Хуыбылты Валери… æрмæст уый дæр фаг у ацы дзæнæттаг æдзард удæй зæгъын. Дарддæр нæ хъæуы бæрзонд, аккаг ныхæстæ, цæмæй ацы стыр удыхъæды хицау, йæ Фыдыбæстæйы патриот, йæхицæн стыр ном æмæ кад чи скодта, уыцы адæймаджы тыххæй дзурай. Уый уыд лæджыхъæддзинад æмæ уæздандзинады дæнцæг, уый уыд нацийы сæрыстырдзинад, уый уыд, йæ адæмы историйы азфысты сыгъзæрин дамгъæтæй фыст чи æрцыд, ахæм адæймаг æмæ йæ цыбыр, фæлæ ирд цард ссис фæзминаг фидæны фæлтæртæн. Уый йæ цард снывонд кодта иууыл стырдæр нысанæн — Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынæн. Йæ цыбыр царды уый улæфт нæ зыдта, æрхъæц ын нæ уыд — æппынæдзух тох кодта исты ногдзинадыл, хъæуæгыл, аккагыл…

Зын у, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм адæймагыл ивгъуыды дзурын æмæ фыссын… Хъæздыг у Валерийы биографи йæ цыбыр царды — хуымæтæг лæппуйæ ссис зындгонд политикон æмæ æфсæддон архайæг æрмæст Хуссар Иры нæ, фæлæ æгас Кавказы.

1988-89 азты лæууыд Эдыс-Цхинвалы донуадзæны аразыны фæдыл студентон отряды сæргъ. Уæд нырма йæхæдæг дæр студент уыд. 1990 азы æнтыстджынæй каст фæцис педагогон институты физикон-математикон факультет. Уыцы аз ссис Фæсивæдон центр «Фарн»-ы президент. Кусын райдыдта завод «Электровибромашинæ»-йы зырмæйзилæгæй. 1991 азы æвзæрст æрцыд Фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы цæдисы фыццаг секретарæй.

Гуырдзиаг агрессийы фыццаг бонтæй фæстæмæ Валери ссис хæстон архайдтыты иууыл активондæр хайадисæг, цыран æвдыста хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад, æхсардзинад æмæ хъайтардзинад.

1992 азы уый хайад иста Сочийы гуырдзиаг-ирон хъаугъа æрбæстон кæныны фæдыл сочæйаг бадзырдты. Активон хайад иста Æмхæццæ контролон къамисы æппæт рабадтыты.

Хуыбылты Валери уыд Цæгат Ирыстон æмæ Абхазы хæстон архайдтыты хайадисæг ирон отрядты командир, цыран ныууагъта йæ дуджы хъайтары ном, йæ зæххыл сæрибарæй цæрыны сæрыл æппæтыл дæр разы чи уыд, ахæм хъæбатыр иронæй.

1993 азы йæ хъарутæй арæзт æрцыд Республикæйы Хъахъхъæнынады министрад, æнæхъуаджы йæ нæ хуыдтой йæ бындурæвæрæг. 1994 азы та уыцы иу рæстæджы нысан æрцыд РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæгæй.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады къухдариуæгад æмæ сæрмагонд сконды министры хæстæ æххæстгæнæг инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй 31 майы, Хуыбылты Валерийы мæлæн боны ссардтой йæ рухс ном.

Згъудеры уæлмæрды легендарон Валерийы цырты раз цытджын æгъдауæй æвæрд æрцыд венок æмæ дидинджытæ.

Уый фæстæ Валерийы тыххæй сæ мысинæгтæ дзырдтой:

Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь банысан кодта, зæгъгæ, къухдариуæгад æмæ министрады кусджытæ традицимæ гæсгæ æрвыл аз дæр ацы бон æрбацæуынц йæ уæлмæрдмæ, йæ ном арынмæ.

«Мах кæддæриддæр хъуамæ хъуыды кæнæм стыр гоймаджы, раздзоджы, кæцы уыцы уæззау рæстæджы слæууыд республикæйы хъахъхъæнынады къорды сæргъ, аккаг ныхкъуырд радта знагæн æмæ сарæзта Хъахъхъæнынады министрад. Йæ рухс ном цæрæнбонтæм цæрдзæн нæ зæрдæты», — дзырдта Игорь.

Генералон штабы сæргълæууæджы æххуысгæнæг Сиукъаты Вадим:

— 18 азы махæн нæ фарсмæ нал ис нæ хæстон æмбал, нæ министрады, бындурæвæрæг æмæ фыццаг къухдариуæггæнæг, зындгонд адæймаг Валери. Ацы адæймагимæ уыд тынг æнцон кусын, йæ архайд хицæн кодта, министрады раз цы хæстæ æмæ нысæнттæ ис, уыдон æмбаргæйæ скъуыддзаг кæныны. Мæнæн фадат фæцис Хъахъхъæнынады министрад куы сырæзт, уæд йæ райдианы йæ фарсмæ балæууын. Хуыбылты Валери у бæрзонд æмвæзадыл гоймаг. Мах аккагæй æмæ намысджынæй мысдзыстæм йæ рухс ном.

Бирæ азты дæргъы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы чи фæкуыста, Валерийы куыст æмæ архайд камерæйæ чи иста, уыцы Беппиты Изольдæ, хъайтары мысгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ амæлæты хабар уыд стыр цæфы хуызæн æгас Ирыстонæн.

«Цавæрдæр æнæзæххон тыхæй хайджын уыд Валери, зæрдæйæ рыст йæ адæм æмæ йæ бæстæйыл. Фæлæ нæ уарзта камерæ, æдзух дзырдта уый, зæгъгæ, мæн ма ис. Уый уд æмæ зæрдæйæ рыст йæ адæмыл», — дзырдта Изольдæ.

Бузныг загъта Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагимæн, Гатыгкоты Сосланæн, Валерийы иннæ хæлæрттæн, кæй хъуыды кæнынц хъайтары æмæ йын йæ рухс ном кæй мысынц.

Хуыбылты Валерийы ном арынмæ йæ ингæны цурмæ æрбацæуынц Хуыбылты Валерийы номыл Гимнази «Рухс»-ы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Уыдон дæр хъарм ныхæстæй ссарынц стыр патриоты æнæмæлгæ ном, сæ ахуыргæнæндон Валерийы ном кæй хæссы, уый сæм æвзæрын кæны уæлдай бæрндзинад.

Æрæмбырдуæвджытæ ирон æгъдаумæ гæсгæ ссардтой дзæнæттаг Хуыбылты Валерийы æнæмæлгæ ном.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.