Цхинвалы администраци 15 бинонтыл тæрхондонмæ хъаст балæвæрдта. Микрорайон «Царз»-ы дыууæ ног хæдзары æнæзакъонæй бацахстой социалон фатертæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй æппынкъаддæр дыууæйæ сæхи растыл нымайынц æмæ фатертæ суæгъд кæнынмæ нæ хъавынц.

Дæнцæгæн, Зæринæ, йе ‘мкъай, дыууæ сывæллоны æмæ сæ чындз æртæуатон фатеры дыууæ азы размæ æрцардысты. Уый размæ æххуырсгæ къуымты рахау-бахау кодтой.

«Цæрæн бынат райсынмæ рады лæууыдтæн 2009 азæй фæстæмæ. Мæ гæххæттытæ мын дыууæ хатты фесæфтой, сног-иу сæ кодтон. Ногæй мæ рады сæвæрдтой 2012 азы. 2021 азы та базыдтон, паддзахады хардзæй ацы хæдзæртты фатертæ кæй дæттынц, рады чи лæууыд, уыдонæн. Æз дæр сæ иуы æрбынат кодтон», – радзырдта нын Зæринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ рад фарон æрхæццæ, фæлæ йын цæрæн бынат нæ дæттынц, фатер æнæзакъонæй кæй бацахста, уый тыххæй.

«Раст кæй нæ бакодтон, уый зонын, аххосджын дæр мæ уымæй кæнынц. Фæлæ йæ не суæгъд кæндзынæн, уы-мæн æмæ мæм æмбæлы. Мæ разæй дзы чи æрцард, уыдонæн сæхицæн хæдзæрттæ ис, фæлæ уæддæр ам дæр сты. Æмæ уал уыдонæй дзуапп бацагурæд», – дзуры сылгоймаг.

Йæ сыхаг Зæринæ йæ цардæмбал æмæ дыууæ сабиимæ бацахстой иууатон фатер. Нæлгоймаг уыд Сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ уæззау цæф фæци. Куыд дзуры, афтæмæй ног фатермæ рады 20 азы бæрц лæууы.

«Ардыгæй нæ расурынмæ хъавыдысты. Мэрийы кусæг æрбацыд, ахæм хъæр кодта, æмæ дзы мæ кæстæр сывæллон фæтарст. Ме ‘мкъай æфсæддон операцийы кæй фæцæф, уымæ гæсгæ нын æхсæз мæйы ам фæцæрынæн бар радтой», — радзырдта сылгоймаг.

Цхинвалы горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео куыд æмбарын кæны, афтæмæй фатерты чи æрцард, уыдонæн сæ фылдæр рады лæууыдысты. Фæлæ закъоны сæрты кæй ахызтысты, уымæ гæсгæ сын сæ хъуыддæгтæм нал æркастысты. Тæрхондоны та рахастой уынаффæ: цæрджытæ хъуамæ фатертæ суæгъд кæной. Фæлæ адæмы куырдиатмæ гæсгæ, бæлвырд бон аргъæвтой.

Социалон хызæгтæй

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.