Рацыд 27 дæргъвæтин азы, Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æрбацыдысты, уыцы бонæй, фæлæ уыцы трагикон азты цаутæ нæ зæрдыл лæууынц æмæ лæудзысты, цыма знон уыдысты, афтæ. Уыцы азты хъизæмæрттæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон сæ никуы ферох кæндзысты, цалынмæ цæрой, уæдмæ.

1991-92 азты тынг уæззау дуг ныккодта хуссарирыстойнаг адæмыл. Адæймаг бонæй-бон цыфыддæр хабæрттæ хъуыста, бонæй-бон æвзæрдæр кодта нæ цард, бонæй-бон фылдæр кодта гуырдзыйы амæттæгты нымæц… Тынг зын ферохгæнæн сты, гуырдзиаг агрессортæ Хуссар Ирыстоны зæххыл цы сырдон митæ фæкодтой, уыдон. Гуырдзиаг-ирон конфликты фыццаг дыууæ азы фæстиуæг уыд ахæм: фæмард 1000 адæймаджы, фæцæфтæ сты 3500 адæймаджы, æбæрæгæй фесæфтысты 112 адæймаджы. Сæ цæрæн бынæттæ ныууагътой æмæ Хуссар Ирыстонæй ацыдысты 12861 мин адæймаджы. Басыгътой 117 хъæуы, атардтой 22 мин сæры ставдкъах фос, 9 мин сæры та – лыстæгкъах фос æмæ 125 мин хуыйы. Цхинвалы ныппырх кодтой 1800 хæдзары. Цхинвалы национ бангæй ахастой 4,2 милуан сомы (1992 азы æргътæм гæсгæ). Знауыры районы бангæй ахастой  2,5 милуан сомы æмæ афтæ дарддæр. 1992 азы гуырдзиæгтæ Хуссар Ирыстонæн цы зиæнттæ æрхастой, уыдоны иумæйаг аргъ у 34,2 миллиард сомы.

1992 АЗЫ СÆРД

1992 аз, июль… Цасдæр рæстæджы дæр-гъы Цхинвал ис æхстыты бын, æхсынц тугмондаг сырдтæ горæты алы къуыммæ дæр, кæуыл фæнды сæмбæлæд, фæнды сывæллоныл, фæнды сылгоймагыл, кæнæ зæронд адæймагыл, уæлдай сын нæ уыд лæгсырд-тæн, сæ фæнд уыд æрмæстдæр ирон адæмæй фылдæр скуынæг кæнын æмæ архайдтой æппæт тыхтæй дæр. Горæты сæрмæ хъæдты æрбынат кодтой снайпертæ, уыдон къухæй фæцæф æмæ фæмард бирæ адæм. Иу уынгæй иннæ уынгмæ ахизæнтæ нал уыд. Горæт хуыдуг кодта… Уазал, æххормагдзинад, мæлæтхæссæг тасдзинад, алыварсон блокадæ, уыцы нымæцы информацион блокадæ дæр. Фæлæ иууыл уæззаудæр æмæ хъыгагдæр хабар та уыд, чысылнымæц ирон адæмы хъæр дунейы кæй ничи хъуыста, уый. Æппæт амæлттæй дæр Хуссар Ирыстоны адæм фæлвæрдтой дунеон æмæхсæнадæн фехъусын кæнын Гуырдзыстоны фашистон режим йæ сæргъ Гамсахурдия, афтæмæй ирон адæмæн радон хатт геноцид кæй аразынц, уый тыххæй, фæлæ сæ æппындæр ничи «хъуыста».

МÆ ЗÆРДЫЛ ЛÆУУЫНЦ УЫЦЫ БОНТЫ ЦАУТÆ

Уыцы цаутæ йæхи цæстæй чи федта, уыдон абоны онг дæр лыстæггай хъуыды кæнынц, уыцы тæссаг рæстæджыты тыххæй. «Горæты тынг тæссаг кæй уыд, растдæр зæгъгæ, гуырдзиæгтæ ТЭК куы систой, уæд мæ цардæмбалимæ аскъуыддзаг кодтам не ‘нахъом дыууæ сывæллоны æдас ранмæ акæнын. Уыд июны æмбис. Æхгæд уæзласæн машинæйы æрæмбырд сты 20 адæймагæй фылдæр. Нæ нын фаг кодта уæлдæф, куыдтой сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ. Рæстæгæй рæстæгмæ-иу шофыр æрурæдта йæ машинæ æмæ-иу бакодта дуæрттæ, цæмæй сатæг уæлдæфæй иу чысыл уæддæр сулæфыдаиккам. Æз цыдтæн, мæ хъæбулты мæ риумæ нылхъывтон, афтæмæй, фæлæ мæ зæрдæ баззад мæ райгуырæн горæты, мæ ныййарджытæ, мæ цардæмбал, мæ хæлæрттимæ. Цæгат Ирыстоны нæ, куыд лигъдæттæ, афтæ æрцæрын кодтой Алагиры пансионаты. Персонал нæм равдыста аудгæ ахаст, фæлæ-иу куыддæр кæрты дуармæ хуссарирыстойнаг номыртимæ машинæ æрбалæууыд, афтæ-иу йæ размæ ралыгъдыстæм иууылдæр æмæ-иу сæ фæрсын райдыдтам не ‘ввахс адæмы, нæ зонгæтæй. Куы йæ базыдтам, Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ Алагиры трассæйыл хъуамæ рацæуой, уæд пансионаты цы сывæллæттæ уыд, уыдон цалдæр боны сæхи цæттæ кодтой уыдоныл фембæлынмæ: сæхæдæг ныффыстой плакаттæ танкты, хæдтæхджыты нывтимæ æмæ арфæйы ныхæстимæ: «Спасибо, что спасли нас!», «Мы вместе с Россией!» æмæ афтæ дарддæр.  13-æм июлы мах нæ сывæллæттимæ æнæхъæн изæр фæбадтыстæм фæндаджы цур, фæлæ колоннæ куынæ рацыд, уæд æнафоны нæ сывæллæтты акодтам фынæй кæнынмæ.

ФИДАУЫНГÆНДЖЫТÆ РАЦÆУЫНЦ

Райсомæй раджы æрдæгфынæйæ мæ хъустыл ауад цыдæр хъæлæба. Бамбæрстон æй, уæззау автотранспорты хъæлæба кæй у, уый. Мæ чысыл сывæллæттæ дæр фехъал сты æмæ æрдæгфынæйæ агуырдтой сæ пысултæ æмæ плакаттæ. Уæдмæ сыхъал æнæхъæн пансионат. Сывæллæттæ лыгъдысты нæ разæй æмæ хъæр кодтой: «Рацæуынц, рацæуынц, фидауынгæнджытæ рацæуынц!!!». Салдаттæ нæм худтысты æмæ нæм сæ къухтæ тылдтой. Хъæр нæм кодтой: «Хæдзармæ, хæдзармæ!». «Уæд æз банкъардтон мæ царды иууыл эмоционалондæр бон. Куыдтам фырцинæй, кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтам. Уæд æй кæцæй зыдтам, разæй нæм ноджы стырдæр хъизæмæрттæ кæй æнхъæлмæ кастысты æмæ мæ чысыл фырты дæр хæцæнгарз райсыны сæр кæй бахъæудзæн, ирон адæмæй уыйбæрц кæй фæмард уыдзæн, уыдæтты тыххæй… Абон мæ стыр бузныг зæгъын фæнды фидауынгæнджытæн, кæцытæ нын нæ цардмæ æрбахастой рæстæгмæйон сабырдзинад», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы азты цаутæ мæ рагон зонгæ Козаты Зæлинæйæн.

БУЗНЫГ ЖУРНАЛИСТТÆН

Цалдæр хъарм ныхасы мæ зæгъын фæнды мæ коллегæтæ,  дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн, кæцытæ намысджынæй æххæст кодтой се ‘мбæстагон хæс. Хуссар Ирыстоны электрон рухс кæй нæ уыд, уымæ нæ кæсгæйæ, газеты рауагъд не ‘рлæууыд, журналисттæ информаци агуырдтой æмæ хастой Хуссар Ирыстоны алы къуымтæй, бирæ хатт сæ цардæн тæссаг уавæрты. Æхстыты бын лыгъдысты иу уынгæй иннæ уынгмæ æмæ афтæмæй цыдысты редакцимæ æмæ кæрæдзийæн дзырдтой  æхсæвы æрцæугæ  цауты тыххæй.  Æнæскæнгæ мын нæй нæ коллегæ, ныртæккæ дзæнæты бадинаг Хъуылаты Мулдары кой. Уымæн тыхджын æхстыты рæстæджы нæмыджы схъис сæмбæлд йæ къахыл æмæ йæ бахъуыд лæдзæг райсыны сæр, фæлæ афтæмæй дæр лæггад кодта ирон мыхуырæн. Зæгъын мæ фæнды нæ иннæ коллегæ, ныртæккæ  уый дæр дзæнæты бадинаг Джиоты Клавайы тыххæй дæр. Уый æрвылбон дæр редакцимæ йæ куыстмæ цыд горæты дæрддагдæр район ЦАРЗ-æй, фæлæ иу бон дæр йæ куыст никуы ныууагъта. Бирæ хатт-иу нæмгуытæ йæ тæккæ цурты дæр атахтысты, фæлæ уæддæр цыд йæ куыстмæ.

Уæдæ Фидауынгæнæг тыхты хуссарирыстойнаг адæм алы хатт дæр мысдзысты сæрыстырдзинад æмæ кады æнкъарæнтимæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.