Алы адæймагæн дæр царды хуызтæм ис йæхирдыгон цæстæнгас, фæлæ сфæлдыстадон адæймаджы цæстæнгас кæддæриддæр хицæн кæны хуымæтæджы адæймаджы цæстæнгасæй. Уый æрдзы иуæй-иу миниуджытæ фæуыны ирддæр ахорæнтæй, «удджындæрæй». Бирæ не сты ахæм курдиатджын адæймæгтæ, куыд хистæр кары, афтæ фæсивæды ‘хсæн дæр æмæ уæлдæй кады аккаг уымæн сты.

Абон мæ дзырды сæр у, нæ республикæйы аивæдты лицейы 11-æм къласы ахуыргæнинаг, суинаг нывгæнæг Тыджыты Зæринæ. Зæринæ нырма кæд æрыгон у, уæддæр бæлвырд у, кæй йын ис, арф хъуыдыкæнынад, у уæздан æмæ æддаг бакастæй æххæст. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй, ма райдиан кълæсты куы ахуыр кодта, уæд архайдта музыкæйы хаххыл. «Хæдзары нæм уыд фортепьяно æмæ-иу мæ мæ бинонтæ домдтой, цæмæй сахуыр кодтаин цæгъдын, уымæн æмæ сæхæдæг дæр сты музыкæ уарзджытæ. Æз фæцайдагъ дæн цæгъдыныл, фæлæ мæ мидзæрдæйы æнкъардтон, музыкæ кæй нæу мæ фидæнимæ баст», – загъта Зæринæ.

Æмæ йæхи фæлвæрдта æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты. Фæлæ йæ зæрдæйæн уæлдай уарзондæр ссис ныв кæнын, цъы-лынæг æмæ ахорæнтимæ архайын.

Зæринæ кæд нырма скъоладзау у, уæддæр ын ныридæгæн ис æнтыстытæ. Йæ конд нывтæ кæддæриддæр сты аивæдты лицейы равдыстыты къултыл. Æрæджы хайад райста нæ горæты уагъдцæуæг æрыгон нывгæнджыты равдысты. Дыууæ хатты та йæ конд нывтæ уыдысты Сочийы уагъдцæуæг æрыгон нывгæнджыты равдыстыты. Ныридæгæн бирæ ис аивадуарзджыты ‘хсæн Зæринæйы нывтæн табугæнджытæ. Æрыгон чызджы нывтæ сты цымыдисон, адæймаг сæм куы ‘ркæса, уæд æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн, автор йæ куыстыты йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ кæй бавæры, кæй сæ равдисы, йæ алфæмблай цардмæ йын цы æнкъаргæ ахаст ис, уый.  Зæринæ йæ куыстыты кæддæриддæр пайда кæны æрмæстдæр ирдгъуыз ахорæнтæй, æмæ уый та дзурæг у, кæй йын ис сыгъдæг æмæ райдзаст миддуне. Ныв кæны натюрморттæ, пейзажтæ, алыгъуызон композицитæ, æмæ ныр та фæнд кæны нывкæнынад зындæр хуыз – уазнывты фæдыл сахуыр кæнын.  Йæ алы нывмæ дæр автор ссары цардæй ист хъуыдытæ æмæ сын сæ бафыссы сæ быны, уымæй сын фергом кæны сæ мидис æмæ свæййынц ноджы цымыдисондæр. Куыд алы æрыгон адæймагмæ, афтæ Зæринæмæ дæр ис бирæ фæндтæ æмæ хъуыдытæ. Уыдонæй сæ сæйрагдæрыл йæхæдæг нымайы Санкт-Петербурджы И.Репины номыл аивæдты академи нæ ахуыр кæнынмæ бацæуын.

Зæринæимæ ныхас кæнгæйæ æнæрахатгæ нæй, кæй у фæндвидар æмæ йæм цы фæндтæ ис, уыдон  æххæст кæнынмæ кæй тырны нысанмæздæхтæй. «Кæй зæгъын æй хъæуы, царды æнцонтæй ницы æфты къухты, фæлæ адæймаджы бон бирæ у, хъæуы æрмæстдæр фæндвидарæй размæ цæуын, зындзинæдтæ иуварс кæнын», – зæгъы Зæринæ.

Зын бамбарæн сты царды фæндæгтæ; уыдон иутæн сты тынг лæгъз æмæ æнцон, аннæтæн та гакъон-макъон, зын, æмæ домынц фæразондзинад. Зæринæйы ныййарджытæ уыдысты æрыгон æмæ хьæрмуд бинонтæ. Æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты кæстæры фæзындмæ æмæ сын Мады Майрæмы цæст бауарзта чысыл хъæбул – Зæринæйы. Гъе, фæлæ хъысмæт разынд æгъатыр æмæ бинонтæн сæ цинагыл бацин кæныны фадат нæ радта. Зæринæйы мад йæ хъæбулы райгуырды фæстæ ахицæн ис йæ цардæй. Нæ бавзæрста ныййарæджы фæлмæн къухты рæвдыд чысыл Зæринæ. Афæдзы дæргъы йæ хъомыл кoдта йæ мады хо Мæдинæ. Фæстæдæр йæ фыд æрхаста дыккаг æмкъайæн Тедеты Анжелæйы æмæ уый ссис Зæринæйæн йæ дыккаг мад, йæ хъомылгæнæг. Ныййарæджы рæвдыд Зæринæ банкъардта йæ дыккаг мадæй. Рацыд æхсæз азы æмæ та Зæринæйы баййæфта хъысмæты дыккаг æгъатыр цæф – амард йæ фыд.

«Зæринæ мæнæн у мæ царды æппæт нысан, мæ тых æмæ цæсты рухс. Уарзын æй хи хъæбулау æмæ мæм йæхæдæг дæр дары хъæбулы зæрдæ. Уый кæддæриддæр хицæн кодта йе ‘мгар сабитæй йæ зондахастæй. Уыд æмбаргæ, æнкъараг æмæ уыимæ хъæлдзæг чызг», – зæгъы Анжелæ.

Хъысмæты уæззау цæфтæм нæ кæсгæйæ, Зæринæ баззад, хæларзæрдæйæ, у диссаджы удыхъæд æмæ цымыдисон миддунейы хицау. Кæд йæ цæстыты арфы ис æнкъарддзинад рахатæн, уæддæр йæ алы ныхасæй дæр йæ алфæмблайыл тауы хуры рухс. Бузныг у, йæ ныййарджыты йын чи баивта, уыцы хиуæттæй, афтæ ма бузныг зæгъы аивæдты лицейы ныв кæныны ахуыргæнæг, скъолайы директор Кæсойты Лаврентæн. «Уый мын баххуыс кодта мæ курдиат райхалынæн,  бауарзын мын кодта нывкæнынады аивад. Зæринæ ма бузныг зæгъы Гæбæраты Наидæ, Джиоты Аэлитæ æмæ Джульетæйæн кæй йæм фæдаргъ кæнынц се ‘ххуысы къух йæ рæзты фæндагыл.

Ныв кæнынæй дарддæр ма Зæринæ цымыдис кæны гитарæйыл цæгъдынмæ, бисертæй хуыйынмæ, уарзы ирон къæбицы архайын.

Зæринæ, уæд дын æнтыстытæ æмæ дæ бæллицтæ сæххæст уæд, у кæддæриддæр сылгоймаджы амондæй æххæст!

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.