Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Цхинвалы ногарæзт хæдзæртты дæгъæлтæ радта сæ хицæуттæм.

Уыцы хæдзæртты хицæуттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдысты хъæуæг инстанцитæм, цæмæй сын сæ хæдзæрттæ сцалцæг кодтаиккой. Уыдон ныппырх сты 2008 азы августы Хусссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны æфсæддон агрессийы рæстæджы.

«2008 азæй фæстæмæ мах цыдыстæм алыгъуызон инстанцитæм, æмæ нæ цыма хъусгæ дæр нæ кодтой. Ныр мах фæци ахæм хорз хæдзар. Стыр бузныг уæ стæм, Анатоли Ильяйы фырт», – дзырдтой Танделаты Валикъо æмæ Козаты Верæ, Коцты Грийы æмæ Харебаты Исахъы уынгты тигъыл цы хæдзар ис, уый хицæуттæ.

Кобылы фырты уынджы №22 хæдзары цæрджытæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ Пæррæстаты Тома æмæ Чилæхсаты Любæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, сæ хæдзармæ сын хъус кæй æрдардзысты, уымæ, фæлæ сын официалон инстанцитæ цалынмæ сæ фарст скъуыддзаг кодтой, уæдмæ уыдон а-дунейæ ахицæн сты: Тома Александры фырт амард 2000 азы, Любæ Уасилы чызг -2014 азы. Хæдзар цалцæг кæнын райдыдтой ныры сæргълæууæджы æххуысæй. Президенты къухæй дæгъæлтæ райста сæ чызг Пæррæстаты Фатимæ.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй 2008 азы хæсты рæстæджы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон се ‘ппæт дæр цалцæг æрцæудзысты. Уый æрмæст горæт Цхинвалмæ нæ хауы, фæлæ республикæйы районтæм дæр.

«Мах нырма бирæ хъæуы саразын. Ацы аз нын бантыст саразын æмæ сцалцæг кæнын 50 хæдзары. Иннæ аз дæр уый бæрц стæм саразинаг. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ тагъд рæстæджы нал баззайдзæн ахæм хæдзар, кæцытæ ныппырх сты 2008 азы августы хæсты рæстæджы æмæ арæзт не ‘рцыдысты», – загъта Президент.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта аразджытæн, афтæ цыбыр æмгъуыдмæ сын кæй бантыст ног хæдзæрттæ самайын, уый тыххæй.

«Бузныг æппæт аразджытæн, арæзтадон организаци «Шанс»-ы къухдариуæггæнæг Козаты Игорæн, стыр бузныг хæдзæртты хицæуттæн бирæ азты дæргъы быхсындзинады тыххæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Дыууæ объекты дæр цалцæг æрцыдысты Хæрзаудæн фонд «Аланийы Иудзинад»-ы æхцайы фæрæзтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.