Ивгъуыд азы Дзауы районы администрацийы архайд цахæм уыд районы цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны фæдыл, йæ хъусдард фылдæр цы фарстытæм здæхта, уыдæтты тыххæй, нæ уацхæссæгимæ ныхаскæнгæйæ, радзырдта районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ

– Цахæм уыдысты аивгъуыйгæ азы уæ архайды сæйрагдæр здæхтытæ, фылдæр уæ хъусдард цы фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ лæвæрдтат?

– Приоритетондæр здæхтытыл мах нымадтам æмæ дарддæр дæр нымайдзыстæм районы социалон-экономикон рæзты эффективондзинад бæрзонддæр кæнын, инфраструктурæйы рæзт ифтонг кæнын, хæрзарæзтадон куыстытæ кæнын, адæмы раз цы æнæаргъæвгæ фарстытæ лæууы, уыдон скъуыддзаг кæнын.

– Бæлвырд у, æнæ финансон фæрæзтæй, куыд хицæн адæймагæн, организацийæн, афтæ районы администрацийæн дæр йæ фадæттæ дæр къуындæг кæй сты. Куыд уыдыстут ифтонг финансон фæрæзтæй æмæ сæ сæйраджыдæр цæуыл хардз кодтат?

– Районы бюджеты æфтиæгты хай ивгъуыд аз уыдис 309 055 мин сомы æмæ æххæст æрцыдис 95,6 процентæй. Уыдонæн сæ зынгæ хай, ома, 189 762 мин сомы хардз æрцыдысты куыстмыздæн. Иннæ æхцайы фæрæзтæ хардз цыдысты коммуналон лæггæдтæн, æртаг амал кæнынæн, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хаххыл, куыстытæ æххæст кæнынæн, хæрзарæзтадон æмæ бирæ æндæр куыстытæ æххæст кæнынæн. Уæлдай ахадæндæр йæ куыст уыдис районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийæн. Афæдзы дæргъы уый куыста районы хъæутæм фæндæгты зымæджы рæстæджы митæй сыгъдæг кæныныл. Йæ кусджытæ нуазыны дон бауагътой Барс, Дзакъулта æмæ Гуфтайы хъæутæм, сцалцæг кодтой Згъуыбирæй Сыбамæ фæндаг, бакуыстой поселочы Ленины æмæ Хъоцыйы фырты уынгты хæрзарæзтадыл. Арæзт цыдис Дзауы скъолайæн уæлæмхас корпус. Капиталон арæзт æрцыд Сыбайы хъæумæ хид, цалцæг цыдысты районы хъæутæм фæндæгтæ æмæ райцентры уынгтæ, райцентры сарæзтой парк, бакодтой бирæ æндæр куыстытæ дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы уый æмæ куыд Дзауы, афтæ Къуаисайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийæн дæр сæ материалон базæ ис мæгуырау уавæры. Цы техникæ сæм ис, уый базæронд æмæ сæ хьæуы ногтæй раивын.

Районы администраци ивгъуыд аз 36 бинонты зымæгмæ сифтонг кодта сугæй. Ног азмæ та иунæг æмæ æвæрæз бинонтæн лæвæрд æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг продукттæ, афтæ ма сын бакодта ногазон лæвæрттæ дæр.

– Цахæм куыстуæттæ ма архайы районы территорийыл?

– Нæ республикæйы алкæмæндæр зындгонд у Бæгъиаты суаруадзæн завод. Уымæн йæ продукци хорз зонгæ у æрмæст нæ фæлхасгæнджытæн нæ, фæлæ Цæгат Кавказы дæр. Ис ма нæм, æндæр минералон дæттæ чи уадзынц, ахæм куыстуæттæ. Уыдон сты  “Едыс” æмæ “Аландон”, Згъуыбиры хъæуы та кусы донæй хосгæнæндон.

– Районы территори хауы хæххон зонæмæ, цыран фыдæлтæй фæстæмæ кодтой фосдард æмæ зæххы куыст. Цахæм уавæры ис ныртæккæ та хъæууон хæдзарад?

– Районы æдæппæт регистраци æрцыд 30 фермерон хæдзарады, фæлæ уыдонæй архайы æрмæстдæр 13. Ивгъуыд аз уыцы хæдзарадты уыд 156 сæры ставдкъах фос. Районы ма хицæн амалиуæггæнджытæ кæнынц хуыдард æмæ мыддарды куыст дæр. Ам мæ зæгъын фæнды уый дæр æмæ фермертæн кæй нæ фаг кæны хъæууонхæдзарадон техникæ. Æмæ уый та мæгуырауæрдæм æндавы куысты фæстиуджытыл. Æдæппæт сæм ис дыууæ тракторы æмæ иу уæзласæн машинæйы.

Уавæр бирæ хуыздæр у хисæрмагонд хæдзарадты. Уыдоны нымадæуы 3072 сæры ставдкъах фос. Уыдонæй 1 352 сæры сты хъуццытæ, афтæ ма дарынц дзæвгар фыстæ, сæгътæ æмæ хуытæ, 1 055 та сты сæ мыды чыргъæдтæ. Районы дзидзайы райст æдæппæт уыд 3 386 центнеры, æхсыр æрдыгъдæуыд 18616 центнеры, мыд та райстæуыд 276 центнеры. Куыд районы, афтæ республикæйы дæр дзидза æмæ æхсыркуыстгæнæг куыстуæттæ кæй нæй, уымæ гæсгæ цæрджытæ зындзинæдтæ æвзарынц се `ркæнгæ продукци реализаци кæныны.

Зæххы бирæ фæзуæттæ лæвæрд æрцыдысты арендæйы, фæлæ арендон фиддонтæй ивгъуыд аз план æххæст æрцыдис æрмæстдæр 64 процентæй. Хъæууон хæдзарадон техникæ æмæ кусæгдых хъæуты кæй нал фаг кæны, уымæ гæсгæ хуымзæххытæ къаддæрæй къаддæр кæнынц, угæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ та къутæрджын кæнынц.

– Цахæм куыст цæуы районы ахуырадон уагдæтты ахуыр-хъомыладон куыстæн æмбæлон фадæттæ аразыны фæдыл?

– Ног ахуыры райдианмæ районы архайдта æхсæз астæуккаг скъолайы æмæ иу та райдиан скъола. Кировы астæуккаг скъола та, ахуыргæнинæгтæ дзы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æхгæд æрцыд.

Æдæппæт районы скъолаты ахуыр кæны 523 ахуыргæнинаджы. 2022 азимæ абаргæйæ, уыдонæн сæ нымæц фæкъаддæр 18 ахуыргæнинаджы. Ахуыртæ алы скъолайы дæр уагъд цæуынц иу сменæйы. Цы ахуыргæнджытæ сæ кусынц, уыдоны нымæц та у 150. Скъолатæй дарддæр ма районы ис скъолайы агъоммæ дыууæ уагдоны – Дзау æмæ Къуайсайы. Гуфтайы та архайы æндæр æмæ æндæр кар сывæллæтты къорд. Уыдонмæ æдæппæт цæуы 136 сабийы. Æмбæлон хъусдард здæхт цæуы ахуырадон уагдæтты ахуырдзауты хæлц сорганизаци кæнынмæ.

Ивгъуыд азы скъола фесты 38 рауагъдоны. Уыдонæй бирæтæ сæ ахуыр адарддæр кодтой куыд нæ университеты, афтæ Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты.

Ахуырдзаутæ уæлæмхас ахуырад исынц Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары. Ардæм цæуынц 167 ахуыргæнинаджы, архайынц дзы 16 къорды. Уымæй дарддæр ма районы æндæр æмæ æндæр скъолаты ахуыргæнинæгтæ хайад истой алыгъуызон олимпиадæты, конкурсты æмæ æндæр мадзæлтты.

– Ивгъуыд аз республикæйы культурон цард зынгæ фæактивондæр. Цахæм бавæрд хаста уыцы хъуыддагмæ Дзауы район?

– Зæгъдзынæн уал уый æмæ администрацийы культурæйы хайады зарджыты къорд кæй рацыд районон культурæйы хæдзармæ. Йæ куыст сног кодта кафты адæмон ансамбль, кæ-цыйы хайад исы 44 адæймаджы. Йæ архайд активонæй кæны вокалон-инструменталон ансамбль “Амонд,” кæцы хайад райсы куыд районон, афтæ республикон мадзæлтты дæр. Къуайсайы культурæйы хæдзары ивгъуыд азы сырæзт зарæггæнджыты ног коллектив. Афтæ ма æнтысгæ архайд кæнынц Хуыцъейы æмæ Кировы хъæууон хæдзæрттæ.

Районы библиотекæтæ сæ фадæттæм гæсгæ æххæст кодтой чиныгкæсджыты домæнтæ. Цы 17 библиотекæйы нæм ис, уыдон ивгъуыд азы райстой 620 ног чиныджы æмæ лæггад кæнынц 1744 чиныгкæсæгæн. Дзауы райцентры ма архайы музыкалон скъола дæр, цыран ис дыууæ хайады – фортепиано æмæ адæмон инструментты.

– Цахæм хъусдард здæхт цæуы фæсивæды `хсæн физкультурæ æмæ спорт райтынг кæнынмæ та?

– Нæ районы спортивон цард хъæзныг уыд бирæ алыгъуызон цаутæй. Районы фыццаг бынат бацахсыны тыххæй астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгты æхсæн ерыстæ уагъд æрцыдысты шашкæтæ æмæ шахмæттæй, стъолы тенисæй, волейболæй. Спортивон-дзыллон мадзæлттæ та – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн. Гом турниртæ ауагъдæуыд самбойæ, уæгъдибар хъæбысхæстæй, футболæй, боксæй æмæ спорты æндæр хуызтæй. Афтæ ма уагъд æрцыдысты æндæр спортивон æмæ культурон мадзæлттæ дæр.

      БЕСТАУТЫ Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.