгдæр кувдзæн, цæмæй, кæдæй уæдмæ нæ бæстæйӕ æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгтæй исты амалӕй бæрæг базонæм.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты фæдыл республикон æхсæнадон организаци «Па-мять и Надежда»-йы сæргълæууæг Куыдзеты Лидæ æппæт тыхтӕй хъусдард здахы, æнгом кæны ацы бинонты æмæ йæ фадæттæм гæсгæ сæ фарсмæ балæууы – бӕрӕг финансон фӕрӕзты руаджы балӕууынц ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдонӕй цыбыркъух бинонты фарсмӕ.

Куыдзеты Лидæ банысан кодта, æрвылаз дæр Æбæрæгæй сæфт æмбæстæты дунеон бон – 30 августы нæ бæстæйы уагъд кæй цæуынц мысæн мадзæлттæ. Ацы организаци архайы адæймаджы баззайæццæгтæ æмæ биологон хуызæгтæ æмбырд кæныныл, цæмæй бæрæг æрцæуа æбæрæгæй сæфт æмбæстаджы хъысмæт кæдæй уæдæй. Ацы хъуыддаджы дæр иуварс нæ лæууы Сырх Дзуары дунеон комитет, уый æппынæдзух æххуыс кæны ацы бинонтæн, сæ тыхтæ сты иу нысанмæ – æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон бинонтæн исты бæрæг дзуапп радтын.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Сырх Дзуары дунеон комитет дӕр нейтралон гуманитарон æхсæнлæджы хуызы активонæй архайы, 1990 азтæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл гарзджын конфликты рæстæджы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон рабæрæг кæныныл.

Адæймаг ныфсæй цæры, æмæ нæ ныфс ис мах дæр, кæд бирæты фесæфтæй бирæ рæстæг рацыд, уæддæр алкæмæн дæр йæ хъысмæт кæй  рабæрæг уыдзæн.

КЪÆБУЛТЫ Марина

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.