2008 азы августы хæстæй кæд 11 азы рацыд, уæддæр республикæйы нырма дæр ис пырх æмæ сыгъд хæдзæрттæ.

Сæ хицæуттæн сæ бон нæ бацис сæ сæндидзын кæнын, кæд иу инстанцийæ иннæмæ сæ куырдиæттæ хастой, уæддæр. Сæ бирæ рахау-бахауæй куы ницы рæзт, уæд æгъæдзар адæймæгты ницыуал уырныдта, сæ ныфс асаст. Фæлæ сæ ивгъуыд аз ныфс бацыд. Уæрæсейы Федераци кæд сæрмагондæй цæрæнуат сæндидзын кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ нал лæвæрдта, уæддæр республикæйы къухдариуæгад паддзахадон бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæй æрæвнæлдта пырх хæдзæртты арæзтадмæ. Уый фæстиуæгæн канд горæты нæ, фæлæ республикæйы районты дæр сырæзт цалдæр хисæрмагонд хæдзары.

Ацы аз та Президент хæслæвæрд радта горæты администрацийы къухдариуæгадæн, цæмæй саразой сæрмагонд къамис æмæ сбæрæг кæной горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты ныппырхгонд фатертæ, кæцытæн æцæгæйдæр базианчындæуыд августы хæсты.

Ацы номхыгъдмæ цал фатеры бахауд æмæ ныртæккæ куыстытæ цы æмвæзадыл сты, уый фæдыл нын цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Хъотайты Алан загъта: «Ацы азы номхыгъдмæ, ома, фатерты капиталон цалцæгкæныны номхыгъдмæ бахаудысты 24 бинонтæ. Уыдонæй 12-мæ æрæвналдæуыд аразынмæ июны мæйы райдианы. Фа-тертæ цалцæг цæуынц капиталонæй. Махмæ бирæ куырдиæттæ уыд, горæты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæй. Иуæй-иутæ домдтой, цæ-мæй сын сæ фатертæ сцал-цæг кæнæм, æдзæллаг уавæры сын кæй сты, уый аххосæй. Фæлæ нæ республикæйы къухдариуæгадæн уыд æрмæстдæр иу принципиалон позици: нырма уал, фыццаг рады хъуамæ арæзт æрцæуой, хæсты фæстиуæгæн чи ныппырх, уыцы фатертæ. Уый тыххæй та арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Къамисы уæнгтæ бæрæг кодтой, фатер æцæгæйдæр 2008 азы августы хæсты рæстæджы ныппырх æви нæ. Иууыл раздæр бавнæлдтам аразынмæ, Ленины уынджы цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уым иу фатермæ, иннæтимæ абаргæйæ, уый уæз-заудæр уавæры кæй уыд, уый тыххæй», – зæгъы Хъотайты Алан.

Мах фембæлдыстæм æмæ ныхас кодтам Заводы уынджы фатеры хицау Гойаты Зелимимæ дæр. Уый та афтæ загъта: «Мæнæн дæр мæ фатер 2008 азы августы хæсты ныппырх. Бирæнымæц куырдиæттæ æмæ хъæстытæ фæфыстон. Фæстагмæ мæ æппындæр ницыуал ныфс уыд. Фæлæ ма сфæнд кодтон æппынфæстаг куырдиатимæ республикæйы президентмæ бацæуын. Бибылты Анатоли мæ йæхимæ райста, байхъуыста мæм æмæ уадид хæслæвæрд радта, цæмæй нын къамис нæ фатер феной. Ныфс мын бавæрдта баххуыс кæнынæй, æмæ йыл æз дæр баууæндыдтæн. Куыд рабæрæг, афтæмæй æнæхъуаджы нæ», – банысан кодта хæдзары хицау.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæм цъус рæстæджы фæстæ æрбацыд къамис æмæ сбæрæг кодта пырх хæдзары уавæр. Уымæй цалдæр боны фæстæ æрбацыдысты кусджыты бригадæ æмæ æрæвнæлдтой фатеры арæзтадмæ.

Плиты Харитоны уынджы цы бирæуæладзыгон хæдзар ис, уым дæр арæзт цæуы Болататы бинонты фатер. Фатер цæрынæн нал сбæззыд æмæ бинонтæ фæйнæрдæм ныппырх сты. Ныр уым дæр цæуы цалцæггæнæн куыстытæ.

«Æз тынг райгонд дæн аразджыты куыстæй, алцыдæр аразынц гъæдджынæй. Кæд иу мæйы размæ райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ, уæддæр ныридæгæн фатерæн йæ фылдæр куыстытæ сты фæуд.

Стыр бузныг нæ сæргълæууæгæн. Уæззау уавæрты бахауæг адæмæн кæй æххуыс кæны. Æз æнхъæл нал уыдтæн уыйбæрц азты фæстæ ма 2008 азы пырх хæдзæрттæм исчи йæ хъус æрдардзæнис. Мæхи фæрæзтæй та мæ бон нæ уыд фатер сцалцæг кæнын», – зæгъы Болататы бинонты хистæр.

Ацы аз фатертæ сæндидзын кæныны хыгъды кæд 24 бинонты йедтæмæ нæ бахауд, уæддæр Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæ азы æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæй архайдзæн, хæсты фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ ныппырх, уыдон арæзтадыл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.