«Скъоламæ куы бацыдтæн, уæд алы предметмæ дæр дардтон иугъуызон ахаст. Фæстæдæр, хистæр кълæсты ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд фылдæр бауарзтон историйы предмет. Уарзгæ та йæ бакодтон уымæн æмæ банкъардтон не скъолайы историйы ахуыргæнæг Сиукъаты Идæйы хорз æмæ рæвдаугæ ахаст. Иннæ ахуыргæнинæгты кой нæ кæндзынæн, фæлæ йын мæнмæ ахæм хорз ахаст кæй уыд, уый мын тынгдæр бауарзын кæнын кодта ацы предмет æмæ нæ хъуыды кæнын, цалынмæ скъола каст фæдæн, уæдмæ искуы йæ урокмæ æдзæттæйæ бацыдтæн, уый».

Афтæ райдыдта йæ ныхас Хуссар Ирыстоны Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы кусæг Гаглойты Зæринæ.

Зæринæ райгуырд æмæ схъомыл Дзауы поселочъы. Скъола дæр каст фæцис Дзауы. Йе ‘взонджы бонтыл ныхаскæнгæйæ рахатыдтон, кæй йын ацыдысты лæгъз æмæ рæсугъд. Уæд йæ алыварс цы æмгæрттæ æмæ хæлæрттæ уыд, уыдонимæ абон дæр цæры хæларæй. Арæх æрæмбырд вæййынц æмæ æрымысынц, сæ уæды æвзонг, рæсугъд æмæ æнæмæт цард.

Зæринæ кæд скъола каст фæцис ссæдз азы размæ, уæддæр абон дæр нæ рох кæны йæ ахуыргæнджыты. Арæхдæр кæй æрымысы йæ хъустыл, кæй зондамонæн ныхæстæ айзæлынц, уыдон ‘хсæн вæййынц Санахъоты Белла, Цхуырбаты Ингæ æмæ æндæртæ.

Зæринæ йæ скъолайон ахуыргæнæг Идæйы фæрцы историйы предмет афтæ хорз базыдта, афтæ тынг æй бафæндыд, цæмæй йæ ахуыр кæна дарддæр æмæ 2002 азы скъолайы фæстæ йæ ахуыр кæм адарддæр кæндзæнис, уый йын уыд скъуыддзаг. Бацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты историон факультетмæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис 2007 азы.

Уæлдæр ахуырдзинад райсыны фæстæ кæй нæ фæнды æмæ ссара куыст, райдайа кусæн. Зæринæ дæр бæргæ бæллыд, бæргæ-иу ацархайдта, фæлæ уыцы уæззау рæстæджыты ахæм фарст аскъуыддзаг æмæ æрбæстон кæнын æнцон аскъуыддзаггæнæн кæм уыдис. Æцæг у, фондз боны уæззау æмæ тугкалæн хæстон архайдтытимæ фесты, гуырдзиаг адæм къорд азты ирон адæмæн цы хъизæмæрттæ арæзтой æмæ æвзарын кодтой, уыдон. Кæд бирæ æмæ уæззау зиæнттæ æрцыдис, уæддæр ирон адæм бамбæрстой, цæрæнбонтæм кæй феуæгъд сты Гуырдзыстоны æмæ йæ адæмы фашистон ахастытæй, нырæй фæстæмæ нæм кæй ницыуал бар дардзысты æмæ  аныгъуылдысты  раст, рæсугъд æмæ амондджын фæндаджы гуылфæнты. Хæсты фæстæ нæ горæты æмæ районты дæр фæзынд къорд куысты бынæттæ. Зæринæйæн дæр фæзынд цалдæр куыстуатмæ бацæуыны фадат, фæлæ равзæрста библиотекæйы куыст æмæ, абон йæхæдæг арæх цæйау фæзæгъы, – нæ фæрæдыд. Коллектив æй райстой хорз æмæ уæд се ‘хсæн цы уæздан æмæ хæларадон ахастытæ фæзынд – уыдон абон ноджы хъармдæр æмæ æнгомдæр сты.

Библиотекæйы æрвылаз дæр уагъд цы мадзæлттæ æрцæуы, уыдон бацæттæ кæнын æмæ сæ ауадзыны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд чи хæссы, уыдонæй иу у Зæринæ. Мадзæлтты ахъаздзинады тыххæй та йæхæдæг афтæ фæзæгъы, зæгъгæ, алыгъуызон мадзæлттæ уадзын ахъаз æрмæст чиныгкæсджытæн не сты, фæлæ ма библиотекæйы кусджытæн сæхицæн дæр. Уымæн æмæ мадзалмæ цæттæ кæныны рæстæджы дзæвгар фæфылдæр вæййынц нæхи сæрмагонд зонындзинæдтæ дæр. Цæмæй чиныгкæсджыты нымæц фылдæр кæна уый тыххæй дæр Зæринæ æппынæдзух архайы æмæ пайда кæны йæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæй. Алкæуыл дæр дзы баузæлы, алкæимæ дæр дзы аныхас кæны æмæ уыдон дæр æнæбамбаргæ нæ фæвæййынц, чингуытæ кæсын ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уый.

Зæринæ æппынæдзух зонындзинæдтæм кæй тырны, уый ма бæрæг у уымæй дæр, æмæ кæд куысты алцæмæй дæр рухс кæны йæ зæрдæ, уæддæр йæ зонындзинæдтæ ууыл ныллæууой, уый йæм раст нæ каст.   2015 азы Мæскуыйы æнтысгæйæ каст фæцис Уæрæсейы адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы академи.

Зæринæ куыст æмæ æмкусджытæм, стæй куыстмæ цæугæйæ æмæ здæхгæйæ кæуыл амбæлы, уыдонмæ цахæм ахаст дары, уый тыххæй та библиотекæйы директор Кокойты Валерия банысан кодта, зæгъгæ, Зæринæ æрмæст хорз кусæгыл нымад нæ цæуы, фæлæ ма у, коллективы, адæм æмæ сыхæгты хсæн хæлардзинад æмæ æмгардзинады ахастытæ чи парахат кæны, ахæм æмкусæг æмæ æмбæстаг. Æмæ уыцы хорз миниуджытæн дæр ис стыр нысаниуæг. Уымæн æмæ коллективы, адæмы æмæ сыхæгты ‘хсæн ахæм æмбæстæгтæ фылдæр кæм уой, уым, кæй зæгъын æй хъæуы, куыстуатон æмæ цардуагон æнтыстытæ дæр вæййынц хуыздæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.