Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз Дзау æмæ Знауыры райцентры арæзт цæуынц бирæфатерон хæдзæрттæ. Хæдзæрттæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты ног азы размæ. Фæлæ уæдмæ районы администрацитæ сарæзтой сæрмагонд къамис. Уырдæм районты цæрджытæй тыхстдæр чи у, æмæ йæ царды уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, ахæмтæ бадæдтой куырдиæттæ. Къамис сахуыр кæндзæнис лæмбынæг алы адæймаджы уавæр дæр индивидуалонæй. Иууыл тыхстдæртæн къамисы уæнгтæ рахицæн кæндзысты фатертæ æмæ уыдон сæ Ног азы бæрæгбонтыл сæмбæлдзысты ног фатерты. Дзауы районы администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй сæрмагонд къамис куырдиæттæ иста æрмæстдæр 15 маймæ, уый фæстæ райдайдзæн кусын, рады цы æмбæстæгтæ слæууыдысты, уыдон гæххæттытимæ. Фатертæ райсыны тыххæй рады слæууыдысты 300 бинонтæй фылдæр.

Хъыгагæн, фатертæ уæрст æрцæудзысты æрмæстдæр 36 бинонтыл. Къамисы сконды сты Паддзахадон æдасдзинады комитет, прокуратурæ, районы æмæ хъæууон администрациты кусджыты минæвæрттæ. Ныртæккæ Дзауы центры скъола – интернаты цур цы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сарæзтой, уым куыст цæуы мидæггагон куыстытыл. Уыцы иурæстæг арæзтадон фирмæ архайы хæдзæртты алфæмблай хæрзарæзт кæныныл. Уым арæзт æрцæудзæн сабиты хъазæн фæз, цæрджыты машинæтæн лæууæн бынæттæ, æмæ ма ацæргæ адæм сæ фæллад кæм уадзой, ахæм бынат дæр.

Знауыры районы цы хæдзар рæзы, уый дæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис ног азы размæ. Ам дæр къамис цы куырдиæттæ райста цæрджытæй, уыдон æхсæнæй æвзæрст æрцæудзысты  тыхсдæртæ.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.