27 ноябры Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхтæм цы ног фæлтæр бацыдысты, уыдон цытджын æгъдауæй ард бахордтой Райгуырæн бæстæйы хæрзæбонæн службæ кæныны сæраппонд. Ардбахæрды цытджын церемони уыд Хъахъхъæнынады министрады городокы æфсæддон плацы.

Ног хæстонтæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты хъахъхъæнынады министр Марат Павлов, æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли, республикæйы Ветеранты советы сæрдар Хуыбылты Руслан, хъахъхъæнынадон ведомствойы минæвæрттæ, æвзонг хæстонты хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ.

Ног хæстонтæ ард бахордтой Райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвыны тыххæй, ныфс бавæрдтой, сæ хæстон хæс аккагæй кæй æххæст кæндзысты, уый тыххæй.

Ардбахæрды церемонийы фæстæ хæстонтæн раарфæ кодта Хуыбылты Руслан, загъта сын сабыр арвы бын æнтыстджын службæйы фæндиæгтæ.

«Абонæй фæстæмæ уæ уæхсджытыл æруæз кодта вазыгджын æмæ бæрнон хæс — Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнын. Макуы ферох кæнут абоны ардбахæрд, уæ хъуыддагыл иузæрдион æмæ æнувыд ут», — загъта республикæйы Ветеранты советы сæрдар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй æвзонг хæстонтæн раарфæ кодта бæстæйы æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли.

«Уе ’ппæтæн дæр мæ фæнды фидар æнæниздзинад, æнтыстджын службæ. Уырны мæ кæй уыдзыстут Хуссар Ирыстоны аккаг минæвæрттæ», — загъта уый.

Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов куыд банысан кодта, афтæмæй ацы нысаниуæгджын бон æвзонг фæлтæр сæ царды сарæзтой ахсджиаг къахдзæф.

«Райгуырæн бæстæйыл æнувыды тыххæй ард бахæргæйæ, хæстон службæ уæ сæйраг нысаныл банымайгæйæ, сымах систут Республикæ Хуссар Ирыстоны салдаттæ. Æфсæддон службæмæ бацæугæйæ, сымахæн цæвиттойнаг хъуамæ уой уæ фыдтæ, кæцытæ сæ хуыздæр азтæ снывонд кодтой сæрибардзинадæн, фидæны фæлтæрты хæдбардзинад æмæ ирд фидæнæн», — банысан кодта Павлов.

Цытджын церемони фæцис Республикæ Хуссар Ирыстоны гимнæй æмæ æвзонг хæстонты цытджын маршы рацыдæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй дыууæ мæйы размæ æфсадмæ цы æрсидтонтæ ацыдысты, уыдон уыцы æмгъуыды рæстæджы ахуыр кодтой æфсæддон хъуыддагыл. Фæлтæрд афицертæ æмæ сын сержанттæ уагътой теоретикон æмæ практикон ахуыртæ. Æрвыл бон дæр сын кастысты лекцитæ Ирыстоны историйы æмæ монон-хæрзæгъдауы хъомылады тыххæй. Æртæ боны та сын хæстон ахуыртæ уыд, ахуыр сæ кодтой хæцæнгарзæй ар-хайын.

Нæ уацх.